30 сӕр
Йесо дзуапп дӕтты йе ’фхӕрджытӕн
ИУДЕЙАГ дины разамонджытӕ Йесойы сабатбоны фӕтк халыны хъуыддаджы куы зылын кодтой, уӕд сын уый загъта: «Мӕ Фыд нырмӕ дӕр кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын».
Фарисейтӕ куыдфӕнды ма хъуыды кӕной, уӕддӕр Йесойы хъуыддӕгтӕ нӕ халынц сабаты закъон. Йесойӕн Хуыцау бахӕс кодта хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕнын, ӕмӕ Хуыцауы фӕзмгӕйӕ, Йесо архайы алы бон дӕр. Фӕлӕ Йесойы дзуапмӕ иудейтӕ ноджы тынгдӕр смӕсты сты ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавынц. Цӕмӕн?
Уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Йесо канд сабат нӕ халы, фӕлӕ ма йӕхи Хуыцауы Фырт кӕй хоны, уымӕй Хуыцауы дӕр фауы. Фӕлӕ Йесо нӕ фӕтарст, уый сын дарддӕр дзуры, Хуыцауимӕ йын ӕнгом ахастытӕ кӕй ис. «Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын уынын кӕны Йӕхӕдӕг цы кӕны, уыдон иуылдӕр»,— зӕгъы уый.
«Уымӕн ӕмӕ Фыд куыд ӕгас кӕны мӕрдты ӕмӕ сӕ цард [куыд] бауадзы,— дзуры дарддӕр Йесо,— афтӕ Фырт дӕр ӕгас кӕны, кӕй Йӕ фӕнды, уый». Ӕцӕгдӕр, Фырт ныридӕгӕн ӕгас кӕны духовон ӕгъдауӕй мард чи у, уыдоны! «Мӕ ныхасмӕ хъусӕг ӕмӕ Мӕн Рарвитӕгыл ӕууӕндӕг,— дзуры Йесо,— ахызт мӕлӕтӕй цардмӕ». Уый дарддӕр дзуры: «Ӕрцӕуы рӕстӕг, ӕмӕ ныр райдыдта, мӕрдтӕ кӕд фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ фехъусгӕйӕ, райгас уыдзысты».
Кӕд, Йесо уӕды онг искӕй райгас кодта ӕви нӕ, уый тыххӕй никуы ис фыст, уӕддӕр йе ’фхӕрджытӕн дзуры, фидӕны кӕй уыдзӕн ахӕм райгасдзинад: «Дис ма кӕнут ууыл: уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты».
Хуыцауы фӕндоны йын ахӕм стыр ахадындзинад кӕй ис, ууыл афтӕ лӕмбынӕг ӕмӕ ӕргом никуы ма дзырдта. Фӕлӕ Йесойы ӕфхӕрджытӕн канд йӕхӕдӕг не ’вдисӕн кӕны. «Сымах ӕрвыстат Иоаннмӕ,— сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕны Йесо,— ӕмӕ уый ӕвдисӕн ныллӕууыд ӕцӕгдзинады тыххӕй».
Ӕцӕгдӕр, дыууӕ азы размӕ Аргъауӕг Иоанн дзырдта иудейаг дины разамонджытӕн, йӕ фӕстӕ Чи ’рцӕудзӕн, Уый тыххӕй. Ныр сын Йесо сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта ахӕстоны бадӕг Иоанн сӕ цӕсты куыд кадджын уыд, уый, ӕмӕ сын дзуры: «Сымах... фӕндыд чысыл рӕстӕг йӕ рухсмӕ цин кӕнын». Иоанны кой сын уый тыххӕй кӕны, цӕмӕй сын баххуыс кӕна ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна. Ӕндӕр Йесойы Иоанны ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы.
«Мӕ Фыд [Мын] цы хъуыддӕгтӕ ратта сӕххӕст кӕнын, уыцы хъуыддӕгтӕ сӕхӕдӕг [ныртӕккӕ цы диссаг сарӕзта, уый дӕр], ӕвдисӕн лӕууынц Мӕн тыххӕй, Мӕн Мӕ Фыд кӕй рарвыста» (НФ). Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесо ӕмбарын кӕны: «Мӕн Рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн ныллӕууыд Мӕн тыххӕй». Цӕвиттон, Йесо аргъуыд куы райста, уӕд Хуыцау загъта: «Уый у Мӕ Уарзон Фырт».
О, Йесойы зылынгӕнджытӕн ницы хуызы ис ныххатыргӕнӕн, йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый. Афтӕ цы Фыстадӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ йӕ лӕмбынӕг иртасынц, уый ӕвдисӕн кӕны Йесойы тыххӕй. «Сымах Моисейыл куы ӕууӕндиккат,— дзуры Йесо фӕстагмӕ,— уӕд Мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый фыста Мӕн тыххӕй. Кӕд уый фыстытыл нӕ ӕууӕндут,— уӕд куыд баууӕнддзыстут Мӕн дзырдтыл?» Иоанны 5:17—47; 1:19—27; Матфейы 3:17.
▪ Цӕмӕ гӕсгӕ нӕ халынц Йесойы хъуыддӕгтӕ сабаты закъон?
▪ Йесойӕн Хуыцауы фӕндоны цы стыр ахадындзинад ис, уый куыд равдыста?
▪ Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнынӕн кӕй ӕвдисӕнадмӕ бацамыдта?