96 сӕр
Йесо ӕмӕ хъӕздыг хицау
ЙЕСО Перейы уылты Иерусалиммӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм иу лӕппулӕг базгъордта ӕмӕ йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд. Уыцы лӕппулӕджы хицау хонынц, ӕвӕццӕгӕн, у синедрионы уӕнг кӕнӕ та бынӕттон ӕмбырдгӕнӕны стыр бынат ахсы. Уыимӕ у тынг хъӕздыг. «Фӕрнджын Ахуыргӕнӕг,— фӕрсы уый. — Мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»
«Цӕмӕн Мӕ хоныс фӕрнджын? — дзуры Йесо.— Иунӕг Хуыцауы йедтӕмӕ фӕрнджын ничи у» (МСЕ). Ӕвӕццӕгӕн уыцы адӕймаг дзырд «фӕрнджынӕй» пайда кӕны куыд титулӕй, ӕмӕ ахӕм титул ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ӕмбӕлы, Йесо йын уый тыххӕй загъта афтӕ.
«Кӕд дӕ фӕнды мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, сӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ»,— дзуры йын дарддӕр Йесо.
«Кӕцытӕ?» — фӕрсы уый.
Йесо йын ӕрхаста Дӕс фӕдзӕхстӕй фондз: «Ма мар; ма хӕт; ма дав; мӕнг ӕвдисӕнад ма кӕн; нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады». Ӕмӕ сӕм стӕй бафтыдта ноджы ахсджиагдӕр фӕдзӕхст: «Уарз дӕ хӕстӕджы, куыд дӕхӕдӕг дӕхи».
«Уыдон ӕппӕтдӕр бахъахъхъӕдтон мӕ ӕрыгонӕй нырмӕ? — сыгъдӕгзӕрдӕйӕ дзуапп дӕтты лӕппулӕг.— Цы хъуаг ма дӕн?»
Йесо уыцы зӕрдӕбын, ӕнӕхин фарст куы фехъуыста, уӕд ӕвзонг адӕймаг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Фӕлӕ йын хъӕздыгдзинад тынг зынаргъ кӕй у, уый дӕр фӕхатыд ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ амоны, цы саразын ма йӕ хъӕуы: «Иу дын нӕ фаг кӕны: цу, цы дӕм ис, уыдон иуылдӕр ауӕй кӕн ӕмӕ сӕ байуар мӕгуыргуртӕн, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзнатӕ уӕлӕрвты; ӕмӕ ӕрцу, дзуар райсгӕйӕ, Мӕ фӕстӕ рацу».
Хъыгагӕн Йесо уыны, лӕппулӕг кӕй сыстад ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй кӕй ацыд. Йӕ хъӕздыгдзинад ӕй бакуырм кодта ӕмӕ ӕцӕг хӕзна куыд зынаргъ у, уый фенын йӕ бон нал у. «Куыд зын у хъӕздыгдзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!» — ӕнкъардӕй дзуры Йесо.
Йесойы ныхӕстӕм ахуыргӕнинӕгтӕ дисы бафтыдысты. Сӕ дисӕн бынтон кӕрон та уӕд нал уыд, Йесо куы загъта: «Теуайӕн ӕнцондӕр у судзины бын ауайын, цӕйнӕфӕлтау хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын».
«Кӕй бон ма у фервӕзын?» — фӕрсынц ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ.
Йесо сӕм комкоммӕ кӕсы ӕмӕ дзуры: «Адӕймӕгтӕн нӕу уый сӕ бон, фӕлӕ Хуыцауӕн у; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕтдӕр у йӕ бон».
Хъӕздыг лӕппулӕджы уӕлдай ахуыргӕнинӕгтӕ бынтон ӕндӕр фӕндаг кӕй равзӕрстой, уымӕ амонгӕйӕ, Петр дзуры: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕтдӕр ӕмӕ ацыдыстӕм Дӕу фӕстӕ». Ӕмӕ фӕрсы Йесойы: «Цы уыдзӕнис махӕн?»
«Мӕ фӕстӕ рацӕуджытӕ,— ног царды, Адӕймаджы Фырт куы ӕрбада Йӕ Паддзахады кады бадӕны, уӕд ӕрбаддзыстут сымах дӕр дыууадӕс паддзахы бадӕныл Израилы дыууадӕс фӕлтӕрӕн тӕрхон кӕнынмӕ»,— загъта сын Йесо. О, Йесо ӕмбарын кӕны, Едемы дыргъдоны цы уавӕртӕ уыд, уыдон зӕххыл ногӕй кӕй уыдзысты. Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райсдзысты Йесоимӕ иумӕ уыцы ӕппӕтдунеон дзӕнӕтыл паддзахиуӕг кӕныны хорзӕх. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм диссаджы хорзӕх райсыны тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр ис сфӕразӕн!
Фӕлӕ Йесо куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй адӕймаг ныр дӕр исы стыр хорзӕхтӕ: «Нӕй ахӕм, кӕцы ныууадза йӕ хӕдзар, кӕнӕ ӕфсымӕрты, кӕнӕ хоты, кӕнӕ фыды, кӕнӕ мады, кӕнӕ усы, кӕнӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ зӕххытӕ, Мӕн ӕмӕ Евангелийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ райса ныр, ацы сурындзинӕдты афон, сӕдӕ хатты фылдӕр хӕдзӕрттӕ, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ хотӕ, ӕмӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ мадӕлтӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ зӕххытӕ, ӕрцӕуинаг дуджы та мыггагмӕйы цард».
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ ӕвӕры, кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сын циндзинад кӕй хӕсдзысты се ’мчырыстӕттимӕ ахастытӕ, ӕмӕ уыдон та сты бинонты ахастытӕй бирӕ ӕнгомдӕр ӕмӕ зынаргъдӕр. Уӕдӕ хъӕздыг лӕппулӕг фесӕфта уыцы хорзӕх дӕр ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады ӕнустӕм цӕрыны фадат дӕр.
Дарддӕр Йесо йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Бирӕ фыццӕгтӕ та уыдзысты фӕстӕгтӕ, ӕмӕ фӕстӕгтӕ фыццӕгтӕ». Цы зӕгъын фӕнды Йесойы ацы ныхӕстӕй?
Уый зӕгъын фӕнды, хъӕздыг хицауау дины хъуыддаджы «фыццӕгтӕ» чи сты, уыдонӕй бирӕтӕ Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты. Уыдон уыдзысты «фӕстӕгтӕ». Стырзӕрдӕ фарисейтӕ «фӕстӕгтыл» — сау адӕм кӕнӕ ам-хаа́ретс-ыл — кӕй нымайынц, уыдонӕй бирӕтӕ та, уыимӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, уыдзысты «фыццӕгтӕ». Уыдон райсдзысты Чырыстиимӕ йӕ Паддзахады хицауиуӕг кӕныны кадджын бар. Маркы 10:17—31; Матфейы 19:16—30; Лукайы 18:18—30.
▪ Цавӕр хицауы бынат ахсы хъӕздыг лӕппулӕг?
▪ Йесойы фӕрнджын куы схуыдтой, уӕд ыл цӕуылнӕ сразы?
▪ Лӕппулӕджы цӕвиттон нын куыд ӕвдисы, хъӕздыгдзинад куыд тӕссаг у, уый?
▪ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр хорзӕхӕй бавӕрдта зӕрдӕ?
▪ Фыццӕгтӕ фӕстӕгтӕ куыд уыдзысты ӕмӕ фӕстӕгтӕ та — фыццӕгтӕ?