Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 103 сӕр
  • Дыккаг бацыд кувӕндонмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дыккаг бацыд кувӕндонмӕ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Ӕрцыд Йӕ сахат»!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 103 сӕр

103 сӕр

Дыккаг бацыд кувӕндонмӕ

ЙЕСО ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерихонӕй куы ӕрхӕццӕ сты, уӕдӕй нырмӕ ӕртыккаг ӕхсӕв арвыстой Вифанийы. 10 нисаны, къуырисӕры та райсомӕй раджы Иерусалиммӕ араст сты. Йесо сӕххормаг ӕмӕ легъуибӕласыл сыфтӕртӕ куы федта, уӕд ӕм хӕстӕг бацыд, легъуитӕ йыл ис ӕви нӕ, уый фенынмӕ.

Ацы бӕлас ӕнахуыр раджы рафтыдта сыфтӕр, уымӕн ӕмӕ легъуибӕлас сыфтӕр июнӕй раздӕр никуы рафтауы. Ныр та мартъийы кӕрон у. Сыфтӕртӕ йыл раздӕр кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕны, лӕгъуитӕ дӕр ыл раздӕр кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ фыдӕнхъӕл фӕци. Бӕласы сыфтӕртӕ цӕст сайынц. Уӕд Йесо бӕласы ралгъыста: «Амӕй фӕстӕмӕ мачиуал бахӕрӕд дӕуӕй дыргъ мыггагмӕ». Ацы ныхӕсты фӕстиуӕг ӕмӕ символикон нысаниуӕг иннӕ бон райсомӕй рабӕрӕг уыдзысты.

Гыццыл фӕстӕдӕр Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрхӕццӕ сты Иерусалиммӕ. Йесо бацыд, иу бон раздӕр Елеоны хохӕй кӕдӕм каст, уыцы кувӕндонмӕ. Фӕлӕ абон ам уый аразы, ӕртӕ азы размӕ, н. э. 30 азы Куадзӕны рӕстӕджы дзы цы сарӕзта, уый. Кувӕндонӕй уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджыты расырдта, ӕхцаивджытӕн ӕмӕ бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та се стъӕлттӕ афӕлдӕхта. Суанг ма кувӕндоны уылты мигӕнӕнтӕ хӕссыны бар дӕр никӕмӕн дӕтты.

Уый тӕрхон кӕны ӕхцаивджытыл ӕмӕ фос чи уӕй кӕны, уыдоныл ӕмӕ сын дзуры: «Фыст нӕу ӕви: „Мӕ хӕдзар кувӕндон хӕдзар хуыйндзӕн ӕппӕт адӕмтӕн“? сымах та йӕ абырджыты лӕгӕт скодтат». Уыдон ӕцӕг абырджытӕ сты, уымӕн ӕмӕ фос нывондхӕссынӕн кӕй хъӕуынц ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй балхӕндзысты, уый зонгӕйӕ сӕ туджы аргъ скодтой. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хуызы чи базар кӕны, уыдоны Йесо нымайы давджытыл ӕмӕ стигъджитыл.

Йесо цы сарӕзта, уый фехъусгӕйӕ, хистӕр сауджынтӕ, чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ногӕй агурынц йӕ амарыны фадат. Уымӕй уыдон ӕвдисынц, срастгӕнӕн сын кӕй нӕй, уый. Фӕлӕ Йесойы куыд амарой, уый нӕ зонынц, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕм цӕуынц йӕ фӕдыл ӕмӕ йӕм хъусынц.

Куадзӕнмӕ канд иудейтӕ не ’рцыдысты. Уым ис, иудейаг дин чи райста, ахӕм адӕм, ома прозелиттӕ дӕр. Цалдӕр грекъаджы, ӕвӕццӕгӕн, прозелиттӕ, курынц Филиппӕй, цӕмӕй сын Йесойы фенын кӕна. Филипп ацыд Андреймӕ, ахӕм фембӕлдӕн гӕнӕн ис ӕви нӕ, уый базонынмӕ. Йесо та ныр дӕр ма, ӕвӕццӕгӕн, ис кувӕндоны, ӕмӕ йӕ уым у сӕ бон фенын.

Йӕ мӕлӕтмӕ цалдӕр боны йеддӕмӕ кӕй нал баззад, уый зонгӕйӕ, Йесо фӕсномыг ныхасӕй ӕргом ӕвдисы йӕ уавӕр: «Ӕрхӕццӕ Адӕймаджы Фырты скадджын кӕныны сахат. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: мӕнӕуы гага зӕхмӕ ӕрхаугӕйӕ, куы нӕ амӕла, уӕд баззайдзӕн иуӕй; куы амӕла, уӕд ӕрхӕсдзӕн бирӕ дыргъ».

Иу мӕнӕуы нӕмыгӕн ницы аргъ ис. Фӕлӕ зӕхмӕ куы ӕрхауы ӕмӕ куы «амӕлы», уӕд цы ’рцӕуы? Сӕвзӕры, сырӕзы ӕмӕ бирӕ нӕмгуытӕ ӕрхӕссы. Афтӕ Йесо дӕр у ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ йӕ мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдион куы уа, уӕд йӕхи хуызӕн иузӕрдион адӕймӕгтӕ уый уылты райсдзысты ӕнусон цард. Уымӕ гӕсгӕ Йесо дзуры: «Йӕ уды чи уарзы, уый йӕ фесафдзӕн; фӕлӕ йӕ уды чи нӕ уарзы ацы дунейы, уый йӕ бахъахъхъӕндзӕн мыггагмӕйы цардмӕ».

Бӕрӕг у, Йесо ӕрмӕст йӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кӕны, уымӕн ӕмӕ дарддӕр дзуры: «Мӕнӕн чи кусы, Мӕн фӕстӕ рацӕуӕд, ӕмӕ Ӕз кӕм Дӕн, уым Мӕ кусӕг дӕр уыдзӕн; ӕмӕ Мӕнӕн чи кусы, уый скадджын кӕндзӕн Мӕ Фыд». Цӕй диссаджы лӕвар ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йесойы фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ йын чи кусы, уыдонмӕ! Уыдонӕн Фыд ратдзӕн Йесоимӕ паддзахиуӕг кӕныны бар.

Цы стыр фыдӕбӕттӕ ӕмӕ йӕм хъизӕмайраг мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, Йесо дарддӕр дзуры: «Мӕ уд сызмӕст ныр; ӕмӕ цы зӕгъон Ӕз? Мӕ Фыд! фервӕзын кӕн Мӕн ацы сахатӕй!» Тӕхуды куы уаид уымӕй исты хуызы фервӕзӕн! Фӕлӕ йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй уымӕн гӕнӕн нӕй: «Ацы сахаты тыххӕй Ӕз цӕугӕ дӕр ӕркодтон». Йесо ӕххӕстӕй разы у Хуыцауы фӕндоныл, уыимӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыныл дӕр. Матфейы 21:12, 13, 18, 19; Маркы 11:12—18; Лукайы 19:45—48; Иоанны 12:20—27.

▪ Кӕд легъуийы афон нӕма у, уӕд Йесойы легъуибӕласыл легъуитӕ ссарыны ныфс цӕмӕн уыд?

▪ Йесо кувӕндоны уӕйгӕнджыты «абырджытӕ» цӕмӕн схуыдта?

▪ Йесо, чи амӕлы, уыцы мӕнӕуы нӕмыджы хуызӕн цы хуызы у?

▪ Цы хъуыды кӕны Йесо, цы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ йӕм мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын