107 сӕр
Фӕсномыг ныхас чындзӕхсӕвы тыххӕй
ДЫУУӔ фӕсномыг ныхасӕй Йесо хурмӕ ракалдта чиныджы дӕсныты ӕмӕ хистӕр сауджынты миддуне, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй марынмӕ хъавынц. Фӕлӕ Йесо йӕ ныхас нӕма фӕци. Дарддӕр сын дзуры ӕндӕр фӕсномыг ныхас:
«Уӕларвон Паддзахад у адӕймаг паддзахы хуызӕн, кӕцы скодта чындзӕхсӕв йӕ фыртӕн ӕмӕ арвыста йӕ цагъарты хуындтытӕм фӕдзурынмӕ чындзӕхсӕвмӕ; ӕмӕ уыдоны нӕ фӕндыд ӕрбацӕуын».
Паддзах у Иегъовӕ Хуыцау, ӕмӕ уый йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕн скодта чындзӕхсӕв. Чындз конд у 144 000 сыгъдӕг удӕй сӕрст фӕдонӕй, ӕмӕ фӕстагмӕ уыдон Йесоимӕ уӕларвыл баиу уыдзысты. Паддзахы минӕвӕрттӕ сты, н. э. агъоммӕ 1513 азы Закъоны цӕдисы чи бацыд ӕмӕ, «сауджынты паддзахад» цӕмӕй суыдаиккой, уый фадат кӕмӕн уыд, уыцы израилӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ чындзӕхсӕвмӕ фыццаг уыдон ӕрцыдысты хуынд.
Ӕрмӕст хуындтытӕм фыццаг хатт фӕдзырдтой ӕрмӕстдӕр н. э. 29 азы фӕззӕджы, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ (паддзахы цагъартӕ) Паддзахады уацхъуыд куы райдыдтой хъусын кӕнын, уӕд. Фӕлӕ н. э. 29—33 азмӕ цагъартӕ кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы зӕххон израилӕгты нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын. Ӕмӕ Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы хуынд адӕмӕн Хуыцау ратта ноджы иу фадат:
«Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты, зӕгъгӕйӕ: зӕгъут хуындтытӕн: „мӕнӕ ӕз ӕрцӕттӕ кодтон мӕ сихор, родтӕ ӕмӕ цы фӕхастон, уыдон ӕргӕвст сты ӕмӕ ӕппӕт дӕр цӕттӕ у; ӕрцӕут чындзӕхсӕвы минасмӕ“». Ацы дыккаг ӕмӕ фӕстаг ӕрхуынд рацыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, Йесойы фӕдылдзӕуджытыл сыгъдӕг уд куы ӕрцыд, уӕд. Ӕмӕ уыцы хуынд йӕ тыхы уыд н. э. 36 азмӕ.
Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр ӕнӕрвӕссонӕй аиуварс кодтой уыцы хуынд дӕр. Йесо дзуры: «Уыдон, ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ уый, ацыдысты чи йӕ хуыммӕ, чи та базар кӕнынмӕ; иннӕтӕ та, ӕрцахсгӕйӕ йӕ цагъарты, бафхӕрдтой ӕмӕ амардтой уыдоны». «Паддзах смӕсты,— йӕ ныхас дарддӕр кӕны Йесо,— ӕмӕ арвитгӕйӕ йӕ ӕфсады, ныццагъта уыцы марджыты ӕмӕ басыгъта сӕ сахар». Уый ӕрцыд н. э. 70 азы, ромӕгтӕ Иерусалимӕй дур-дурыл куы нал ныууагътой ӕмӕ уыцы лӕгмарты куы ныццагътой, уӕд.
Уый фӕстӕ Йесо дзуры дарддӕры цаутӕ: «Уӕд зӕгъы уый [паддзах] йӕ цагъартӕн: чындзӕхсӕвы минас цӕттӕ у, фӕлӕ хуындтытӕ аккаг нӕ уыдысты; уӕдӕ ацӕут алвӕндагмӕ ӕмӕ кӕй ссарат, сеппӕты дӕр ӕрбахонут чындзӕхсӕвы минасмӕ». Раст афтӕ бакодтой цагъартӕ ӕмӕ «чындзӕхсӕвы фынг байдзаг бадджытӕй».
Сахары ӕддейӕ, фӕндаггӕрӕтты кӕй ссардтой, уыцы уазджытӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой н. э. 36 азы. Ӕнӕсунӕт адӕмтӕй фыццӕгтӕ уыдысты ромаг сӕдӕйы хицау Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ. Хуыцау фыццаг кӕй фӕхуыдта ӕмӕ чи не ’рбацыд, уыдоны бынӕттӕ чи хъуамӕ бацахса, уыцы ӕнӕ-иудейтӕ ӕмбырдгонд цӕуынц суанг XX ӕнусмӕ.
Абон, XX ӕнусы, чындзӕхсӕвы уат фӕдзаг кӕны. Йесо дзуры, уый фӕстӕ цы ӕрцӕудзӕн: «Паддзах, бацӕугӕйӕ бадджыты фенынмӕ, ӕмӕ дзы фенгӕйӕ чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы, зӕгъы уымӕн: мӕ хӕлар! куыд ӕрбацыдтӕ ардӕм ды ӕнӕ чындзӕхсӕвы дарӕсы? Уый та ницы дзырдта. Уӕд загъта паддзах йӕ цагъартӕн: бабӕтгӕйӕ уымӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ, сисут ӕмӕ йӕ аппарут ӕддагон талынгмӕ: уым уыдзӕн кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».
Чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, уыцы адӕймаг ӕвдисы мӕнгчырыстӕтты. Хуыцау сӕ никуы нымадта, духовон израилӕгты хицӕнгӕнӕг миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдоныл. Уӕдӕ куыд Паддзахады бындартӕ, афтӕ сӕ сыгъдӕг удӕй дӕр никуы байсӕрста. Уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддагон талынгмӕ ӕмӕ сӕ кой дӕр никуыуал уыдзӕн.
Йесо йӕ фӕсномыг ныхас фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Уымӕн ӕмӕ бирӕ сты хуындтытӕ, гыццыл сты ӕвзӕрстытӕ». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Израилы адӕмӕй бирӕтӕ уыдысты хуынд, цӕмӕй Чырыстийы чындзы уӕнгтӕ суыдаиккой, фӕлӕ дзы ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ ӕрцыдысты ӕвзӕрст. Уӕларвон хорзӕх цы 144 000 уазӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты ӕнӕизраилӕгтӕ. Матфейы 22:1—14; Рацыд 19:1—6; Раргомад 14:1—3.
▪ Чындзӕхсӕвмӕ фыццаг кӕй ӕрхуыдтой ӕмӕ кӕд?
▪ Хуындтытӕм фыццаг хатт кӕд фӕдзырдтой ӕмӕ чи сты хонӕг цагъартӕ?
▪ Дыккаг хатт сӕм кӕд фӕдзырдтой ӕмӕ уый фӕстӕ хуынд чи ӕрцыд?
▪ Чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, уыцы адӕймаг кӕй ӕвдисы?
▪ Чи сты бирӕ хуындтытӕ ӕмӕ гыццыл ӕвзӕрстытӕ?