67 сӕр
Нӕ сын ӕнтысы Йесойы ӕрцахсын
ХАЛАГЪУДТЫ бӕрӕгбон ма куы уыд, уӕд дины разамонджытӕ сӕ кусджыты арвыстой Йесойы ӕрцахсынмӕ. Уый йӕхи не ’мбӕхсы, фӕлӕ адӕмӕн ӕргом дзуры: «Бирӕ нал фӕуыдзынӕн сымахимӕ, ӕмӕ ацӕудзынӕн Мӕ Рарвитӕгмӕ; агурдзыстут Мӕн ӕмӕ не ссардзыстут, ӕмӕ Ӕз кӕм уыдзынӕн, уырдӕм сымах бон нӕу бацӕуын».
Иудейтӕ уыцы ныхӕсты нысаниуӕг кӕй не ’мбарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Кӕдӕм фӕнды Уый цӕуын, мах Ӕй куыд не ссарӕм афтӕ? Кӕд мыййаг нӕ адӕм, Еллинтӕ хӕлиугондӕй кӕм цӕрынц, уырдӕм фӕнды, цӕмӕй Еллинты ахуыр кӕна? Цы амонынц, Уый кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: „агурдзыстут Мӕн ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут; ӕмӕ Ӕз кӕм уон, уырдӕм сымах бон нӕ уыдзӕн ӕрцӕуын“?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо, тагъд рӕстӕджы йӕ кӕй амардзысты ӕмӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн, уый кой кӕны. Ӕмӕ уырдӕм та йе знӕгтӕн сӕ бон нӕу ссӕуын.
Ӕрхӕццӕ бӕрӕгбоны фӕстаг, ӕвдӕм, бон. Бӕрӕгбоны рӕстӕджы-иу сауджын алы райсом дӕр Силоамы найӕнӕй цы дон систа, уый-иу афтӕ акалдта, ӕмӕ иу нывондхӕссӕны бынмӕ тагъд. Ӕвӕццӕгӕн адӕмӕн уыцы ӕрвылбонон ӕгъдаумӕ амонгӕйӕ, Йесо хъӕрӕй дзуры: «Дойны кӕмӕн у, ӕрцу Мӕнмӕ ӕмӕ нуаз; Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн, куыд загъд ис Фысты, йӕ гуыбынӕй ракӕлдзысты ӕгас цӕугӕдӕттӕ».
Ам Йесо дзуры, иннӕ аз Фӕндзайӕм бон ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уымӕн диссаджы фӕстиуджытӕ кӕй уыдзӕн. Ӕгас цӕугӕдӕттӕ цӕуын райдыдтой, 120 ахуыргӕнинаджы адӕмӕн хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Фӕлӕ уӕдмӕ сыгъдӕг уд нӕма уыд, ома Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй сыгъдӕг удӕй сӕрст ничи ма уыд ӕмӕ уӕларвон цардмӕ хуынд ничи ма ӕрцыд.
Йесо адӕмы куыд ахуыр кӕны, уый уынгӕйӕ, иуӕй-иутӕ дзурынц: «Уый бӕлвырд пехуымпар у», ӕмӕ уыцы пехуымпарыл та, ӕвӕццӕгӕн, нымайынц ӕрцӕуинаг стырдӕр Моисейы. Иннӕтӕ та дзурынц: «Уый Чырысти у». Фӕлӕ ӕртыккӕгтӕ сӕ ныхмӕ цӕуынц: «Исты Галилейӕ ӕрцӕудзӕн Чырысти? Афтӕ загъд нӕй Фысты, Чырысти кӕй ӕрцӕудзӕн Давиды мыггагӕй ӕмӕ Вифлеемӕй, Давид кӕцӕй уыд, уыцы бынатӕй?»
Афтӕмӕй адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ систы. Иуӕй-иуты фӕнды Йесойы ӕрцахсын, фӕлӕ йӕм сӕ ныфс нӕ хӕссынц. Кусджытӕ Йесойы семӕ куы не ’рбакодтой, уӕд сӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ фӕрсынц: «Цӕуылнӕ йӕ ӕркодтат?» (НФ).
«Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ма дзырдта адӕймаг»,— дзуапп раттой кусджытӕ.
Дины разамонджытӕ тынг смӕсты сты ӕмӕ сыл худын райдыдтой; сӕ ныхӕстӕ сын зыгъуыммӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ хынджылӕг кӕнынц: «Ӕцӕг сымах дӕр бабӕллыдыстут [«сымах дӕр афӕлывта», НФ]? Баууӕндыд Ууыл исчи сӕргълӕуджытӕй, кӕнӕ фарисейтӕй? Фӕлӕ ацы адӕм, закъон нӕ зонӕг, ӕлгъыст у».
Уыцы ныхӕстӕм Никодим, иудейты хицӕуттӕй сӕ иу (синедрионы уӕнг) ӕмӕ фарисей, йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ӕргом Йесойы фарс рахӕцыд. Чи зоны ма хъуыды кӕныс, дыууӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ уый ӕхсӕвы Йесомӕ кӕй бацыд ӕмӕ йыл кӕй баууӕндыд, уый кӕй раргом кодта. Ныр та Никодим дзуры: «Нӕ закъон тӕрхон кӕны мыййаг адӕймагӕн, раздӕр ӕм куы нӕ байхъусой ӕмӕ базоной, цы кӕны, уый?»
Сӕхицӕй иу адӕймаджы Йесойы сӕрыл дзургӕ куы федтой, уӕд фарисейтӕ ноджы тынгдӕр смӕсты сты. «Ды дӕр Галилейӕ нӕ дӕ?— фидис ын кӕнынц уыдон,— ӕркӕс ӕмӕ фендзынӕ, Галилейӕ кӕй нӕ ӕрцӕуы пехуымпар».
Кӕд Фыстад комкоммӕ нӕ дзуры, пехуымпар Галилейӕ кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа, уӕддӕр «стыр рухс» уыцы бӕстӕй кӕй фӕзындзӕн, ууыл дзургӕйӕ, Хуыцауы Ныхас амоны, Чырысти уырдыгӕй кӕй ӕрцӕудзӕн. Уымӕй уӕлдай куыд Давиды байзӕддаг, афтӕ Йесо райгуырд Вифлеемы. Кӕд фарисейтӕ уыцы хабар зонынц, уӕддӕр адӕмы ’хсӕн Йесойы тыххӕй ахӕм дам-думтӕ парахат кӕнынц. Иоанны 7:32—52; Исай 9:1, 2; Матфейы 4:13—17.
▪ Бӕрӕгбоны рӕстӕджы хистӕр сауджын алы райсом дӕр цы арӕзта ӕмӕ Йесо уымӕ йӕ хъус куыд ӕрдардта?
▪ Кусджытӕ Йесойы цӕуылнӕ ӕрцахстой ӕмӕ уый дины разамонджытыл куыд бандӕвта?
▪ Чи у Никодим, цавӕр ахаст ын ис Йесомӕ ӕмӕ йӕм иннӕ фарисейтӕ та цы цӕстӕй кӕсынц?
▪ Чырысти Галилейӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?