Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 83 сӕр
  • Уазӕгуаты фарисеймӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уазӕгуаты фарисеймӕ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау куывдмӕ хоны
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Фӕсномыг ныхас чындзӕхсӕвы тыххӕй
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Уарзыс, цӕмӕй алкӕддӕр фыццаг уай?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг фембӕлд нӕ Паддзахы тыххӕй цы ӕргом кӕны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 83 сӕр

83 сӕр

Уазӕгуаты фарисеймӕ

ЙЕСО ныр дӕр ис зындгонд фарисейы хӕдзары. Гыццыл раздӕр уый сдзӕбӕх кодта доннизӕй рынчыны. Иннӕ уазджытӕ фынджы уӕлхъус сӕхицӕн хуыздӕр бынӕттӕ кӕй агурынц, уый бафиппайгӕйӕ Йесо дзуры сӕрныллӕгдзинады тыххӕй.

«Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы бахона, уӕд фыццаг бынаты ма сбад,— ӕмбарын кӕны уый,— цӕмӕй афтӕ ма рауайа ӕмӕ хуындтытӕй чидӕр уыдонӕн дӕуӕй кадджындӕр разындзӕн, ӕмӕ сымах ӕрхонӕг бацӕугӕйӕ ма зӕгъа дӕуӕн: „ратт уымӕн бынат“; ӕмӕ дӕ уӕд ӕфсӕрмыгӕнгӕ хъӕудзӕн бацахсын фӕстаг бынат».

Уый тыххӕй сын Йесо уынаффӕ кӕны: «Фӕлӕ хуынд куы уай, уӕд ӕрбацӕугӕйӕ, сбад фӕстаг бынаты, цӕмӕй дӕ хонӕг бацӕугӕйӕ зӕгъа дӕуӕн: „мӕ хӕлар! сбад уӕлдӕр“; уӕд дын уыдзӕн кад дӕ разы чи бады, уыдоны ӕхсӕн». Кӕронбӕттӕны Йесо зӕгъы: «Уымӕн ӕмӕ алкӕцы йӕхӕдӕг йӕхи бӕрзонд кӕнӕг ныллӕггонд уыдзӕн, йӕхи ныллӕг кӕнӕг та бӕрзондгонд уыдзӕн».

Уый фӕстӕ Йесо, цы фарисей йӕ ӕрбахуыдта, уымӕн дзуры, куыд ис сцӕттӕгӕнӕн сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. «Куы кӕныс сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕр, ма фӕдзур де ’мбӕлттӕм, нӕдӕр де ’фсымӕртӕм, нӕдӕр дӕ хӕстӕджытӕм, нӕдӕр хъӕздыг сыхӕгтӕм, цӕмӕй дӕ уыдон дӕр ма ахоной ӕмӕ дын ма бафидой. Фӕлӕ куы кӕныс куывд, уӕд фӕдзур мӕгуыргуртӕм, цӕнкуылтӕм, къуылыхтӕм, куырмытӕм, ӕмӕ тӕхудиаг уыдзынӕ, уыдонӕн сӕ бон кӕй нӕу дӕуӕн бафидын».

Ахӕм ӕнамонд адӕмы фӕхуынд ӕрцӕттӕгӕнӕгӕн хӕссы амонд, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ фысымӕн ӕмбарын кӕны: «Дӕуӕн лӕвӕрд уыдзӕн рӕстгӕнджыты райгасы». Йесо сихор скӕныны тыххӕй куы дзуры, уӕд уазджытӕй иуӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд ӕндӕр хуызы фынг. «Тӕхудиаг у чи бахӕра дзул Хуыцауы Паддзахады!» — дзуры уыцы уазӕг. Фӕлӕ Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, уыцы диссаджы фадатӕн се ’ппӕт кӕй не скодтой ӕмбӕлон аргъ.

«Иу адӕймаг скодта стыр ӕхсӕвӕр ӕмӕ хуыдта бирӕты; ӕмӕ... арвыста йӕ цагъары хуындтытӕн зӕгъынмӕ: рацӕут, ныр алцыдӕр цӕттӕ у. Ӕмӕ, цыма ныхас бакодтой, афтӕ иуылдӕр райдыдтой хатыр курын. Фыццаг загъта уымӕн: ӕз балхӕдтон зӕхх, ӕмӕ мӕн хъӕуы ацӕуын ӕмӕ уый фенын; курын дӕ, бахатыр мын кӕн. Иннӕ загъта: ӕз балхӕдтон фондз цӕды галтӕ ӕмӕ уыдоны фӕлварынмӕ цӕуын; курын дӕ, бахатыр мын кӕн. Ӕртыккаг загъта: ӕз ус ракуырдтон ӕмӕ уый тыххӕй нӕу мӕ бон ацӕуын».

Цӕй ӕнӕбындур ӕфсӕнттӕ сты! Зӕхх дӕр ӕмӕ галты дӕр, цалынмӕ нӕ балхӕнынц, уӕдмӕ фӕуынынц, уый фӕстӕ сӕм кӕсын нал хъӕуы. Уӕдӕ ус ракурын дӕр адӕймаджы хъуамӕ ма бакъуылымпы кӕна ахӕм ахсджиаг ӕрхуынд райсынӕй. Ӕлдар уыцы ӕфсӕнттӕ куы фехъуыста, уӕд тынг смӕсты ӕмӕ йӕ цагъарӕн загъта:

«Ацу тагъддӕр сахары уынгтӕм ӕмӕ фисынтӕм, ӕмӕ ӕрбакӕн ардӕм мӕгуыргурты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ загъта цагъар: ӕлдар! баххӕст кодтон [«сӕххӕст кодтон», НФ] ды цы бардзырд раттай, уый ӕмӕ ма бынат ис ноджыдӕр. Ӕлдар загъта цагъарӕн: ацу фӕндӕгтӕм ӕмӕ кӕрӕттӕм ӕмӕ сразы кӕн ӕрцӕуынмӕ, цӕмӕй байдзаг уа мӕ хӕдзар... Уыцы хуындтытӕй ничи бахӕрдзӕн мӕ ӕхсӕвӕрӕй».

Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы цӕуы ӕвдыст? Ӕхсӕвӕр чи ӕрцӕттӕ кодта, уыцы «ӕлдар» ӕвдисы Иегъовӕ Хуыцауы, хонӕг «цагъар» — Йесо Чырыстийы, «стыр ӕхсӕвӕр» та — Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат.

Паддзахадмӕ бацӕуынмӕ фыццаг кӕй фӕхуыдтой, уыдонмӕ хауынц Йесойы рӕстӕджы цӕрӕг иудейаг дины разамонджытӕ се ’ппӕт дӕр. Фӕлӕ уыдон аиуварс кодтой хуынд. Уымӕ гӕсгӕ н. э. 33 азы фӕстӕ хонӕг ӕрвыст ӕрцыд дыккаг хатт мӕгуыр, хуымӕтӕг иудейӕгтӕм. Фӕлӕ ӕрбацӕуджытӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады 144 000 бынаты иуылдӕр нӕ бацахстой. Уымӕ гӕсгӕ ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ, н. э. 36 азы хонӕг ӕрвыст ӕрцыд ӕртыккаг хатт, ныр ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй ӕнӕсунӕт адӕймӕгтӕм ӕмӕ уыдон ныр дӕр ӕмбырд кӕнынц. Лукайы 14:1—24.

▪ Цавӕр фӕсномыг ныхас ӕрхаста Йесо сӕрныллӕгдзинады тыххӕй?

▪ Хӕдзары хицауӕн куыд у йӕ бон ӕхсӕвӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕрцӕттӕ кӕнын ӕмӕ йын уый амонд цӕмӕн ӕрхӕсдзӕн?

▪ Хуынд адӕмы ӕфсӕнттӕн бындур цӕуылнӕ ис?

▪ «Стыр ӕхсӕвӕры» тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы ӕвдыст цӕуы?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын