81 сӕр
Ногӕй та хъавынц Йесойы марынмӕ
ЗЫМӔГ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йесо ис кувӕндоны ӕмбӕрзт хайы, хонынц ӕй Соломоны тыргъ. Уым ыл иудейтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын дзурынц: «Бирӕ ма дардзынӕ Ды мах дызӕрдыгдзинады? кӕд Ды Чырысти дӕ, уӕд нын комкоммӕ зӕгъ».
«Ӕз загътон сымахӕн,— дзуапп дӕтты Йесо,— ӕмӕ уӕ нӕ уырны». Йесо цъайы цур самариаг сылгоймагӕн йӕхи куыд раргом кодта, афтӕ сын комкоммӕ нӕ загъта, Чырысти кӕй у. Фӕлӕ сын уӕддӕр, уӕларвӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ Авраамӕй дӕр раздӕр кӕй цард, уый бамбарынгӕнгӕйӕ, йӕхи бӕлвырд бацамыдта.
Йесойы фӕнды, цӕмӕй, цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон, Библи Чырыстийы хъуыддӕгты тыххӕй цы дзуры, уыимӕ абаргӕйӕ, адӕм сӕхӕдӕг бамбарой, уый кӕй у Чырысти. Гъе уый тыххӕй бафӕдзӕхста раздӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр, цӕмӕй макӕмӕн дзурой, уый кӕй у Чырысти. Уымӕ гӕсгӕ фыдзӕрдӕ иудейтӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕнын Ӕз, уыдон ӕвдисӕн лӕууынц Мӕныл; фӕлӕ сымах не ’ууӕндут».
Цӕуылнӕ ӕууӕндынц? Йесо Чырысти кӕй у, уымӕн фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй? Нӕ, Йесо дзуры, йӕ аххосаг цӕй мидӕг ис: «Сымах Мӕн фыстӕй не стут... Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ Ӕз зонын уыдоны, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕстӕ, ӕмӕ Ӕз дӕттын уыдонӕн мыггагмӕйы цард, ӕмӕ мыггагмӕ нӕ фесӕфдзысты, ӕмӕ ничи аскъӕфдзӕн уыдоны Мӕ къухӕй; Мӕ Фыд, Кӕцы ратта уыдоны Мӕнӕн, ӕппӕтӕй стылдӕр у, ӕмӕ никӕйы бон у Мӕ Фыды къухӕй уыдоны аскъӕфын».
Уый фӕстӕ, йӕ Фыдимӕ йын цы ӕнгом ахастытӕ ис, уыдоны тыххӕй дзуры: «Ӕз ӕмӕ Фыд — иу стӕм». Йесо зӕххыл кӕй ис, йӕ Фыд та уӕларвыл, уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг у, уыдон комкоммӕ, ома буарӕй кӕй не сты иу. Фӕлӕ сын уыцы ныхӕстӕй Йесо амоны, уыдон кӕддӕриддӕр ӕмзонд ӕмӕ ӕмвӕндӕй кӕй архайынц.
Иудейтӕ афтӕ тынг смӕсты сты Йесойы ныхӕстӕм, ӕмӕ цалдӕр мӕйы размӕ Халагъудты бӕрӕгбоны куыд бакодтой, афтӕ та йӕм ныр дӕр дуртӕ систой. Йесойы марынмӕ чи хъавы, уыдонӕн уый комкоммӕ дзуры: «Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ равдыстон Ӕз сымахӕн Мӕ Фыдӕй; уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй уӕ фӕнды Мӕн дуртӕй амарын?»
«Хорз хъуыддаджы тыххӕй нӕ хъавӕм Дӕу дуртӕй амарынмӕ,— дзуапп дӕттынц уыдон,— фӕлӕ Хуыцауы фауындзинады тыххӕй ӕмӕ Ды адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй кӕныс». Йесо куы никуы загъта, зӕгъгӕ, уый Хуыцау у, уӕд иудейтӕ цӕмӕн афтӕ дзурынц?
Ӕвӕццӕгӕн Хуыцауӕн йӕ бон цы у аразын, уый Йесо йӕхиуыл кӕй фыссы, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Цӕвиттон, гыццыл раздӕр Йесо «фысты» тыххӕй загъта: «Ӕз дӕттын уыдонӕн мыггагмӕйы цард», ӕмӕ уый саразын та адӕймагӕн нӕу йӕ бон. Фӕлӕ иудейтӕ не ’мбарынц, Йесойӕн уыцы бар йӕ Фыд кӕй ратта, уый сӕ кӕй нӕ басусӕг кодта.
Йесо Хуыцауӕй дӕлдӕр кӕй у, уый бамбарын кӕнынӕн дӕтты ахӕм фарст: «Фыст нӕй уӕ закъоны [Псалмы 81:6]: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ“? Кӕд Уый схуыдта хуыцӕуттӕ уыдоны, кӕцытӕм уыд Хуыцауы дзырд... Уӕд Фыд Кӕй ныссыгъдӕг кодта ӕмӕ дунемӕ [кӕй] рарвыста, Уымӕн зӕгъут сымах: „Хуыцауы фауыс“, уымӕн ӕмӕ Ӕз загътон: „Ӕз Хуыцауы Фырт [дӕн]“?»
Кӕд Сыгъдӕг Фыстад ӕнӕраст зӕххон тӕрхонгӕнджыты дӕр «хуыцӕуттӕ» хоны, уӕд иудейтӕ цӕмӕн зылын кӕнынц Йесойы йӕ ныхӕсты тыххӕй, «Ӕз Хуыцауы Фырт [дӕн]», зӕгъгӕ? Дарддӕр Йесо дзуры: «Кӕд Ӕз Мӕ Фыды хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, ма ӕууӕндут Мӕныл; фӕлӕ кӕд кӕнын, уӕд, кӕд Мӕныл не ’ууӕндут, уӕддӕр ӕууӕндут Мӕ хъуыддӕгтыл, цӕмӕй базонат ӕмӕ баууӕндат, Фыд Мӕн мидӕг кӕй ис, Ӕз та Уый мидӕг».
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, иудейтӕ хъавынц Йесойы ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Халагъудты бӕрӕгбоны куыд уыд, афтӕ та ныр дӕр уый сӕ къухы нӕ бафтыд. Йесо Иерусалимӕй рацыд ӕмӕ араст Иорданы фаллаг фарсмӕ, Иоанн цыппар азы размӕ аргъауын кӕм райдыдта, уырдӕм. Ӕвӕццӕгӕн уыцы бынат ис Галилейы денджызмӕ хӕстӕг, хуссарварс; Иерусалимӕй уырдӕм у иу-дыууӕ боны цыд.
Уым бирӕ адӕм цӕуы Йесомӕ ӕмӕ йын дзурынц, «Иоанн кӕй ницы диссаг сарӕзта; фӕлӕ ӕппӕт цы загъта Иоанн Уый тыххӕй, уыдон сты ӕцӕг». Уымӕ гӕсгӕ ам бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Иоанны 10:22—42; 4:26; 8:23, 58; Матфейы 16:20.
▪ Йесо Чырысти кӕй у, уый адӕм куыд хъуамӕ базыдтаиккой?
▪ Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иу цы хуызы сты?
▪ Иудейтӕ цӕмӕн дзурынц, зӕгъгӕ, Йесо йӕхи Хуыцау кӕны?
▪ Йесо Псалмӕй цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдон куыд ӕвдисынц, Хуыцауы ӕмсӕр йӕхи кӕй нӕ кӕны?