68 сӕр
Ӕвдӕм бон Йесо дарддӕр амоны
ХАЛАГЪУДТЫ бӕрӕгбоны фӕстаг, ӕвдӕм, бон нӕма фӕци. Йесо ахуыр кӕны кувӕндоны, «хӕзнадон» кӕй хонынц, уым. Уый, ӕвӕццӕгӕн, ис сылгоймӕгты кӕрты, мысайнӕгты асыччытӕ кӕм сты, уым.
Бӕрӕгбоны рӕстӕджы уыцы бынаты ӕхсӕвыгон вӕййы тынг рухс. Уым сӕвӕрынц цыппар стыр рухсгӕнӕны. Алкӕцыйы дӕр дзы вӕййы зетийӕ дзаг цыппар къусы. Уыцы 16 къусы цы зети фӕсудзы, уый ӕхсӕвыгон дардыл фӕрухс кӕны. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕ, чи йӕм хъуыста, уыдон зӕрдыл, ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕууын кодтой уыцы рухс. «Ӕз [дӕн] рухс дунейӕн,— дзуры Йесо,— чи рацӕуа Мӕ фӕстӕ, уый нӕ цӕудзӕн талынджы, фӕлӕ йӕм уыдзӕн царды рухс».
Фӕлӕ йын фарисейтӕ зӕгъынц: «Ды Дӕхӕдӕг Дӕхи тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыс, Дӕу ӕвдисӕнад ӕцӕг нӕу».
Йесо сын дзуапп дӕтты: «Кӕд Ӕз Мӕхӕдӕг Мӕхи тыххӕй лӕууын ӕвдисӕн, Мӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ Ӕз зонын, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын; сымах та нӕ зонут, кӕцӕй Дӕн Ӕз, ӕмӕ кӕдӕм цӕуын». Ӕмӕ уый фӕстӕ зӕгъы: «Ӕз Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууын Мӕхи тыххӕй ӕмӕ ӕвдисӕнад кӕны Мӕн тыххӕй Мӕн Рарвитӕг Фыд дӕр».
«Кӕм ис Дӕ Фыд?» — фӕрсынц ӕй фарисейтӕ.
«Сымах нӕ зонут нӕдӕр Мӕн, нӕдӕр Мӕ Фыды; Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат»,— дзуапп ратта Йесо. Кӕд фарисейтӕ Йесойы ӕрцахсынмӕ хъавынц, уӕддӕр ӕм нырма йӕ ныфс ничи хӕссы.
«Ӕз цӕуын,— ногӕй та дзуры Йесо.— Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымах бон нӕу ӕрцӕуын».
Уӕд иудейтӕ дисы бафтыдысты: «Ӕцӕг цымӕ Уый Йӕхӕдӕг Йӕхи амардзӕн, афтӕ куы зӕгъы: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымах бон нӕу ӕрцӕуын“?»
«Сымах стут дӕллӕгтӕй,— ӕмбарын кӕны Йесо,— Ӕз та уӕллӕгтӕй; сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз нӕ дӕн ацы дунейӕ». Ӕмӕ сын уый фӕстӕ зӕгъы: «Куы нӕ баууӕндат, уый Ӕз кӕй дӕн, ууыл, уӕд амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдты».
Ацы ныхӕстӕй Йесо амоны, адӕймаг цалынмӕ не сси, уӕдмӕ уӕларвыл кӕй цард ӕмӕ зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕнӕ Чырысти кӕй у, уымӕ. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр уыдон ӕнӕрвӕссонӕй фӕрсынц: «Уӕдӕ чи Дӕ?»
Сӕхи йыл кӕй атигъ кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын Йесо дзуапп дӕтты: «Цы дзуринаг ис, раст зӕгъгӕйӕ, Мӕнӕн сымахимӕ?» («Ног фӕдзӕхсты ног тӕлмац»). Фӕлӕ уӕддӕр дзуры: «Мӕ Рарвитӕг у ӕцӕг, ӕмӕ Ӕз цы фехъуыстон Уымӕй, уый дзурын дунейӕн». Уый фӕстӕ та зӕгъы: «Куы сисат Адӕймаджы Фырты, уӕд базондзыстут, уый Ӕз кӕй Дӕн ӕмӕ Мӕхицӕй кӕй ницы кӕнын, фӕлӕ куыд сахуыр кодта Мӕн Мӕ Фыд, афтӕ [кӕй] дзурын; Мӕ Рарвитӕг ис Мемӕ; Фыд нӕ ныууагъта Мӕн иунӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕдзухдӕр Уымӕн фӕндон цы у, уый кӕнын».
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Ӕмӕ ныр растдӕр уыдонӕн дзуры: «Мӕн ныхасы мидӕг куы уат, уӕд сымах ӕцӕг стут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ ӕцӕгад скӕндзӕн сымах сӕрибар».
«Мах стӕм Авраамы мыггаг,— дзурынц йӕ ныхмӕлӕуджытӕ,— ӕмӕ цагъартӕ никӕд никӕмӕн уыдыстӕм; куыд зӕгъыс Ды: „суыдзыстут сӕрибар“?»
Кӕд-иу иудейтӕ арӕх ӕцӕгӕлон паддзӕхты дзӕмбыты бын уыдысты, уӕддӕр иу ӕфхӕрӕджы дӕр нӕ нымайынц сӕ хицауыл. Цагъартӕ сӕ хоной, уый сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц. Фӕлӕ сын Йесо амоны, ӕцӕгдӕр цагъартӕ кӕй сты. Цы хуызы? «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: алкӕцы, тӕригъӕд чи кӕны, уый у тӕригъӕды цагъар».
Тӕригъӕды цагъартӕ кӕй сты ӕмӕ йыл кӕй нӕ сӕттынц, уымӕй иудейтӕ сӕхи ӕвӕрынц тӕссаг уавӕры. «Цагъар хӕдзары мыггагмӕ нӕ вӕййы: фырт вӕййы мыггагмӕ»,— ӕмбарын сын кӕны Йесо. Цагъарӕн бын райсыны бар кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ йын кӕцыфӕнды сахат дӕр тӕссаг у асурынӕй. Ӕцӕгӕй хӕдзары чи райгуырд кӕнӕ кӕнгӕ фырт чи у, ӕрмӕстдӕр уый баззайдзӕн «мыггагмӕ», ома цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ.
«Уӕдӕ Фырт куы ссӕрибар кӕна сымах, уӕд ӕцӕг сӕрибар уыдзыстут»,— дзуры дарддӕр Йесо. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы сӕрибаргӕнӕг ӕцӕгад у Фырты, Йесо Чырыстийы, тыххӕй ӕцӕгад. Йесо йе ’ххӕст адӕймагон цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис мӕлӕтхӕссӕг тӕригъӕдӕй фервӕзӕн. Иоанны 8:12—36.
▪ Кӕм амыдта Йесо ӕвдӕм бон? Цы вӕййы уым ӕхсӕвыгон ӕмӕ йӕм Йесо куыд бацамыдта?
▪ Цы дзуры Йесо йӕ равзӕрды тыххӕй ӕмӕ уыцы ныхӕстӕй, чи у, уый куыд бӕрӕг кӕны?
▪ Иудейтӕ цы хуызы сты цагъартӕ, фӕлӕ сӕ цавӕр ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн?