89 сӕр
Йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй ногӕй Иудеймӕ
ЦАЛДӔР къуырийы размӕ иудейтӕ Йесойы Иерусалимы Ногкӕныны бӕрӕгбоны марынмӕ кӕй хъавыдысты, уымӕ гӕсгӕ уый ацыд цӕгатмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Галилейы денджызы цурмӕ.
Фӕлӕ та ныр фӕстӕмӕ хуссарырдӕм Иерусалиммӕ фӕцӕуы ӕмӕ фӕндагыл хъусын кӕны Иорданы скӕсӕн хайы, Перейы хъӕуты. Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры тыххӕй фӕсномыг ныхас радзургӕйӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дарддӕр ӕмбарын кӕны, Галилейы цы дзырдта, уый.
Уый дзуры, Хуыцауы «чысылтӕй» сӕ иуы фӕрӕдийын кӕныны фӕлтау хуыздӕр кӕй уыдаид, уыцы адӕймагӕн «йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауыгътаиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы ныппӕрстаиккой». Уымӕй уӕлдай ма Йесо фӕлхат кӕны, хатыр кӕнын кӕй хъӕуы. Уый дзуры: «Ӕмӕ [де ’фсымӕр] авд хатты бон тӕригъӕд куы ракӕна дӕ ныхмӕ, ӕмӕ авд хатты куы аздӕха ӕмӕ [куы] зӕгъа: „фӕсмон кӕнын“,— бахатыр ын кӕн».
Уӕй фӕстӕ йӕм ахуыргӕнинӕгтӕ хатынц: «Фӕфылдӕр кӕн нӕ уырнындзинад». Йесо сын дзуры: «Сымахмӕ куы уаид уырнындзинад хъыцъыйы нӕмыджы бӕрц ӕмӕ зӕгъиккат ацы легъуи бӕласӕн: „фелвӕс ӕмӕ ныссӕдз денджызы“, уӕд уый байхъусид сымахмӕ». Уӕдӕ гыццыл уырнындзинадӕн дӕр йӕ бон у стыр хъуыддӕгтӕ аразын.
Ныр та, ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн цавӕр зондахаст хъуамӕ уа, уый равдисынӕн Йесо цӕвиттон ӕрхаста цардӕй: «Сымахӕй искӕмӕ хуымгӕнӕг кӕнӕ фыййау цагъар куы уа, ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрцӕуа, уӕд ын чи зӕгъдзӕн: „рацу тагъддӕр, ӕрбад фынгыл“? Фӕлӕ, нӕ зӕгъдзӕн уымӕн: „ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, ӕрбабӕтт дӕ рон ӕмӕ лӕггад кӕн мӕнӕн, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уый фӕстӕ хӕр ӕмӕ нуаз дӕхӕдӕг“? Арфӕ кӕндзӕн мыййаг уыцы цагъарӕн, йӕ бардзырд кӕй сӕххӕст кодта уымӕн, уый тыххӕй? ӕнхъӕл нӕ дӕн. Афтӕ сымах дӕр, куы сӕххӕст кӕнат, цы уын баргонд у уый, дзурут: „мах ницӕйаг цагъартӕ; уымӕн ӕмӕ махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый бакодтам“». Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕной, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕй йын хӕрзиуӕг кӕй кӕнынц. Нӕ, уыдонӕн стыр кад хъуамӕ уа, Хуыцау сӕ йӕ бинонты уӕнгтыл кӕй нымайы ӕмӕ сын ахӕм фадат кӕй дӕтты, уый.
Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд фӕзынд хъӕргӕнӕг; Иудейы бӕстӕй йӕ Вифанийы цӕрӕг Лазӕры хотӕ Марфӕ ӕмӕ Мариа рарвыстой. «Хицау! мӕнӕ Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у»,— фехъусын кодта хъӕргӕнӕг.
Йесо сын дзуапп дӕтты: «Уыцы низ мӕлӕтмӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауы кадӕн, цӕмӕй уый сӕрты скадджын уа Хуыцауы Фырт». Уый фӕстӕ ма ноджы дыууӕ боны фӕци уым ӕмӕ стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры: «Цом ногӕй Иудеймӕ». Фӕлӕ йын уыдон йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой: «Равви! раджы агуырдтой Иудейтӕ Дӕу дуртӕй амарынмӕ, ӕмӕ ды ногӕй уырдӕм цӕуыс?»
«Дыууадӕс сахаты нӕй боны? — дзуапп дӕтты Йесо. — Боныгон чи цӕуы, уый нӕ фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс; фӕлӕ ӕхсӕвыгон чи цӕуы, фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ рухс нӕй йемӕ».
Уымӕй Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъын фӕнды, ‘боны сахаттӕ’, кӕнӕ Хуыцау Йесойы зӕххон лӕггаддзинадӕн цы рӕстӕг рахицӕн кодта, уый кӕй нӕма фӕци, ӕмӕ цалынмӕ фӕуа, уӕдмӕ кӕй никӕй бон у уый бахъыгдарын. Уый хъуамӕ ӕххӕстӕй спайда кӕна «бонӕй», уымӕн ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕ куы амарой, уӕд уыдзӕн «ӕхсӕв».
Дарддӕр Йесо дзуры: «Нӕ хӕлар Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ Ӕз цӕуын уый райхъал кӕнынмӕ».
Ахуыргӕнинӕгтӕ афтӕ кӕй фенхъӕлдтой, Лазӕр ӕцӕгдӕр фынӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ дзуапп дӕттынц: «Хицау! кӕд бафынӕй, уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн».
Уӕд сын Йесо комкоммӕ дзуры: «Лазӕр амард; ӕмӕ цин кӕнын сымах тыххӕй, Ӕз уым кӕй нӕ уыдтӕн, цӕмӕй сымах баууӕндат; фӕлӕ цомут уымӕ».
Иудейы Йесойӕн амарынӕй тӕссаг кӕй у, уый ӕмбаргӕйӕ, Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кӕны: «Цӕуӕм ӕмӕ мах дӕр амӕлӕм Йемӕ». Йесо йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй сфӕнд кодта Иудеймӕ ацӕуын, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, сӕ цард тасы ӕппаргӕйӕ, араст сты йемӕ. Лукайы 13:22; 17:1—10; Иоанны 10:22, 31, 40—42; 11:1—16.
▪ Йесо фӕстаг рӕстӕджы кӕм хъусын кодта?
▪ Цавӕр ахуырӕдтӕ сфӕлхат кодта Йесо ӕмӕ цардӕй ист цӕвиттонӕй цы бамбарын кодта?
▪ Цавӕр хабар фехъуыста Йесо ӕмӕ цы нысан кӕнынц «бон» ӕмӕ «ӕхсӕв»?
▪ Цы нысан кӕнынц Фомайы ныхӕстӕ: «Цӕуӕм ӕмӕ мах дӕр амӕлӕм Йемӕ»?