Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 86 сӕр
  • Сӕфт фырты таурӕгъ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕфт фырты таурӕгъ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕфт фырт ӕрыздӕхт
  • Сӕфт чи уыд, уыцы фырт ӕрбаздӕхт
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Фырты фӕнды Фыды раргом кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Ды та «Фыстад ӕмбарыс»?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 86 сӕр

86 сӕр

Сӕфт фырты таурӕгъ

ФАРИСЕЙТӔН, чи фесӕфт ӕмӕ кӕй ссардтой, уыцы фысы тыххӕй ӕмӕ драхмӕйы тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ радзургӕйӕ, Йесо йӕ ныхас дарддӕр кӕны ӕндӕр фӕсномыг ныхасӕй. Уым дзырд цӕуы, уарзӕгой фыдӕн йӕ дыууӕ фырты дӕр куыд фӕрӕдыдысты ӕмӕ йын уымӕ цавӕр ахаст ис, уый тыххӕй.

Уыдонӕй фыццаг у кӕстӕр фырт, фӕсномыг ныхасы сӕйраг архайӕг. Йӕ фыд ын ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй цы хай ахицӕн кодта, уый иуылдӕр ӕрӕмбырд кодта. Йӕ фыды хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдта. Фӕлӕ Йесойӕн йӕхимӕ байхъусӕм, куыд дзуры ацы цау, ӕмӕ бацархайӕм, уыцы адӕймӕгтӕ кӕй ӕвдисынц, уый сбӕлвырд кӕныныл.

«Иу адӕймагӕн,— райдыдта йӕ ныхас Йесо,— уыд дыууӕ фырты; ӕмӕ загъта уыдонӕй кӕстӕр, фыдӕн: мӕ фыд! ратт мын бынтӕй мӕм цы хай хауы, уый. Ӕмӕ фыд байуӕрста мулк уыдонӕн». Кӕстӕр фырт цы мулк райста, уымӕн цы ми кӕны?

«Иу гыццыл рӕстӕджы фӕстӕ,— дзуры дарддӕр Йесо,— кӕстӕр фырт, ӕрӕмбырд кодта ӕппӕтдӕр ӕмӕ ацыд дард бӕстӕм, ӕмӕ уым ӕнӕгъдау царды йӕ мулк бахардз кодта». О, хӕтаг сылгоймӕгтимӕ цӕргӕйӕ, йе ’хцатӕ иуылдӕр бахордта. Фӕлӕ Йесо дарддӕр куыд дзуры, афтӕмӕй йыл фӕстӕдӕр уӕззау рӕстӕг ӕркодта:

«Куы бахардз кодта уый ӕппӕтдӕр, уӕд райдыдта уыцы бӕстӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг ӕмӕ уый хъуаг кӕнын байдыдта; ӕмӕ ацыд, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕй иумӕ бацыд, уый та йӕ арвыста йӕ быдырмӕ, хуытӕ хизынмӕ; ӕмӕ уый цин кодтаид, хуытӕ цы хӕринаг хордтой, уымӕй йӕ гуыбын бафсадыныл, фӕлӕ йын ничи лӕвӕрдта».

Закъоны уыцы цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕгыл нымад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ куыд ӕгад у хуыгӕсы уавӕрмӕ ӕрхауын! Иуыл фыддӕр та уый у, ӕмӕ фырт афтӕ ӕххормаг у, ӕмӕ хуыты хӕринагмӕ йӕ былыцъӕрттӕ хӕры. Ахӕм тӕригъӕддаг уавӕры бахаугӕйӕ, Йесо куыд дзуры, афтӕмӕй ‘йӕхи ӕрӕмбӕрста’.

Йесо дарддӕр дзуры йӕ таурӕгъ: «[Йӕхӕдӕг йӕхицӕн] загъта: мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ хӕры дзул уӕлдайджынтӕй, ӕз та ам сыдӕй мӕлын! Сыстон, ацӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ зӕгъдзынӕн уымӕн: мӕ фыд! ӕз тӕригъӕд ракодтон арвы ныхмӕ ӕмӕ дӕу размӕ, ӕмӕ ныр дӕ фырт хуыйныны аккаг нал дӕн, райс мӕ дӕ ӕххуырстыты нымӕцмӕ. Сыстад ӕмӕ ацыд йӕ фыдмӕ».

Ам ис тынг ахсджиаг хъуыды: фырт хӕдзарӕй куы цыд, уӕд ыл фыд мӕстӕй хъӕр куы кодтаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ныфсджын нӕ уаид. Уӕд сфӕнд кодтаид йӕ фыдыбӕстӕм ӕрыздӕхын, ӕмӕ йыл йӕ фыды цӕст кӕм не схӕца, ахӕм ран куыст ссарын. Фӕлӕ ахӕм хъуыды не ’рцыд йӕ сӕрмӕ. Хӕдзармӕ йӕ фӕнды!

Бӕрӕг у, Йесойы фӕсномыг ныхасы фыд нӕ уарзӕгой, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд Иегъовӕ Хуыцауы кӕй ӕвдисы. Ӕвӕццӕгӕн, сӕфт фырт тӕригъӕдджын адӕмы кӕй ӕвдисы, уый дӕр бамбӕрстам. Йесо ацы таурӕгъ кӕмӕн дзуры, уыцы фарисейтӕ йын уый размӕ уайдзӕф кодтой, уыцы тӕригъӕдджынтимӕ кӕй хордта, уый тыххӕй. Фӕлӕ кӕй ӕвдисы хистӕр фырт та?

Сӕфт фырт ӕрыздӕхт

Йесойы фӕсномыг ныхасы сӕфт фырт фӕстӕмӕ йӕ фыды хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй куыд райстой? Байхъусӕм Йесомӕ: «Ӕмӕ ма уый дард куы уыд, уӕд ӕй йӕ фыд федта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта; ӕмӕ азгъоргӕйӕ ныттыхст йӕ ӕфцӕджы ӕмӕ йын пъатӕ кодта». Цӕй тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ фыд у. Уый ирдӕй ӕвдисы нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕйы!

Фыд йӕ фырты ӕнӕгъдау царды тыххӕй куыннӕ хъуыстаид. Фӕлӕ йыл уӕддӕр тынг хӕларзӕрдӕйӕ сӕмбӕлд йӕ хӕдзары, уый йӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсы бӕстон дзуапмӕ. Ахӕм хӕларзӕрдӕ ахаст ис Йесойӕн дӕр, ӕмӕ уый бӕрӕг у, фӕсномыг ныхасы сӕфт фырт кӕй ӕвдисы, уыцы тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ зӕрдӕбынӕй кӕй ныхас кӕны, уымӕй.

Йесойы фӕсномыг ныхасы фӕлмӕнзӕрдӕ фыд, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбары, йӕ фырт кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕн ӕмӕ уыны йӕ фыдыбӕстӕм ӕрыздӕхӕджы ӕфхӕрд, ӕрхӕндӕг ӕнгас. Фӕлӕ уарзӕгой фыд йӕхӕдӕг кӕй рацыд йӕ размӕ, уый фӕрцы, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыртӕн ӕнцондӕр у йӕ тӕригъӕдтыл басӕттын: «Фырт та загъта уымӕн: мӕ фыд! ӕз тӕригъӕд ракодтон арвы ныхмӕ ӕмӕ дӕу размӕ, ӕмӕ дӕ фырт хуыйныны аккаг нал дӕн».

Уыцы ныхӕстӕ нӕма фӕци, афтӕ фыд йӕ цагъартӕн дзуры: «Рахӕссут хуыздӕр дарӕстӕ ӕмӕ йыл сӕ скӕнут, ӕмӕ раттут къухдарӕн йӕ къухӕн ӕмӕ дзабыртӕ йӕ къӕхтӕн; ӕмӕ ӕрбакӕнут хӕсгӕ род ӕмӕ йӕ аргӕвдут: райдайдзыстӕм хӕрын ӕмӕ цин кӕнын, уымӕн ӕмӕ мӕ ацы фырт уыд мард ӕмӕ райгас, сӕфт уыд ӕмӕ фӕзынд». Ӕмӕ райдыдтой «цин кӕнын».

Уыцы рӕстӕджы фыдӕн «йӕ хистӕр фырт та уыд быдыры». Ацы таурӕгъы иннӕ хайӕ бацархайӕм, хистӕр фырт кӕй ӕвдисы, уый сбӕлвырд кӕныныл. Йесо дзуры: «Раздӕхгӕйӕ, хӕдзармӕ, куы ’рбахӕстӕг, уӕд фехъуыста зарын ӕмӕ циндзинад; ӕмӕ фӕдзургӕйӕ кусджытӕй иумӕ, бафарста: цы у уый? Уый загъта уымӕн: де ’фсымӕр ӕрбацыд, ӕмӕ дӕ фыд аргӕвста хаст род, уымӕн ӕмӕ уый дзӕбӕхӕй ӕрбацыд. Уый смӕсты ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд мидӕмӕ бацӕуын. Йӕ фыд та рацӕугӕйӕ, дзырдта уымӕ. Фӕлӕ уый загъта фыдӕн дзуаппӕн: мӕнӕ, ӕз цал азы кусын дӕуӕн ӕмӕ дӕ фӕдзӕхстыты сӕрты никуы ахызтӕн; фӕлӕ ды никуы раттай мӕнӕн сӕныкк дӕр, цӕмӕй мӕ хӕлӕрттимӕ мӕхи аирхӕфсон; фӕлӕ дӕ ацы фырт йӕ мулк хӕтӕгтимӕ куы бахордта, уӕд ӕрбацыд ӕмӕ ды аргӕвстай уымӕн хаст род».

Уыцы хистӕр фыртау тӕригъӕдджынтӕм хорз ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ахастыл чи тӕрхон кодта? Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ нӕ уыдысты? Ацы фӕсномыг ныхас Йесо дзуры, тӕригъӕдджынтӕм хорз цӕстӕй кӕй кӕсы, уый тыххӕй йын чи уайдзӕф кодта, уыдонӕн, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, хистӕр фырт уыдоны кӕй ӕвдисы.

Йесо йӕ таурӕгъ фӕуд кӕны, хистӕр фыртӕн фыд цы дзуры, уымӕй: «Мӕ фырт! ды ӕдзухдӕр мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕнон иуылдӕр дӕу у; фӕлӕ цин кӕнын ӕмӕ хъӕлдзӕг уӕвын ӕмбӕлди ууыл, дӕ ацы ӕфсымӕр мард уыд ӕмӕ райгас, сӕфт уыд ӕмӕ фӕзынд».

Хистӕр фырт уый фӕстӕ цы сарӕзта, уый Йесо нал радзырдта. Фӕстӕдӕр, Йесойы мӕлӕт ӕмӕ райгасы фӕстӕ, «сауджынтӕй тынг бирӕтӕ басастысты уырнындзинадӕн», ӕвӕццӕгӕн, Йесойы таурӕгъӕй «хистӕр фырты» къордмӕ чи хауд, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ.

Фӕлӕ абон та кӕй ӕвдисынц уыцы дыууӕ фырты? Иуыл растдӕр уаид зӕгъын, уыдон кӕй ӕвдисынц, Иегъовӕйы фӕндӕттимӕ фаг зонгӕ чи у ӕмӕ уыцы зонындзинӕдты бындурыл йемӕ ӕнгом ахастытӕ скӕнын кӕй бон у, уыцы адӕмы. Хистӕр фырт ӕвдисы «гыццыл дзуджы» кӕнӕ ‘уӕлӕрвтыл фыст фыццаг гуырдты Аргъуаны’ уӕнгтӕй иуӕй-иуты. Уыдонӕн дӕр хистӕр фырты зондахаст уыд. Фыццаг бынаты куы нӕ уал уой, уый тасӕй уыдон нӕ цин кодтой «ӕндӕр фысты», ома зӕххон къорды фӕзындыл.

Сӕфт фырт та ӕвдисы, Хуыцауы адӕмӕй ӕхцондзинӕдтӕ исынмӕ дунемӕ чи ацыд, фӕлӕ стӕй ӕрфӕсмонгӕнгӕйӕ, чи раздӕхт ӕмӕ та Хуыцауӕн зӕрдӕбынӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны. Ӕвӕдза, цӕй уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд у Иегъовӕ, чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхы, уыдонӕн! Лукайы 15:11—32; Левит 11:7, 8; Куыстытӕ 6:7; Лукайы 12:32; Дзуттытӕм 12:23; Иоанны 10:16.

▪ Кӕмӕн дзуры Йесо уыцы фӕсномыг ныхас кӕнӕ таурӕгъ ӕмӕ цӕмӕн?

▪ Уыцы таурӕгъы сӕйраг архайӕг чи у ӕмӕ йыл цы ӕрцыд?

▪ Кӕй ӕвдыстой фыд ӕмӕ кӕстӕр фырт Йесойы бонты?

▪ Йесо куыд фӕзмыны йӕ фӕсномыг ныхасы фӕлмӕнзӕрдӕ фыды?

▪ Фыд кӕстӕр фырты куыд райста, уый хистӕр фыртыл куыд бандӕвта ӕмӕ фарисейтӕ дӕр уый хуызӕн куыд сты?

▪ Йесойы фӕсномыг ныхасы архайджытӕ абон кӕй ӕвдисынц?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын