Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 92 сӕр, 216 ф.–217 ф., 7 абз.
  • Дӕс хъотырджынӕй ӕрмӕстдӕр иу фӕбузныг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕс хъотырджынӕй ӕрмӕстдӕр иу фӕбузныг
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иерусалиммӕ фӕстаг балцы рӕстӕджы Йесо дзӕбӕх кӕны дӕс хъотырджыны
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Бузныг зӕгъын дӕ нӕ ферох вӕййы?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Дӕхи хиз ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй ныр – «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 92 сӕр, 216 ф.–217 ф., 7 абз.
Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы дӕс хъотырджынӕй иу раздӕхт Йесойӕн бузныг зӕгъынмӕ

92 СӔР

Дӕс хъотырджынӕй ӕрмӕстдӕр иу фӕбузныг

ЛУКАЙЫ 17:11–19

  • ЙЕСО ДӔС ХЪОТЫРДЖЫНЫ СДЗӔБӔХ КОДТА

Йесо Синедрионы фыдвӕнд куы фехӕлдта, уӕд Иерусалимӕй, йе знӕгтӕй, йӕхи дарддӕр айста. Ацыд цӕгат-скӕсӕнырдӕм, горӕт Ефреммӕ, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ иуцасдӕр уым фӕци (Иоанны 11:54). Фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонмӕ бирӕ нал баззад, ӕмӕ та тагъд хъуамӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаид. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндаг акодта цӕгатырдӕм, Самари ӕмӕ Галилейӕйы уылты. Йӕ мӕлӕты размӕ уыцы ран уыд фӕстаг хатт.

Йӕ балцы райдианы, иу хъӕуӕй иннӕмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд, сӕмбӕлд дӕс хъотырджыныл. Хъотыр алыхуызон вӕййы. Хатгай уыцы низ адӕймагӕн йӕ буары уӕнгтӕ, зӕгъӕм, йӕ къухты ӕмӕ йӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ кӕнӕ йӕ хъустӕ, сындӕггай бахӕры (Нымӕцтӕ 12:10–12). Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ-иу хъотырджын хъуамӕ хъӕр кодтаид: «Сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн!» Ӕмӕ хъуамӕ цӕргӕ дӕр кодтаид хибар ран (Левит 13:45, 46).

Уымӕ гӕсгӕ уыцы дӕс хъотырджыны дӕр Йесомӕ хӕстӕг нӕ бацыдысты, фӕлӕ йӕм дардӕй хъӕр кодтой: «Йесо, Ахуыргӕнӕг, батӕригъӕд нын кӕн!» Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕхи сауджынтӕн фенын кӕнут» (Лукайы 17:13, 14). Афтӕмӕй равдыста, Хуыцауы Закъонӕн кӕй аргъ кӕны. Йӕ низӕй-иу чи фервӕзт, уыцы хъотырджыны-иу, Закъонмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ сауджынтӕ федтаиккой ӕмӕ-иу уыдон хъуамӕ загътаиккой, ныр сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ уыцы адӕймагӕн бар уыди, цӕмӕй та ӕнӕниз адӕмы ’хсӕн цардаид (Левит 13:9–17).

Йесо фембӕлд дӕс хъотырджыныл

Дӕс хъотырджыны нӕ дызӕрдыг кодтой, Йесойӕн йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй уыд, ууыл. Гъемӕ кӕд нӕма сдзӕбӕх сты, уӕддӕр сауджынтӕм сӕхи фенын кӕнынмӕ араст сты. Ӕмӕ, Йесойыл кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕй фыдӕнхъӕл нӕ фесты. Нырма фӕндагыл уыдысты, афтӕ йӕ бамбӕрстой, кӕй сдзӕбӕх сты, ӕмӕ йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтой!

Чи сдзӕбӕх, уыцы дӕс хъотырджынӕй фараст дарддӕр сӕ фӕндаджы кой кодтой. Фӕлӕ сӕ иу, самариаг лӕг, фӕстӕмӕ Йесойы агурӕг раздӕхт. Цӕмӕн? Цы йыл ӕрцыд, уый тыххӕй дзы тынг фӕбузныг. Уый «Хуыцауы хъӕрӕй кадджын кодта», уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, Йесо йӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы кӕй сдзӕбӕх кодта (Лукайы 17:15). Йесойы куы ссардта, уӕд йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнын райдыдта.

Уӕд Йесо, йӕ алыварс чи уыд, уыдонӕн загъта: «Дӕс адӕймаджы не сдзӕбӕх сты? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты? Ацы ӕндӕрбӕстаджы йеддӕмӕ куыд ничи раздӕхт ӕмӕ Хуыцауы куыд ничи скадджын кодта?» Стӕй самариаг лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ ацу. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта» (Лукайы 17:17–19).

Йесо уыцы дӕс хъотырджыны кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕй равдыста, Йегъовӕ Хуыцау йемӕ кӕй уыд. Ӕмӕ ныр уыцы дӕс адӕймагӕй иу Йесойы фӕрцы ӕрмӕст йӕ низӕй нӕ фервӕзт, фӕлӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дӕр слӕууыд. Абон Хуыцау Йесойы уылты ахӕм диссӕгтӕ нӕ аразы. Фӕлӕ Йесойыл куы ’ууӕндӕм, уӕд мах дӕр цӕудзыстӕм, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл – ӕнусон царды фӕндагыл. Цӕй уӕдӕ уыцы самариаг лӕгау хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Хуыцау нын ахӕм диссаджы фадат кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм.

  • Йесо Синедрионы фыдвӕнд куы фехӕлдта, уӕд кӕдӕм ацыд?

  • Дӕс хъотырджыны дӕрддзӕф цӕмӕн лӕууыдысты ӕмӕ сӕ Йесо сауджынтӕм цӕмӕн арвыста?

  • Самариаг лӕг куыд бакодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын