16 СӔР
Йесо Хуыцауы хӕдзар ссыгъдӕг кодта
ЙЕСО КУВӔНДОНӔЙ БАЗАРГӔНДЖЫТЫ РАТАРДТА
Канӕйы чындзӕхсӕвы фӕстӕ Йесо ацыд Капернауммӕ. Йемӕ ацыдысты йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр – Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ.
Фӕлӕ цымӕ Йесо Капернауммӕ цӕмӕн ацыд? Уыцы горӕт Назаретӕй ӕмӕ Канӕйӕ зындгонддӕр уыд, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, уыдонӕй стырдӕр уыди. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йесойы ног ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уыцы горӕты кӕнӕ уырдӕм хӕстӕг хъӕуты цардысты. Ӕмӕ йын фадат уыди, цӕмӕй сӕ сӕхи горӕты фылдӕр истӕуылты сахуыр кодтаид.
Уымӕй уӕлдай ма Йесо Капернаумы диссӕгтӕ дӕр сарӕзта. Ӕмӕ афтӕмӕй, горӕты ӕмӕ йӕ алыварс чи цард, уыдонӕй бирӕтӕ фехъуыстой, Йесо уым цытӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ уым бирӕ нӕ бафӕстиат сты. Уыди н. э. 30 аз, уалдзӕг. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауыл иузӕрдион дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕуын хъуыди Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ.
Иерусалимы кувӕндоны Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты дисы бафтыдта – ахӕмӕй йӕ уымӕй размӕ никуы федтой.
Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгты хъуыди кувӕндоны фосы нывӕндтӕ хӕссын. Стӕй-иу, кувӕндонмӕ чи ӕрбацыд, уыдон-иу цалынмӕ уым уыдысты, уӕдмӕ-иу сӕ хӕрын дӕр куыннӕ хъуыдаид. Уымӕ гӕсгӕ-иу Иерусалиммӕ дард рӕттӕй чи ’рцыд, уыдонӕн Закъон бар лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу семӕ ӕхца ӕрбахастаиккой ӕмӕ-иу «стуртӕ, фыстӕ, сӕгътӕ» ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыдаид, уыдӕттӕ уым бынаты балхӕдтаиккой (Дыккаг закъон 14:24–26). Гъемӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ базаргӕнджытӕ фос ӕмӕ мӕргътӕ уӕй кӕнын райдыдтой Иерусалимы кувӕндоны стыр кӕрты. Стӕй дзы бирӕтӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ тынг зынаргъ кодтой ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы стыгътой.
Йесо мӕстӕй рафыхт ӕмӕ ӕхцаивджытӕн се ’хцатӕ ныппырх кодта ӕмӕ сын се стъӕлттӕ афӕлдӕхта, сӕхи та сын кувӕндонӕй ратардта. Стӕй загъта: «Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут! Мӕ Фыды хӕдзарӕй мын базаргӕнӕн мауал аразут!» (Иоанны 2:16).
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Хуыцауы Фырты тыххӕй Фыстады цы пехуымпарад фыст уыд, уый, «дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕрдзӕни», зӕгъгӕ. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Адӕттӕ аразыны бар дын кӕй ис, уый нын цавӕр диссагӕй равдисдзынӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Мӕнӕ ацы кувӕндон ныппырх кӕнут, ӕмӕ йӕ ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн» (Иоанны 2:17–19; Псалом 69:9).
Дзуттӕгтӕ афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо Иерусалимы кувӕндоны кой кӕны. Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ацы кувӕндон цыппор ӕхсӕз азы арӕзтой, ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?» (Иоанны 2:20). Фӕлӕ, Йесо цы кувӕндоны кой кодта, уый уыди йӕ буар. Ӕмӕ ӕртӕ азы фӕстӕ, Йесо куы райгас, уӕд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты.