92 сӕр
Иерусалиммӕ фӕстаг балцы рӕстӕджы Йесо дзӕбӕх кӕны дӕс хъотырджыны
ЙЕСО, Иерусалимӕй цӕгат-скӕсӕнырдӕм 25 километры дӕрддзӕгӕн чи ис, уыцы хъӕу Ефраиммӕ кӕй ацыд, уымӕ гӕсгӕ синедрионы уӕнгтӕн сӕ къухы нӕ бафтыд йӕ амарын. Цасдӕр рӕстӕг Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыдис уым, йе знӕгтӕй дард.
Фӕлӕ н. э. 33 азы Куадзӕн кӕй ӕрхӕстӕг, уымӕ гӕсгӕ та Йесо ис фӕндагыл. Уый ахызт Самарийыл ӕмӕ ныр Галилеймӕ ныххӕццӕ. Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо фӕстаг хатт ис ам. Галилейы Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, баиу сты, Иерусалиммӕ Куадзӕнмӕ чи цыд, уыцы адӕмимӕ. Уыдон равзӕрстой, Перейы уылты, Иорданы донбылтыл цы фӕндаг цӕуы, уый.
Сӕ балцы райдианы, Самарийы кӕнӕ Галилейы хъӕутӕй иумӕ хӕстӕг Йесо сӕмбӕлд дӕс хъотырджыныл. Уыцы ӕгъатыр низ цадӕггай хӕрын райдайы адӕймаджы буары хицӕн уӕнгтӕ — къухтӕ ӕмӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ, хъустӕ, фындз ӕмӕ былтӕ. Цӕмӕй уыцы низ иннӕтыл ма бахӕца, уый тыххӕй Хуыцауы Закъоны хъотырджыны тыххӕй дзырдӕуы: «Йӕ дзыхы онг хъуамӕ уа тыхт ӕмӕ хъӕр кӕна: „ӕнӕсыгъдӕг дӕн! ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“ Цалынмӕ йыл уыцы низ ис, уӕдмӕ хъуамӕ уа ӕнӕсыгъдӕг... уый хъуамӕ цӕра хибарӕй».
Уымӕ гӕсгӕ дӕс хъотырджыны Йесойӕ дард ӕрлӕууыдысты ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Йесо, Ахуыргӕнӕг, фӕтӕригъӕд нын кӕн!»
Йесо сӕ куы федта, уӕд сын дзуры: «Ацӕут, уӕхи равдисут сауджынтӕм». Йесо афтӕ уый тыххӕй загъта, ӕмӕ Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хъотырӕй чи сдзӕбӕх вӕййы, уый сауджыны бардзырдӕй ӕрцӕуы нымад сыгъдӕгыл. Ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ свӕййы ахӕм адӕймагӕн йӕ бон фӕстӕмӕ ӕнӕниз адӕмы ’хсӕн цӕрын.
Дӕс хъотырджыны Йесойыл кӕй баууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ, кӕд нӕма сдзӕбӕх сты, уӕддӕр араст сты сауджынтӕм. Ӕмӕ фыдӕнхъӕл нӕ фесты. Фӕндагыл цӕугӕйӕ уынынц ӕмӕ хатынц, ӕнӕниз кӕй кӕнынц!
Дӕс хъотырджынӕй фараст дарддӕр кӕнынц сӕ фӕндаг, фӕлӕ дӕсӕм, самариаг, раздӕхт Йесойы ссарынмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы тынг фӕбузныг. Хъӕрӕй кадджын кӕны Хуыцауы ӕмӕ агуры Йесойы. Куы йӕ ссардта, уӕд йӕ къӕхтӕм ӕрхауд ӕмӕ йын арфӕ кӕны.
Уый фенгӕйӕ, Йесо дзуры: «Дӕсӕй не ссыгъдӕг сты? фараст кӕм сты? ацы ӕндӕр мыггагоны йеддӕмӕ, иннӕтӕ куыннӕ раздӕхтысты Хуыцауӕн кад раттынмӕ?»
Ӕмӕ уӕд самариагӕн дзуры: «Сыст, цу; дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы дӕс хъотырджыны тыххӕй кӕсгӕйӕ, хорз уаид ахъуыды кӕнын фарстыл: «Фараст кӕм сты?» Фараст цы ӕбузныгдзинад равдыстой, уый уыд тынг стыр рӕдыд. Хуыцауӕй йӕ хорздзинӕдты тыххӕй, уыимӕ нын йӕ рӕстаг ног дунейы ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ратта, уый тыххӕй дӕр, самариаг куыд бузныг уыд, афтӕ бузныг стӕм? Иоанны 11:54, 55; Лукайы 17:11—19; Левит 13:16, 17, 45, 46; Раргомад 21:3, 4.
▪ Йесойы знӕгтӕн сӕ фӕнд сӕ къухы цӕуылнӕ бафтыд?
▪ Йесо кӕдӕм араст ӕмӕ цӕмӕн?
▪ Хъотырджынтӕ Йесойӕ дард цӕмӕн ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сӕ уый сауджынтӕм цӕмӕн арвыста?
▪ Уыцы хабар нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?