94 сӕр
Кувын ӕмӕ сӕрныллӕгдзинады ахсджиагдзинад
ЙЕСО Иудейы куы уыд, уӕд радзырдта фӕсномыг ныхас, ӕдзухдӕр кувын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Ныр та, фӕстаг хатт Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ, ногӕй дзуры, кувын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ис Самарийы кӕнӕ Галилейы. Ам йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры фӕсномыг ныхас:
«Иу сахары уыд тӕрхонгӕнӕг, кӕцы Хуыцауӕй нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй не ’фсӕрмы кодта. Уыцы сахары уыд иу идӕдз ус, ӕмӕ уый цыд уымӕ ӕмӕ дзырдта: бахъахъхъӕн мӕ мӕ фыдгулӕй. Фӕлӕ уый бирӕ рӕстӕг нӕ фӕндыд баххуыс кӕнын. Уый фӕстӕ загъта йӕхӕдӕг йӕхицӕн: уӕвгӕ ӕз Хуыцауӕй дӕр нӕ тӕрсын ӕмӕ адӕмӕй не ’фсӕрмы кӕнын, фӕлӕ ацы идӕдз ус мӕнӕн ӕнцой кӕй нӕ дӕтты, уый тыххӕй йӕ бахъахъхъӕнон, цӕмӕй мӕн фӕлмӕцын кӕнынмӕ мауал цӕуа».
Уый фӕстӕ Йесо ӕмбарын кӕны фӕсномыг ныхасы нысаниуӕг: «Хъусут, цы зӕгъы ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕг? Хуыцау та нӕ бахъахъхъӕндзӕн Йӕ ӕвзӕрстыты, ӕхсӕвӕй-бонӕй Уымӕ дзыназджыты, кӕд фӕстиат кӕны сӕ бахъахъхъӕнынмӕ, уӕддӕр?»
Уымӕй Йесойы нӕ фӕндыд зӕгъын, Иегъовӕ Хуыцау уыцы ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн кӕй у. Фӕлӕ кӕд ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕгмӕ дӕр бахъардтой зӕрдиаг лӕгъстӕтӕ, уӕд алы хъуыддаджы дӕр раст ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау куыннӕ фехъусдзӕн, зӕрдӕбынӕй йӕм чи кува, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ Йесо дарддӕр дзуры: «Зӕгъын сымахӕн, тагъд кӕй бадӕтдзӕн [Хуыцау] ӕххуысдзинад уыдонӕн».
Хуымӕтӕг ӕмӕ мӕгуыр адӕммӕ алыхатт хорз ахаст нӕ вӕййы, дзырддзӕугӕ ӕмӕ хъӕздыг адӕмӕн та вӕййы иннӕтӕй стырдӕр кад ӕмӕ бартӕ. Фӕлӕ Хуыцау ӕрмӕст ууыл нӕ батыхст, цӕмӕй фыдзӕрдӕ адӕм раст ӕрцӕуой тӕрхонгонд. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕрцӕттӕ кодта ӕнусон цард, цыран алкӕмӕдӕр уыдзӕн, куыд ӕмбӕлы, ахӕм ахаст. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Хуыцау рӕстдзинад кӕй ӕрӕвӕрдзӕн, ууыл фидарӕй цас адӕм ӕууӕнды?
Йесо, сӕйраджыдӕр зӕрдӕбын куывдимӕ баст чи у, ахӕм уырнындзинады кой кӕны. Уый фӕрсы: «Адӕймаджы Фырт ӕрцӕугӕйӕ ссардзӕн уырнындзинад зӕххыл?» Ӕмӕ кӕд фарстӕн дзуапп лӕвӕрд не ’рцыд, уӕддӕр ӕй уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъын фӕндыд, Чырысти Паддзахӕй куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл алкӕцы адӕймагмӕ кӕй нӕ уыдзӕн ахӕм уырнындзинад.
Йесомӕ цы адӕм хъусы, уыдоны ’хсӕн ис, йӕ уырнындзинад иттӕг раст кӕмӕ кӕсы, ахӕмтӕ дӕр. Уыдон сӕхи нымайынц рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сын иннӕтӕм ис ӕнӕрвӕссон ахаст. Гӕнӕн ис, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ сты. Ӕмӕ растдӕр уыдонӕн дзуры Йесо иннӕ фӕсномыг ныхас:
«Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты кувӕндонмӕ бакувынмӕ: иу фарисей, иннӕ та мытӕр. Фарисей слӕугӕйӕ куывта йӕхимидӕг афтӕ: Хуыцау! арфӕ кӕнын Дӕуӕн, ӕз кӕй нӕ дӕн иннӕ адӕмты хуызӕн, давджытӕ, ӕфхӕрджытӕ, хӕтджытӕ, кӕнӕ мӕнӕ куыд ацы мытӕр: ком дарын дыууӕ хатты къуырийы мидӕг, дӕттын дӕсӕм хай, цы мӕм хауы, уымӕй».
Фарисейтӕ зындгонд сты, хорз хъуыддӕгтӕ адӕмы раз сӕхи равдисынӕн кӕй аразынц, уымӕй. Къуырисӕр ӕмӕ сын цыппӕрӕм сты сӕхи сфидаргонд комдарӕн бонтӕ, уымӕй уӕлдай намысджынӕй фидынц дӕсӕм хай суанг хӕрз гыццыл быдырон кӕрдӕджытӕй дӕр. Цалдӕр мӕйы размӕ Халагъудты бӕрӕгбоны уыдон ӕргомӕй равдыстой се ’нӕрвӕссон ахаст хуымӕтӕг адӕммӕ, куы загътой: «Фӕлӕ ацы адӕм, закъон [ома йӕ фарисейтӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй] нӕ зонӕг, ӕлгъыст у».
Дарддӕр йӕ фӕсномыг ныхасы Йесо дзуры ахӕм «ӕлгъыст» адӕймаджы тыххӕй: «Мытӕр та, дард лӕугӕйӕ, йӕ цӕстытӕ арвмӕ сисын дӕр нӕ уӕндыд; фӕлӕ, йӕ риу хойгӕйӕ, дзырдта: Хуыцау! у хӕларзӕрдӕ мӕнмӕ, тӕригъӕдджынмӕ!» Мытӕр сӕрныллӕгӕй йӕ рӕдыдтытыл кӕй басаст, уымӕ гӕсгӕ Йесо кӕронбӕттӕны дзуры: «Зӕгъын сымахӕн, уый иннӕмӕй бирӕ растдӕрӕй ацыд йӕ хӕдзармӕ: уымӕн ӕмӕ алкӕцы, йӕхӕдӕг йӕхи бӕрзондгӕнӕг ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг кӕнӕг та сбӕрзонд уыдзӕн».
Уымӕй та Йесо ногӕй бахахх кодта, сӕрныллӕгдзинад тынг ахсджиаг кӕй у. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, стырзӕрдӕ фарисейтӕн сӕйраг ахадындзинад кӕм ис, ахӕм ӕхсӕнады кӕй схъомыл сты, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, фарисейты зондахаст уыдоныл дӕр кӕй бандӕвта. Фӕлӕ сын Йесо сӕрныллӕгдзинады тыххӕй ӕрхаста диссаджы цӕвиттон! Лукайы 18:1—14; Иоанны 7:49.
▪ Ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕг идӕдз усы лӕгъстӕйӕн дзуапп цӕмӕн ратта ӕмӕ нӕ Йесойы фӕсномыг ныхас цӕуыл ахуыр кӕны?
▪ Зӕхмӕ ӕрцӕугӕйӕ, Йесойы цавӕр уырнындзинад фӕнды ссарын?
▪ Кӕмӕн дзуры Йесо фарисей ӕмӕ мытӕры тыххӕй фӕсномыг ныхас?
▪ Фарисейтӕ цавӕр зондахастыл лӕуд сты ӕмӕ уыцы зондахастӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?