85 сӕр
Сӕфтыты агурын
ЙЕСО зӕрдӕбынӕй агуры, Хуыцауӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы. Уымӕ гӕсгӕ алкӕимӕдӕр, суанг фӕсмон чи нӕ кӕны, уыцы фыдгӕнджытимӕ дӕр, ныхас кӕны Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ йӕм ахӕм адӕм цӕуынц байхъусынмӕ.
Уый уынгӕйӕ, фарисейтӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ уайдзӕф кӕнынц Йесойӕн, уыдон ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, уыцы адӕмимӕ зӕрдӕбынӕй кӕй ныхас кӕны, уый тыххӕй. Уыдон хъуыр-хъуыр кӕнынц: «Уый тӕригъӕдджынты исы ӕмӕ семӕ хӕры». Ахӕм хъуыддаг уыдон сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц! Фарисейтӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ хуымӕтӕг адӕмы нымайынц, къӕхты бын цы цъыф ис, ууыл. Уыцы адӕмыл ӕлгъ кӕй кӕнынц, уый равдисынӕн пайда кӕнынц дзуттаг дзырд ам-хаа́ретс-ӕй, ома «сау адӕм».
Йесо та кад кӕны алкӕмӕндӕр, у уӕздан, йӕ зӕрдӕмӕ арф исы алкӕй рис дӕр. Уый фӕстиуӕгӕн уыцы сӕрныллӕг адӕмӕй бирӕтӕ, суанг се ’взӕр хъуыддӕгтӕй зындгонд чи сты, уыдон дӕр бӕллынц Йесомӕ байхъусынмӕ. Фарисейтӕ ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, уыцы адӕммӕ Йесо йӕ хъус кӕй дары, уый тыххӕй йӕ кӕй ӕфхӕрынц, уымӕй та цы зӕгъӕн ис?
Йесо сын дзуапп дӕтты фӕсномыг ныхасӕй. Уый дзуры, сӕхи рӕстгӕнджытыл чи нымайы, уыцы фарисейты цӕстӕнгасӕй. Уыдон хъуыды кӕнынц, Хуыцауы дзугӕй кӕй сты. Сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссынц, уыцы ам-хаа́ретс-ы та нымайынц, срастгӕнӕн кӕмӕн нал ис, ахӕм адӕмыл. Байхъусӕм, Йесо сӕ цӕмӕй фӕрсы:
«Сымахӕй сӕдӕ фысы кӕмӕ уа ӕмӕ дзы иу куы фесӕфа, уӕд нӕ ныууадздзӕн нӕуӕдз фарасты ӕдзӕрӕг ран, ӕмӕ нӕ ацӕудзӕн сӕфт фысы агурынмӕ, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ? Ссаргӕйӕ та йӕ цингӕнгӕ сисдзӕн йе уӕхсджытӕм; ӕмӕ ӕрцӕугӕйӕ сӕхимӕ, фӕдзурдзӕн йӕ хӕлӕрттӕм ӕмӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ зӕгъдзӕн уыдонӕн: цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт фысы».
Уый фӕстӕ Йесо ӕмбарын кӕны уыцы цауы нысаниуӕг: «Зӕгъын уын, афтӕ уӕлӕрвты иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн, цӕйнӕфӕлтау нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгыл, фӕсмон кӕнын кӕй нӕ хъӕуы».
Фарисейтӕ сӕхи рӕстгӕнджытыл нымайынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕсмон кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Дыууӕ азы размӕ уыдонӕй чидӕртӕ, Йесойы куы ӕфхӕрдтой, хъалонӕмбырдгӕнджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ кӕй хордта, уый тыххӕй, уӕд сын уый загъта: «Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджыты нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты фӕсмондзинадмӕ ӕрхонынмӕ». Ӕрфӕсмон кӕнын кӕй хъӕуы, уый чи не ’мбары, уыцы стырзӕрдӕ фарисейты тыххӕй нӕ цин кӕнынц уӕларвыл, фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕбынӕй чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕймӕгты тыххӕй.
Сӕфт тӕригъӕдджынты раздӕхт стыр цины аххосаг кӕй у, уый тынгдӕр бахахх кӕнынӕн Йесо ӕрхаста ӕндӕр фӕсномыг ныхас: «Цавӕр сылгоймаг, дӕс драхмӕйы кӕмӕ уа, ӕмӕ дзы иу драхмӕ куы фесӕфа, не ссудздзӕн цырагъ ӕмӕ нӕ райдайдзӕн мӕрзын агъуыст ӕмӕ лӕмбынӕг агурын, цалынмӕ йӕ ссара? Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕрӕмбырд кӕндзӕн йе ’мгӕртты ӕмӕ сыхӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт драхмӕ».
Уый фӕстӕ Йесо ӕмбарын кӕны, ацы фӕсномыг ныхасӕн дӕр ахӕм нысаниуӕг кӕй ис: «Зӕгъын сымахӕн, афтӕ вӕййы циндзинад Хуыцауы Зӕдтӕм иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».
Цӕй диссаг у, ӕвӕдза, Хуыцауы зӕдтӕ сӕфт тӕригъӕдджынты раздӕхтыл афтӕ кӕй цин кӕнынц! Иуыл диссагдӕр та уый тыххӕй у, ӕмӕ кӕддӕры ӕфхӕрд ӕмӕ ницӕйаг ам-хаа́ретс ӕппынфӕстаг суыдзысты Хуыцауы уӕларвон Паддзахады, кӕнӕ хицауады, уӕнгтӕ. Афтӕмӕй уыдонӕн уӕларвыл уыдзӕн зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр бынат! Фӕлӕ хӕлӕг кӕнӕ мӕсты кӕныны бӕсты, зӕдтӕ сӕрныллӕгӕй ӕмбарынц, уыцы тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕ зӕххыл цӕргӕйӕ алыхуызон фӕлварӕнты кӕй бахауынц ӕмӕ сӕ сӕрты кӕй хизынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон кӕй уыдзӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕй лӕггад кӕнын. Лукайы 15:1—10; Матфейы 9:13; 1 Коринфӕгтӕм 6:2, 3; Раргомад 20:6.
▪ Йесо цӕмӕн ныхас кӕны тӕригъӕдджын адӕмимӕ ӕмӕ йын уый тыххӕй фарисейтӕ куыд уайдзӕф кӕнынц?
▪ Фарисейтӕ хуымӕтӕг адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
▪ Цавӕр фӕсномыг ныхӕстӕ ӕрхаста Йесо ӕмӕ мах цӕуыл ахуыр кӕнынц?
▪ Зӕдты циндзинад диссаг цӕмӕн у?