96 СӔР
Йесойы дзуапп хъӕздыг хицауӕн
МАТФЕЙЫ 19:16–30 МАРЧЫ 10:17–31 ЛУКАЙЫ 18:18–30
ХЪӔЗДЫГ ЛӔГ ФӔРСЫ ӔНУСОН ЦАРДЫ ТЫХХӔЙ
Йесо цыди Иерусалиммӕ, фӕлӕ нырма Перейӕ нӕ ахызти. Уым ӕм фӕндагыл иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаг базгъордта ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд. Уыцы лӕг уыди «хицау», ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырдгӕнӕны хистӕр кӕнӕ Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕй иу. Гъемӕ Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?» (Лукайы 8:41; 18:18; 24:20).
Йесо йын загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у» (Лукайы 18:19). Ӕвӕццӕгӕн ӕм, «хорз», зӕгъгӕ, ӕнӕуи сдзырдта, раввинтӕ-иу куыд кодтой, афтӕ. Ӕмӕ кӕд Йесо адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕцӕгдӕр хорз арӕхст, уӕддӕр ын бамбарын кодта, «хорз» ӕрмӕстдӕр Хуыцауы кӕй ис хонӕн.
Уый фӕстӕ радта ахӕм уынаффӕ: «Фӕлӕ дӕ кӕд цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн». Уӕд ӕй нӕлгоймаг бафарста: «Кӕцы фӕдзӕхстытӕй зӕгъыс?» Йесо Дӕс фӕдзӕхстӕй фондз ранымадта, зӕгъгӕ, ма амар, ма хӕт, ма адав, мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу, нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады. Ӕмӕ сӕм стӕй бафтыдта ноджы ахсджиагдӕр фӕдзӕхст: «Уарз иннӕты, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матфейы 19:17–19).
Хъӕздыг хицау та йын загъта: «Уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Ноджыдӕр ма мӕ цы бакӕнын хъӕуы?» (Матфейы 19:20). Ӕвӕццӕгӕн ӕм афтӕ каст, ӕмӕ, цӕмӕй ӕнусон цард райсыны аккаг уа, уый тыххӕй ма йӕ хорзӕй цыдӕр саразын хъӕуы, зӕгъӕм, исты хъӕбатырдзинад равдисын. Йесо бафиппайдта, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕ йӕ кӕй фарста, ӕмӕ «йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын» (Марчы 10:21). Фӕлӕ уыцы ӕвзонг хицауӕн йӕ разы уыди стыр цӕлхдур.
Йӕ зӕрдӕ баст уыди йӕ фӕллӕйттыл, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Иу цыдӕр ма дӕ хъӕуы бакӕнын: ацу, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл». Ӕцӕгдӕр, йӕ бон уыди афтӕ бакӕнын, ӕмӕ йе ’хца мӕгуыртыл байуӕрстаид, йӕ хорздзинад ын йӕ бон бафидын кӕмӕн нӕ уыд, уыдоныл, ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинаг суыдаид. Фӕлӕ ӕрыгон хицау йӕ сӕр ӕруагъта ӕмӕ ӕнкъардӕй ацыд. Уый фенгӕйӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ куыннӕ фӕрыстаид. Уыцы нӕлгоймагӕн йӕ зӕрдӕ йе «стыр фӕллӕйттыл» баст кӕй уыд, уый йӕ бакуырм кодта, ӕмӕ ӕцӕг хӕзна фенын йӕ бон не сси (Марчы 10:21, 22). Йесо загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын уыдзӕн, ӕхца кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын!» (Лукайы 18:24).
Уыцы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм тынг диссаг фӕкастысты. Къаддӕр дис нӕ бакодтой, дарддӕр цы загъта, ууыл дӕр: «Хъӕздыгӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у». Уый куы фехъуыстой, уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ ма уӕд чи фервӕздзӕн?» Цымӕ фервӕзын ӕцӕгдӕр афтӕ зын у, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ къухы нӕ бафтдзӕн? Йесо сӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ сын дзуапп радта: «Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон» (Лукайы 18:25–27).
Уӕд ӕй Петр бафарста: «Мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм? Цы нын уыдзӕн хорзӕй?» Петры уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ уыцы хъӕздыг лӕгӕй уӕлдай апостолтӕ ӕндӕр фӕндаг равзӕрстой. Йесо сын сӕ хъус ӕрдардта, афтӕ кӕй бакодтой, уый сын цы арфӕдзинад ӕрхӕсдзӕн, уымӕ: «Адӕймаджы Фырт йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ӕрбада ӕмӕ ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд сымах дӕр, мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл ӕмӕ тӕрхон кӕндзыстут Израилы дыууадӕс мыггагӕн» (Матфейы 19:27, 28).
Йесо фидӕны кой кодта – Хуыцау зӕххыл, кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны цы диссаджы уавӕртӕ уыд, ахӕм уавӕртӕ ногӕй куы сараза, уыцы рӕстӕджы кой. Уӕд Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты ӕмӕ разамынд дӕтдзысты, зӕххыл Дзӕнӕты чи цӕра, уыдонӕн. Уӕдӕ уыцы хӕрзиуӕг уый аккаг куыннӕ у, цӕмӕй сӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кодтаиккой!
Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм хӕрзиуӕг ӕрмӕст фидӕны не ’нхъӕлмӕ каст – уыцы рӕстӕджы дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй уыдысты хайджын. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууагъта, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ абон бирӕ фылдӕр чи не ссара, фидӕны та – ӕнусон цард» (Лукайы 18:29, 30).
Ӕцӕгдӕр, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуой,– алы ран дӕр сын ис хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон сын сты хи бинонтӕй дӕр адджындӕр ӕмӕ зынаргъдӕр. Хъыгагӕн, хъӕздыг хицау йӕхи ӕнӕхай фӕкодта уыцы диссаджы арфӕдзинадӕй дӕр ӕмӕ, Хуыцауы уӕларвон Паддзахадмӕ бацыдаид, уыцы хӕрзиуӕгӕй дӕр.
Йесо ма фӕстагмӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ» (Матфейы 19:30). Цымӕ йӕ ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд?
Уыцы хъӕздыг хицау уыд «фыццӕгтӕй», уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй уыди. Стӕй Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕм Йесо фылдӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ уымӕн йӕ мулк ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕй зынаргъдӕр ницы уыд. Хуымӕтӕг адӕм та ӕмбӕрстой, Йесо сын рӕстдзинад ӕмӕ царды фӕндаг кӕй амыдта. Ӕмӕ кӕд «фӕстӕгтӕ» уыдысты, уӕддӕр систы «фыццӕгтӕ». Уыдон уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзахбадӕнтыл баддзысты ӕмӕ, зӕххыл Дзӕнӕты чи цӕра, уыдонӕн разамынд дӕтдзысты.