64 СӔР
Цӕмӕн хъӕуы хатыр кӕнын?
АВД ХАТТЫ ХЪӔУЫ НЫХХАТЫР КӔНЫН?
ФӔСНОМЫГ НЫХАС ДУРЗӔРДӔ ЦАГЪАРЫ ТЫХХӔЙ
Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, дыууӕ ӕфсымӕры ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд хъуамӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлой ӕмӕ фарста афтӕмӕй аскъуыддзаг кӕной. Уыцы уынаффӕ Петр дӕр фехъуыста, фӕлӕ йӕ уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, базонын фӕндыд, афтӕ цал хатты хъуамӕ бакӕна, уый.
Гъемӕ Йесойы бафарста: «Хицау, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты?» Дины разамонджытӕй чидӕртӕ амыдтой, адӕймаг ӕртӕ хатты кӕй хъуамӕ ныххатыр кӕна. Уымӕ гӕсгӕ Петр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ме ’фсымӕрӕн «авд хатты» куы ныххатыр кӕнон, уӕд уый кӕуылты у! (Матфейы 18:21).
Фӕлӕ, адӕймаг дӕ разы цал хатты фӕрӕдыд, уый нымайын, Йесойы ахуырадмӕ гӕсгӕ, раст нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Йесо Петры зондахаст бараст кодта: «Зӕгъын дын: авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты» (Матфейы 18:22). Ӕндӕр ныхасӕй – ӕнӕнымӕц хатты, ӕдзухдӕр. Петр хъуамӕ йе ’фсымӕрӕн ныххатыр кодтаид, цал хатты бахъуыдаид, уал хатты.
Стӕй Йесо Петрӕн ӕмӕ иннӕтӕн радзырдта иу фӕсномыг ныхас, цӕмӕй сын сӕ зонды ныффидар кодтаид, иннӕтӕн хатыр кӕнын хӕсджын кӕй сты, уыцы хъуыды. Радзырдта сын, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хицауы чи нӕ бафӕзмыдта, ахӕм цагъары тыххӕй. Паддзах сфӕнд кодта йӕ цагъартӕй йӕ хӕс райсын. Иу дзы тынг бирӕ дардта – 10 мин таланты [60 милуан динары]. Фӕлӕ сӕ цӕмӕй бафыстаид, уый йӕм нӕ уыд. Ӕмӕ уӕд паддзах бардзырд радта, цӕмӕй уыцы цагъарӕн йӕхи дӕр, йӕ усы дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр ауӕй кодтаиккой, ӕмӕ йӕ хӕс уымӕй бафыстаид. Цагъар уый куы фехъуыста, уӕд йӕ хицауы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын иууылдӕр бафиддзынӕн» (Матфейы 18:26).
Паддзах йӕ цагъарӕн фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йын уыцы стыр хӕс ныххатыр кодта. Уый фӕстӕ уыцы цагъар паддзахы разӕй рацыд ӕмӕ ссардта, 100 динары дзы чи дардта, уыцы адӕймаджы – йӕхи хуызӕн цагъары. Мӕгуыр цагъарӕн йӕ хурхыл бахӕцыд, «цы мӕ дарыс, уый мын бафид», зӕгъгӕ. Уӕд уыцы цагъар йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын дӕ хӕс бафиддзынӕн» (Матфейы 18:28, 29). Фӕлӕ, паддзах йе стыр хӕс кӕмӕн ныххатыр кодта, уыцы цагъар йӕ хицауы нӕ бафӕзмыдта. Кӕд дзы иннӕ цагъар, йӕхӕдӕг паддзахӕй цас дардта, уымӕй бирӕ къаддӕр дардта, уӕддӕр ӕй ахӕстоны бакӕнын кодта, цалынмӕ йын йӕ хӕс нӕ бафыстаид, уӕдмӕ.
Уый фӕстӕ Йесо радзырдта, уыцы цагъар куыд дурзӕрдӕ разынд, уый иннӕ цагъартӕ куы федтой, уӕд кӕй ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр сӕ хицауӕн кӕй радзырдтой. Паддзах мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ уыцы цагъары ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йын загъта: «Саузӕрдӕ цагъар, ды мын куы ныллӕгъстӕ кодтай, уӕд дын ӕз дӕ хӕс иууылдӕр нӕ ныххатыр кодтон? Ӕз дӕуӕн куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ дӕуӕн дӕр не ’мбӕлди де ’мбал цагъарӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?» Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ цагъары ахӕстонгӕсты къухмӕ радта, цалынмӕ йӕ хӕс иууылдӕр нӕ бафыстаид, уӕдмӕ. Фӕстагмӕ Йесо загъта: «Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн дӕр мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ хатыр кӕна, уӕд» (Матфейы 18:32–35).
Диссаджы цӕвиттон, хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уымӕн! Хуыцау махӕй алкӕмӕн дӕр цы тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уыдон стыр хӕсӕй уӕлдай не сты. Уӕдӕ не ’фсымӕр нӕ разы цыфӕнды тӕригъӕд ма сараза, уӕддӕр уый, Хуыцау махӕн цас ныххатыр кодта, уыимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы у. Стӕй нын Йегъовӕ иу хатт нӕ ныххатыр кодта, фӕлӕ цал ӕмӕ цал мин хатты, уый банымайӕн дӕр нӕй. Ӕмӕ уӕд махӕн нӕ бон нӕу не ’фсымӕрӕн цалдӕр хатты ныххатыр кӕнын, истӕмӕй-иу нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд дӕр? Йесо йӕ зындгонд раныхасы загъта, зӕгъгӕ нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕндзӕн, «мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ» (Матфейы 6:12).