Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 76 сӕр, 180 ф.–181 ф., 2 абз.
  • Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо асыгъдӕг кодта кувӕндон
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо Хуыцауы хӕдзар ссыгъдӕг кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Иегъовӕйы кувынадыл зӕрдиагдзинад
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 76 сӕр, 180 ф.–181 ф., 2 абз.
Йесо кувӕндонӕй фысты ӕмӕ галты ехсӕй ратардта, ӕхцаивджытӕн та се стъӕлттӕ афӕлдӕхта

76 СӔРГОНД

Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта

Нӕ эрӕйы 30 азы уалдзӕджы Йесо ацыд Иерусалиммӕ. Уыцы рӕстӕг уырдӕм Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынмӕ бирӕ адӕм ӕрцыд. Адӕм кувӕндоны хастой фосы нывӕндтӕ. Чи йӕ хӕдзарӕй ӕртардта галтӕ ӕмӕ фыстӕ, чи та сӕ Иерусалимы балхӕдта.

Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд федта, чидӕртӕ дзы фос кӕй уӕй кӕнынц, уый. Йегъовӕйы хӕдзары – адӕм кӕм куывтой, уым – сӕхицӕн ӕхца куыстой! Йесо сӕм тынг смӕсты. Уый бӕндӕнтӕй ехс скодта ӕмӕ фысты ӕмӕ галты кувӕндонӕй ратардта. Ӕхцаивджытӕн та се стъӕлттӕ афӕлдӕхта ӕмӕ сын се ’хцатӕ зӕххыл ныппырх кодта. Бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та загъта: «Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут! Мӕ Фыды хӕдзарӕй мын базаргӕнӕн мауал аразут!»

Кувӕндоны цы адӕм уыд, уыдонмӕ диссаг фӕкаст, Йесо цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарад загъд уыд, уый: «Йегъовӕйы хӕдзар мын тынг зынаргъ у».

Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 33 азы, Йесо кувӕндон дыккаг хатт ссыгъдӕг кодта. Йесо уый бар никӕмӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ Фыды хӕдзарӕй исчи хынджылӕг кодтаид.

«Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Лукайы 16:13)

Фарстатӕ. Йесо кувӕндоны адӕмы фос уӕйгӕнгӕ куы федта, уӕд куыд бакодта? Афтӕ цӕмӕн бакодта?

Матфейы 21:12, 13; Марчы 11:15–17; Лукайы 19:45, 46; Иоанны 2:13–17; Псалом 69:9

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын