90 сӕр
Райгасдзинады ныфс
ЙЕСО бахӕццӕ, Иерусалимӕй ӕртӕ километры дӕрддзӕджы чи ис, уыцы хъӕу Вифанимӕ. Лазӕры мӕлӕтӕй цалдӕр боны йеддӕмӕ нӕма рацыд. Йӕ хотӕ Мариа ӕмӕ Марфӕ нырма дӕр тынг хъынцъым кӕнынц, ӕмӕ сӕм бирӕ адӕм цӕуы тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ.
Иу афон Марфӕйӕн чидӕр фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Йесо ӕрбацыд. Куыд зыны, афтӕмӕй уый йӕ хойӕн ницы загъта, афтӕмӕй хӕдзарӕй рауад ӕмӕ йӕ размӕ алыгъд. Марфӕ Йесомӕ куы бахӕццӕ, уӕд ын дзуры, фӕстаг цыппар боны йӕ хоимӕ арӕх цӕуыл дзырдтой, уый тыххӕй: «Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид».
Фӕлӕ Марфӕйы уӕддӕр ныфс ис, уымӕн ӕмӕ ӕмбарын кӕны, Йесойы бон кӕй у йе ’фсымӕрӕн баххуыс кӕнын. «Зонын, Ды цы ракурай Хуыцауӕй, ратдзӕн Дӕуӕн Хуыцау»,— дзуры уый.
«Райгас уыдзӕн де ’фсымӕр»,— зӕрдӕ йын ӕвӕры Йесо.
Марфӕ афтӕ ӕнхъӕлы, ӕмӕ фидӕны, Авраам ӕмӕ Хуыцауы иннӕ лӕггадгӕнджытӕ цы зӕххон райгасдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йесо уый кой кӕны ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Зонын, кӕй райгас уыдзӕн райгасдзинады, фӕстаг бон».
Фӕлӕ йын ныфс дӕттынц Йесойы ныхӕстӕ: «Ӕз Дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард». Йесо Марфӕйы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау ын кӕй ратта тых, цӕмӕй мӕлӕтыл фӕуӕлахиз уа. Уый дзуры: «Мӕныл ӕууӕндӕг, куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн; ӕмӕ алкӕцы цӕрӕг ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг нӕ амӕлдзӕн мыггагмӕ».
Уымӕй Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕнды, йӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион адӕм кӕй никуы амӕлдзысты. Нӕ, уый ӕвдисы, чи йыл ӕууӕнда, уый йӕ уырнындзинад ӕнусон цардмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы цард райсдзысты райгасдзинады уылты фӕстаг бон. Иннӕтӕ та, ӕнувыдӕй чи баззайа, уыдон, нырыккон цардыуагон системӕ куынӕггонд куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл цӕргӕйӕ баззайдзысты ӕмӕ сыл Йесойы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты комкоммӕ. Уыдон никуы амӕлдзысты! Уыцы диссаджы ныхӕсты фӕстӕ Йесо Марфӕйы фӕрсы: «Ӕууӕндыс ууыл?»
«Афтӕ, Хицау! — дзуапп дӕтты Марфӕ. — Ӕз ӕууӕндын, Ды кӕй Дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт, дунемӕ ӕрцӕуӕг».
Уый фӕстӕ Марфӕ тагъд-тагъд хӕдзармӕ баздӕхт, цӕмӕй йӕ хомӕ фӕдзура, ӕмӕ йын хибарӕй хъусын кӕны: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры». Уыцы тӕккӕ Мариа хӕдзарӕй рацыд. Адӕм уый куы федтой, уӕд ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, зӕппадзмӕ цӕуы, ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты.
Мариа куыддӕр Йесойы цурмӕ бахӕццӕ, афтӕ кӕугӕйӕ йӕ зонгуытыл йӕ разы ӕрхауд ӕмӕ йын дзуры: «Хицау! Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Йесо Мариайы ӕмӕ йӕ фӕстӕ цӕуӕг адӕмы кӕугӕ куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ суынгӕг. «Кӕм ӕй цӕвӕрдтат сымах?» — фӕрсы сӕ уый.
«Хицау! рацу ӕмӕ фен»,— дзуапп ын раттой уыдон.
Йесо кӕуы, ӕмӕ уый фенгӕйӕ, иудейтӕ дзурынц: «Кӕс-ма Уый йӕ куыд уарзта!»
Адӕмӕй чидӕртӕ ӕрхъуыды кодтой, цалдӕр мӕйы размӕ Халагъудты бӕрӕгбоны Йесо йӕ райгуырдӕй куырм лӕппуйы кӕй сдзӕбӕх кодта ӕмӕ фӕрсынц: «Йӕ бон нӕ уыд, куырмы цӕстытӕ байгомгӕнӕгӕн, цӕмӕй уый дӕр ма амардаид?» Иоанны 5:21; 6:40; 9:1—7; 11:17—37.
▪ Йесо Вифанимӕ кӕд бахӕццӕ ӕмӕ дзы цавӕр уавӕр ӕрӕййӕфта?
▪ Марфӕйы райгасдзинад цӕмӕн уырны?
▪ Лазӕры мӕлӕт Йесойыл куыд бандӕвта?