86 СӔР
Сӕфт чи уыд, уыцы фырт ӕрбаздӕхт
ФӔСНОМЫГ НЫХАС, СӔФТ ЧИ УЫД, УЫЦЫ ФЫРТЫ ТЫХХӔЙ
Йесо сӕфт фыс ӕмӕ сӕфт драхмӕйы тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, ӕвӕццӕгӕн ма Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕн фарс, Перейы, куы уыди, уӕд. Дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй дӕр ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ тӕригъӕдджын куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ куы раздӕхы, уӕд хъӕуы цин кӕнын. Йесо-иу ахӕм адӕмыл кӕй бацин кодта, уый фарисейтӕн ӕмӕ чиныджыдӕснытӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди. Цымӕ уыцы дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй истӕуыл сахуыр сты? Йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ нӕ уӕларвон Фыд цы цӕстӕй кӕсы, уый сӕм бахъардта? Ныр Йесо уыцы ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кӕнынӕн радзырдта, алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр чи хъуамӕ бахъардтаид, ахӕм фӕсномыг ныхас.
Дзырд дзы цӕуы, дыууӕ фырты кӕмӕн ис, ахӕм фыдыл. Йӕ сӕйраг архайӕг у кӕстӕр фырт. Фарисейтӕн дӕр ӕмӕ чиныджыдӕснытӕн дӕр, стӕй, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ зондзонӕн уыдаид, кӕстӕр фырты тыххӕй цы фехъуыстой, уый. Фӕлӕ, фыд ӕмӕ хистӕр фырт кӕстӕр фыртмӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Уӕдӕ, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы ӕртӕ адӕймаджы кой кӕны, уыдонӕй алкӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм.
Йесо йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Ӕмӕ иу бон кӕстӕр фырт йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, дӕ исбонӕй мӕм цы хай хауы, уый мын ратт“. Гъемӕ фыд дӕр йӕ исбон йӕ фырттыл адих кодта» (Лукайы 15:11, 12). Куыд уынӕм, афтӕмӕй кӕстӕр фырт йӕ хай уый тыххӕй не ’рцагуырдта, ӕмӕ сӕ фыд амард. Сӕ фыд нырма ӕгас уыди. Фӕлӕ йӕ йӕ хай тӕккӕ уыцы сахат хъуыди, цӕмӕй уӕгъдибар цард кодтаид ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр фӕндыди, уый арӕзтаид. Цымӕ дарддӕр йӕ хабар куыд рауад?
Йесо радзырдта: «Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ дард бӕстӕм ацыд. Уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд ӕмӕ йӕ мулк бахордта» (Лукайы 15:13). Кӕстӕр фырт йӕ фыды хӕдзары нӕ баззад, кӕд ын уым тӕссаг ницӕмӕй уыд ӕмӕ сӕ кӕд сӕ фыд тынг бирӕ уарзта ӕмӕ сӕ цух ницӕмӕй уагъта, уӕддӕр. Лӕппу сыстад ӕмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕцыд. Уым йӕ уды дзӕбӕхӕн хӕлд сылгоймӕгтимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвыста, ӕмӕ йӕ бынтӕ иууылдӕр бахордта. Ӕмӕ йӕм куы ницыуал уыд, уӕд ма кӕй хъуыди! Дарддӕр Йесо радзырдта:
«Куы ницыуал ӕм баззад, раст уыцы рӕстӕг уыцы бӕстӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ хъуаг ӕййафын байдыдта. Гъемӕ уӕд ацыд ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕй иумӕ йӕхи ӕххуырстӕй айсын кодта. Уый йӕ арвыста йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ. Бӕргӕ-иу бӕллыд, йӕ гуыбын хуыты хӕринагӕй уӕддӕр куы бафсӕстаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта» (Лукайы 15:14–16).
Хуыцауы Закъоны хуы чъизи цӕрӕгойыл нымад уыд, фӕлӕ уыцы фыртӕн ӕндӕр амал нал уыд, ӕмӕ кӕмӕдӕр хуыгӕсӕй ӕххуырсты ныллӕууыд. Йӕ хъал цардӕй ахӕм уавӕрмӕ ӕрхауд, ӕмӕ сыдӕй марди ӕмӕ, кӕй хызта, уыцы хуыты хӕринагӕй дӕр «нӕ» нӕ загътаид. Лӕппу ахӕм уынгӕджы уавӕры куы бахауд, уӕд «йӕ рӕдыд бамбӕрста». Ӕмӕ дарддӕр куыд бакодта? Йӕхицӕн загъта: «Ай мӕ фыдмӕ дуне ӕххуырстытӕ куы ис, ӕмӕ сын дзул фагӕй дӕр фылдӕр куы ис, ӕз та ам ӕххормагӕй мӕлын! Цӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: „Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр. Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн. Фӕлӕ мӕ ӕххуырстӕй айс дӕхимӕ“». Ӕмӕ уӕд сыстад ӕмӕ йӕ фыдмӕ ацыд (Лукайы 15:17–20).
Цымӕ йыл йӕ фыд куыд сӕмбӕлдзӕн? Йӕ масты фӕдыл ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ хъӕр ӕмӕ хылы бын фӕкӕндзӕн, ахӕм ӕнӕзонд ми куыд бакодтай ӕмӕ хӕдзарӕй куыд ацыдтӕ, зӕгъгӕ? Науӕд ӕм уазал цӕстӕй ракӕсдзӕн, цыма йын йе ’рбацыд хъыг уыди, уыйау? Уыцы фыды бынаты ды куыд бакодтаис? Ахӕм рӕдыд дӕ фырт кӕнӕ дӕ чызг куы сарӕзтаид, уӕд ӕм дӕ зӕрдӕ фӕхъӕбӕр уыдаид?
СӔФТ ФЫРТ ФӔЗЫНД
Фыд йӕ фырты фенгӕйӕ куыд фӕци ӕмӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй Йесо радзырдта: «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта» (Лукайы 15:20). Йӕ фырт хӕлд цард кӕй кодта, уый куыннӕ фехъуыстаид. Фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд фырцинӕй зӕххыл нал хӕцыд. Стыр дзыхӕй чи дзырдта, мах Йегъовӕйы зонӕм ӕмӕ йын кувӕм, зӕгъгӕ, уыцы дины разамонджытӕ цымӕ ацы фӕсномыг ныхасӕй бамбӕрстой, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ нӕ уӕларвон Фыд цы цӕстӕй кӕсы, уый? Стӕй цымӕ бамбӕрстой, Йесо дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у?
Уыцы арфуынӕг фыд йӕ фырты ӕнкъардӕй куы федта, уӕд ма йӕ цы бамбарын хъуыд, кӕй ӕрфӕсмон кодта. Фӕлӕ йӕ размӕ кӕй азгъордта ӕмӕ йын кӕй ныхъхъӕбыс кодта, уый фӕрцы фыртӕн ӕнцондӕр уыд йӕ фыды раз йӕ тӕригъӕдтыл басӕттын. Йесо йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Фырт та йын загъта: „Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр. Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн» (Лукайы 15:21).
Фӕлӕ фыд йӕ цагъартӕн загъта: «Рӕвдздӕр! Ӕппӕты хуыздӕр даргъ дарӕс ын рахӕссут ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, йӕ къухыл ын бакӕнут къухдарӕн, йӕ къӕхтыл та йын скӕнут дзабыртӕ. Ӕмӕ ракӕнут хаст уӕныг, аргӕвдут ӕй, ӕмӕ фӕцин-фӕминас кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыд мард, ӕмӕ райгас, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд». Гъемӕ сын «хъазт, минас бацайдагъ» (Лукайы 15:22–24).
Уыцы рӕстӕг фыдӕн йӕ хистӕр фырт та быдыры уыди. Цымӕ уый та йе ’фсымӕрмӕ цы цӕстӕй ракаст? Йесо радзырдта: «Фӕстӕмӕ куы ’рбацӕйцыд ӕмӕ хӕдзармӕ куы баввахс, уӕд фехъуыста цагъд ӕмӕ, чи кафыд, уыдоны хъӕлӕба. Ӕмӕ фӕдзырдта лӕггадгӕнджытӕй иумӕ ӕмӕ йӕ бафарста, цы хабар нӕм ис, зӕгъгӕ. Уый йын дзуапп радта: „Де ’фсымӕр ӕрцыд, ӕмӕ дӕ фыд хаст уӕныг аргӕвста, фӕстӕмӕ йыл дзӕбӕхӕй кӕй сӕмбӕлд, уый номыл“. Хистӕр фырт тынг смӕсты ӕмӕ мидӕмӕ дӕр нал куымдта. Уӕд ӕм фыд рацыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын байдыдта. Фӕлӕ йын уый афтӕ бакодта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ӕмӕ мӕнӕн афтӕ дӕр никуы загътай, мӕнӕ дын сӕныкк ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ абад, зӕгъгӕ. Хӕлд сылгоймӕгтимӕ дын дӕ мулк чи бахордта, уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынд, афтӕ йын хаст уӕныг аргӕвстай“» (Лукайы 15:25–30).
Йесо хуымӕтӕг адӕмӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн кӕй тӕригъӕд кодта ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кодта, уый тыххӕй йӕм уыцы хистӕр фыртау чи мӕсты кодта? Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ. Тӕригъӕдджынтӕм хорз цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй дзы сӕ ныхтӕ ныссагътой, ӕмӕ ацы фӕсномыг ныхас дӕр уый тыххӕй радзырдта. Фӕлӕ ацы фӕсномыг ныхас хъуамӕ зондзонӕн уа, Хуыцаумӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй фаутӕ чи хӕссы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.
Йесо йӕ фӕсномыг ныхас фӕци, фыд йӕ хистӕр фыртӕн цы загъта, уымӕй: «Мӕ хъӕбул, ды ӕдзух мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у. Фӕлӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм, кӕд ӕмӕ де ’фсымӕр уыд мард, ӕмӕ райгас, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд?» (Лукайы 15:31, 32).
Хистӕр фырт дарддӕр йӕхи куыд дардта, уый тыххӕй Йесо ницыуал загъта. Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Чырысти куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ «сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыддӕгтӕ 6:7). Йесо сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас куы дзырдта, уӕд, чи зоны, уыцы сауджынтӕй дӕр чидӕртӕ уым уыдысты. О, суанг уыдонӕн дӕр уыди уый фадат, цӕмӕй сӕ рӕдыд бамбӕрстаиккой, ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ Хуыцаумӕ раздӕхтаиккой.
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой, уыцы диссаджы фӕсномыг ныхасы цы ахсджиаг зондзонӕнтӕ ис, уыдон. Фыццаджыдӕр дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕ зӕрдӕйы монцты фӕдыл-иу «дард бӕстӕм» ма ацӕуӕм, фӕлӕ алкӕддӕр уӕм Хуыцауы адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ нын уым тӕссаг ницӕмӕй у. Уым ныл нӕ уарзӕгой Фыд тыхсы ӕмӕ нӕ цух ницӕмӕй уадзы.
Ноджыдӕр ма дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Исчи нӕ Хуыцауы фӕндагӕй куы фӕиппӕрд уа, уӕд хъуамӕ йӕхимӕ уыйбӕрц сӕрныллӕгдзинад ссара, ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕ уарзӕгой Фыдмӕ раздӕха, цӕмӕй та йӕ хорзӕхӕй хайджын уа.
Фӕлӕ ма ацы фӕсномыг ныхасы ис иу ахсджиаг зондзонӕн. Ахъуыды-ма кӕн, фыды ӕмӕ хистӕр фырты зондахаст кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кодта, ууыл. Фыд йӕ фыртӕн ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавта. Хистӕр фырт та йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст хаста, ӕмӕ йын йӕ уынд дӕр хъыг уыди. Уӕдӕ, раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уыдонӕй исчи зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕ уӕларвон «Фыды хӕдзармӕ» куы ’рбаздӕхы, уыд-иу ын мах дӕр ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ-иу ӕй нӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавӕм. Цӕй уӕдӕ-иу зӕрдиагӕй цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ не ’фсымӕр «уыд мард, ӕмӕ райгас, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд»!