64 сӕр
Хатыр кӕныны цӕвиттон
ӔВӔЦЦӔГӔН Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ нырма ис Капернаумы, хӕдзары. Ӕфсымӕрты ’хсӕн сӕвзӕргӕ быцӕудзинӕдтӕ куыд скъуыддзаг кӕнын хъӕуы, ууыл ныхас куы фесты, уӕд Петр Йесойы фӕрсы: «Хицау! цал хатты хатыр кӕнон мӕ ныхмӕ тӕригъӕдгӕнӕг ӕфсымӕрӕн?» Иудейты дины ахуыргӕнджытӕ авд хатты онг кӕй уынаффӕ кӕнынц хатыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ Петр стыр барондзинадыл нымайы зӕгъын: «Авд хатты онг?»
Цал хатты ныххатыр кӕндзынӕ, ӕрмӕст уый нымайын дӕр раст нӕу. Ӕмӕ Йесо бараст кодта Петры: «Нӕ зӕгъын дӕуӕн: „авды онг“, фӕлӕ ӕвдайтӕй авд хатты онг». Уымӕй ӕвдисы, Петр йе ’фсымӕрӕн цал хатты хъуамӕ ныххатыр кӕна, уымӕн нымӕц кӕй нӕй.
Хатыр кӕнын ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хӕс кӕй у, уый равдисынӕн Йесо ӕрхаста фӕсномыг ныхас. Уым дзырд цӕуы, йӕ цагъартӕй йӕ хӕстӕ райсын чи сфӕнд кодта, ахӕм паддзахыл. Ӕрбакодтой йӕм, тынг бирӕ ӕхца — дӕс мин таланты (60 000 000 динарийы) — дзы чи дары, уыцы цагъары. Фӕлӕ уымӕн йӕ бон нӕу йӕ хӕс бафидын. Ӕмӕ уӕд, Йесо куыд дзуры, афтӕмӕй паддзах бардзырд ратта, цӕмӕй йын йӕхи дӕр, йӕ усы дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр ауӕй кӕной ӕмӕ афтӕмӕй хӕс фыст ӕрцӕуа.
Уӕд цагъар хицауы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Паддзах! банхъӕлмӕ мӕм кӕс, ӕмӕ дын сӕ иуылдӕр бафиддзынӕн».
Хицау ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын уыцы стыр хӕс ныххатыр кодта. Уый фӕстӕ, дзуры дарддӕр Йесо, цагъар сӕмбӕлд йӕхи хуызӕн цагъарыл, уый дзы хӕсджын уыд дӕлӕмӕдӕр-уӕлӕмӕдӕр 100 динарийы. Уый йӕ ӕрцахста, йӕ хурхыл ын бахӕцыд ӕмӕ йын дзуры: «Ратт мӕнӕн, цы мӕ дарыс, уый».
Уыцы цагъармӕ ӕхца нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрхауд йӕ ӕфстаудӕттӕджы раз ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Банхъӕлмӕ мӕм кӕс, ӕмӕ дын сӕ иуылдӕр бафиддзынӕн». Фӕлӕ йӕ хицауӕй хъауджыдӕр цагъар нӕ фӕтӕригъӕд кодта йӕхи хуызӕн цагъарӕн ӕмӕ йӕ ахӕстоны ныппӕрста.
Йесо дарддӕр дзуры, уый иннӕ цагъартӕ кӕй федтой ӕмӕ йӕ сӕ хицауӕн кӕй фехъусын кодтой. Хицау смӕсты ӕмӕ цагъары ӕрбакӕнын кодта. «Фыдзӕрдӕ цагъар! — дзуры йын уый,— Уыцы хӕс ӕппӕт дӕр ӕз бахатыр кодтон дӕуӕн, уымӕн ӕмӕ ды балӕгъстӕ кодтай мӕнӕн; нӕ дын ӕмбӕлд дӕ ӕмбалӕн ныххатыр кӕнын, ӕз дын куыд ныххатыр кодтон, афтӕ?» Хицау афтӕ смӕсты, ӕмӕ уыцы дурзӕрдӕ цагъары ратта ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕм, цалынмӕ йын йӕ хӕс иуылдӕр нӕ бафида, уӕдмӕ.
Йесо фӕуд кӕны йӕ ныхас: «Афтӕ Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр бакӕндзӕн сымахимӕ, алчидӕр уӕ зӕрдӕйӕ куы нӕ бахатыр кӕна йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ, уӕд».
Хатыр кӕныны диссаджы цӕвиттон! Хуыцау нын цы стыр тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, уыимӕ абаргӕйӕ, нӕ чырыстон ӕфсымӕр нӕ ныхмӕ цыфӕнды стыр рӕдыд ма ракӕна, уӕддӕр ницы у. Уымӕй уӕлдай нын Иегъовӕ Хуыцау ныридӕгӕн мин хатты ныххатыр кодта. Арӕх кӕм фӕрӕдийӕм, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ не ’фсымӕр бирӕ хӕттыты куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр ын цымӕ нӕ ныххатыр кӕндзыстӕм? Дӕ зӕрдыл дар, Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау афтӕ кӕй ‘ныххатыр кӕндзӕн нӕ хӕстӕ махӕн, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд хатыр кӕнӕм’. Матфейы 18:21—35; 6:12; Колоссӕгтӕм 3:13.
▪ Цы сразӕнгард кодта Петры, йе ’фсымӕрӕн цал хатты хъуамӕ ныххатыр кӕна, уый тыххӕй бафӕрсынмӕ ӕмӕ авд хатты онг хатыр кӕнын стыр барондзинадыл цӕмӕн нымайы?
▪ Паддзахыл куыд бандӕвта, йӕ цагъар ын кӕй лӕгъстӕ кодта, уый ӕмӕ уыцы цагъар та, йӕхи хуызӕн цагъары лӕгъстӕ фехъусгӕйӕ, цы бакодта?
▪ Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Йесойы фӕсномыг ныхас?