74 сӕр
Уынаффӕ Марфӕйӕн ӕмӕ амындтӕ куывды тыххӕй
ЙЕСО Иудейы куы хъусын кодта, уӕд бацыд Вифанимӕ. Уым цӕрынц Марфӕ, Мариа ӕмӕ се ’фсымӕр Лазӕр. Йесо ма, ӕвӕццӕгӕн, уый размӕ дӕр сӕмбӕлд ацы ӕртӕ адӕймагимӕ ӕмӕ афтӕмӕй сси се ’ввахс хӕлар. Йесо бацыд Марфӕйы хӕдзармӕ, ӕмӕ йыл уый тынг зӕрдиагӕй баузӕлыд.
Марфӕ ницӕуыл ауӕрды, хорзӕй йӕм цыдӕриддӕр ис, уый Йесойы раз ӕвӕры. Уӕвгӕ, Мессиа дӕ уазӕг уа, уый стыр кад куыннӕ у! Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн куыд хуыздӕр ӕмӕ ӕхцондӕр уа, ууыл архайгӕйӕ, Марфӕ цӕттӕ кӕны бирӕ алыхуызон хӕринӕгтӕ.
Марфӕйы хо Мариа та Йесойы къӕхты раз сбадт ӕмӕ йӕм хъусы. Гыццыл фӕстӕдӕр Марфӕ ӕрбацыд ӕмӕ Йесойӕн дзуры: «Хицау! ӕви Ды нӕ тыхсыс, мӕ хо мӕн иунӕгӕй кӕй ныууагъта лӕггад кӕнынмӕ? зӕгъ ма йын, цӕмӕй фӕкӕса мӕнмӕ».
Фӕлӕ Йесо ницы загъта Мариайӕн. Уый бӕсты Марфӕйӕн уынаффӕ кӕны, цӕмӕй буары хъуыддӕгтыл ӕгӕр тынг ма тыхса. «Марфӕ! Марфӕ! — фӕлмӕнӕй йын амоны Йесо. — Ды мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс бирӕ цӕуылдӕртыл, фӕлӕ ӕрмӕст иу хъӕуы». Йесо дзуры, хӕринӕгтӕ ӕрцӕттӕ кӕнынӕн афтӕ бирӕ рӕстӕг кӕй не ’мбӕлы хардз кӕнын. Цалдӕр, гъе та иу хӕринаг дӕр фаг у.
Марфӕ хорз фӕндӕттӕй архайы; фӕнды йӕ Йесойы хорз суазӕг кӕнын. Фӕлӕ материалон хъуыддӕгтыл афтӕ тынг кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ йын нӕй фадат, цӕмӕй йӕ Хуыцауы Фырт йӕхӕдӕг сахуыр кӕна. Уый тыххӕй Йесо кӕронбӕттӕны зӕгъы: «Мариа та равзӕрста хуыздӕр хай, кӕцы уымӕй ист не ’рцӕудзӕн».
Фӕстӕдӕр, ӕндӕр уавӕры, ахуыргӕнинӕгтӕй иу дзуры Йесойӕн: «Хицау! сахуыр кӕн мах кувын, Иоанн куыд сахуыр кодта йӕ ахуыргӕнинӕгты, афтӕ». Ӕвӕццӕгӕн, афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ Уӕлхох уацамынды Йесо куывды дӕнцӕг куы ратта, уӕд уыцы ахуыргӕнинаг уым нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Йесо фӕлхат кӕны йӕ амындтӕ ӕмӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй ӕвдисы, кувын зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы.
«Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн куы уа хӕлар ӕмӕ йӕм ӕмбисӕхсӕв куы бацӕуа ӕмӕ куы зӕгъа уымӕн: „мӕ хӕлар! ратт мын ӕфстау ӕртӕ дзулы, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕлар фӕндагӕй ӕрбацыд мӕнмӕ, ӕмӕ йын цы раттон, уый нӕй“; уый та мидӕгӕй зӕгъдзӕн уымӕн дзуаппӕн: „ма тыхсын кӕн мӕн, дуар ныр ӕхгӕд у, ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ мемӕ сты хуыссӕны; нӕу мӕ бон сыстын ӕмӕ дӕуӕн раттын“. Зӕгъын сымахӕн, куы нӕ сыста ӕмӕ сӕ хӕлардзинадмӕ гӕсгӕ куы нӕ ратта уымӕн, уӕддӕр дзы тыхкуырд кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ, сыстгӕйӕ ратдзӕн уымӕн, цас кура, уый бӕрц».
Ацы цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй Йесо уый зӕгъинаг нӕу, ӕмӕ уыцы хӕларау Иегъовӕ Хуыцауы дӕр кӕй нӕ фӕнды адӕймаджы лӕгъстӕ фехъусын. Нӕ, Йесойы уый равдисын фӕнды, ӕмӕ кӕд уыцы фыдзӕрдӕ адӕймагмӕ дӕр бахъардта йӕ хӕлары зӕрдиаг лӕгъстӕ, уӕд нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд та ноджы тагъддӕр кӕй ратдзӕн дзуапп. Уымӕ гӕсгӕ Йесо дарддӕр дзуры: «Курут, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзӕн; агурут, ӕмӕ ссардзыстут; хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты; уымӕн ӕмӕ алкӕцы курӕг райсы, ӕмӕ агурӕг ссары, ӕмӕ хойӕгӕн бакӕнынц».
Уый фӕстӕ, зӕххон ӕнӕххӕст ныййарджыты цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ, Йесо дзуры: «Сымахӕй кӕцы фыд, йӕ фырт куы ракура дзул, уӕд уымӕн ратдзӕн дур? кӕнӕ куы ракура кӕсаг, уӕд кӕсаджы бӕсты ратдзӕн уымӕн калм? кӕнӕ куы ракура айк, уӕд ратдзӕн уымӕн уырынгон? Уӕдӕ сымах кӕд фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр [нӕ] Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн». Цӕй диссаджы хуызы нӕ разӕнгард кӕны Йесо зӕрдиаг куывтытӕм. Лукайы 10:38—11:13.
▪ Йесойы суазӕг кӕнынӕн Марфӕ афтӕ бирӕ цыдӕртӕ цӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта?
▪ Мариа цы сарӕзта ӕмӕ Йесо Марфӕйӕ нӕ, фӕлӕ уымӕй цӕмӕн раппӕлыд?
▪ Йесо куывды тыххӕй амындтӕ цӕмӕн сфӕлхат кодта?
▪ Кувын зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы, уый равдисынӕн Йесо цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста?