39 сӕр
Сӕрбӕрзонд ӕмӕ сӕрныллӕг адӕм
ИОАННЫ хорздзинӕдты кой ракӕнгӕйӕ, Йесо йе ’ргом раздӕхта йӕ сӕрбӕрзонд ӕмӕ фӕлдурӕдджын ӕмдуггӕгтӕм. «Ацы мыггаг,— дзуры Йесо,— у сывӕллӕтты хуызӕн, кӕцытӕ бадынц уынджы ӕмӕ, баздӕхгӕйӕ се ’мбӕлттӕм, зӕгъынц: „мах уасыдыстӕм сымахӕн уадындзӕй ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын зарыдыстӕм ӕнкъард зарджытӕ, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“».
Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ? Уый ӕмбарын кӕны: «Ӕрцыд Иоанн, нӕ хӕры, нӕ нуазы, ӕмӕ дзурынц: „уый мидӕг ис хӕйрӕг“. Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы; ӕмӕ дзурынц: „мӕнӕ адӕймаг, кӕцы уарзы хӕрын ӕмӕ сӕн нуазын, мытӕртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынты хӕлар“».
Тынг зын у адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕуын. Алцӕмӕдӕр фау хӕссынц. Зӕд фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Иоанн «нӕ нуаздзӕн сӕн ӕмӕ карз нозт», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, уый куыд Хуыцауӕн йӕхи снывондгӕнӕг назорей, афтӕ ӕрвыста удуӕлдай цард. Ӕмӕ адӕм дзырдтой, зӕгъгӕ, уый хӕйрӕджджын у. Йесо та цӕры, иннӕ адӕм куыд цӕрынц, афтӕ, ӕмӕ йӕ ӕгъдаухалӕгыл нымайынц.
Куыд зын у, ӕвӕдза, адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕуын! Уыдон сты, сӕ хӕлӕрттӕ уадындзыл куы фӕцӕгъдынц, уӕд кафын кӕй нӕ фӕфӕнды, кӕнӕ сӕ хӕлӕрттӕ куы фӕкӕуынц, уӕд хъарӕг чи нӕ фӕкӕны, уыцы сывӕллӕтты хуызӕн. Фӕлӕ сын уӕддӕр Йесо зӕгъы: «Уӕлзонд растгонд ӕрцыд йӕ ӕппӕт сывӕллӕттӕй [«хъуыддӕгтӕй», «Нырыккон тӕлмац»]». Ӕцӕгдӕр, бӕлвырдгӕнӕнтӕ — хъуыддӕгтӕ — равдыстой, Иоанн ӕмӕ Йесойы ӕнаххосӕй кӕй зылын кӕнынц.
Ныр та Йесо уайдзӕф кӕны, йӕ диссӕгтӕн сӕ фылдӕр кӕм сарӕзта, уыцы ӕртӕ сахар Хоразин, Вифсаидӕ ӕмӕ Капернаумӕн. Уый дзуры, зӕгъгӕ, уыцы диссӕгтӕ финикиаг сахартӕ Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстаид, уӕд уыдон хъисина дарӕс ӕмӕ фӕнычы ӕрфӕсмон кодтаиккой. Йӕ лӕггаддзинады сӕйраг бынат Капернаумӕн уайдзӕфгӕнгӕйӕ, Йесо зӕгъы: «Содомы зӕххӕн ӕнцондӕр уыдзӕн дӕуӕй, тӕрхоны бон».
Уый фӕстӕ Йесо адӕмы раз скадджын кодта йӕ уӕларвон Фыды. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ахсджиаг духовон ӕцӕгдзинӕдтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй басусӕг кодта, фӕлӕ сӕ, «сывӕллӕттау» сӕрныллӕг чи сты, уыцы адӕмӕн ӕргом кӕны.
Кӕронбӕттӕны Йесо зӕрдӕбынӕй хоны: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн; райсут [«сӕвӕрут», НФ] Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ [«зӕрдӕфӕлмӕн», НФ], ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн; уымӕн ӕмӕ Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог».
Цы хуызы дӕтты Йесо ӕнцойад? Уый адӕмы сӕрибар кӕны, дины разамонджытӕ кӕй ӕрымысыдысты ӕмӕ сын фезмӕлӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы традицитӕй; зӕгъӕм, сабатбоны тыххӕй алыхуызон уагӕвӕрдтӕ. Уый ӕддейӕ Йесо ӕвдисы, политикон хицӕутты уӕззау ӕфсондзы бын чи удхар кӕны ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сӕ цӕсгом кӕмӕн судзы, уыдонӕн куыд у сӕ бон удӕнцой ссарын. Ахӕм ӕфхӕрд адӕмӕн Йесо ӕмбарын кӕны, цы ис саразӕн, цӕмӕй сын Хуыцау сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ сын йемӕ хорз ахастытӕ уа.
Йесо цы хорз ӕфсондз дӕтты, уый у Хуыцауӕн ӕххӕстӕй хи снывонд кӕнын; уый фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг Фыдӕн лӕггад кӕнын. Йесомӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн цы рог уаргъ дӕтты, уый та у цард райсыны тыххӕй Хуыцауы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын. Уыдон сты Библийы фыст фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ се ’ххӕст кӕнын бынтондӕр зын нӕу. Матфейы 11:16—30; Лукайы 1:15; 7:31—35; 1 Иоанны 5:3.
▪ Йесойы ӕмдуггаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ фӕлдурӕдджын адӕмы цӕмӕн ис сывӕллӕттимӕ абарӕн?
▪ Цы разӕнгард кӕны Йесойы йӕ уӕларвон Фыды скадджын кӕнынмӕ?
▪ Адӕмыл цавӕр уӕззау уӕргътӕ ис ӕмӕ сын Йесо ӕнцойдзинад цы хуызы дӕтты?