Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 105 сӕр
  • Ахсджиаг боны райдиан

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ахсджиаг боны райдиан
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Вифанийы, Симоны хӕдзары
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 105 сӕр

105 сӕр

Ахсджиаг боны райдиан

КЪУЫРИСӔРЫ изӕрӕй Йесо Иерусалимӕй фӕстӕмӕ аздӕхт Вифанимӕ. Уый ис Елеоны хохы скӕсӕн фарс. Фесты Иерусалимы йӕ лӕггаддзинады фӕстаг дыууӕ боны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ныр дӕр ӕхсӕвуиат кӕны йӕ хӕлар Лазӕрмӕ. Майрӕмбоны Иерихонӕй куы ӕрцыд, уӕдӕй нырмӕ цыппӕрӕм ӕхсӕв ӕрвиты Вифанийы.

11 нисаны, дыццӕджы, райсомӕй раджы та йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ис фӕндагыл. Ацы бон у Йесойы лӕггаддзинады сӕйраг ӕмӕ ӕппӕты ӕнӕвдӕлондӕр бон. Йесо фӕстаг хатт цӕуы кувӕндонмӕ. Йӕ тӕрхон ӕмӕ йӕ мӕлӕты размӕ зӕххыл лӕггад кӕны фӕстаг бон.

Ныр дӕр та Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалиммӕ цӕуынц, алыхатт кӕуылты цыдысты, уыцы фӕндагыл, Елеоны хохыл. Вифанийӕ куы рахызтысты, уӕд Петр ауыдта, Йесо уый размӕ бон райсомӕй цы легъуибӕлас ралгъыста, уый ӕмӕ дзуры: «Ахуыргӕнӕг! акӕс-ма, Ды цы легъуи бӕлас ралгъыстай, уый бахус».

Фӕлӕ цӕмӕн бахус кодта Йесо уыцы бӕлас? Уый дзуры: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: куы уӕм уа уырнындзинад ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕнат, уӕд лӕгъуи бӕласимӕ цы конд ӕрцыд, ӕрмӕст уый нӕ бакӕндзыстут, фӕлӕ куы зӕгъат ацы хохӕн [Елеоны хохӕн — кӕм лӕууынц, уымӕн]: „сыст ӕмӕ ныххау денджызмӕ“,— уыдзӕн; ӕмӕ ӕппӕт дӕр, цы ракурат кувгӕйӕ уырнындзинадимӕ, райсдзыстут».

Йесо легъуибӕлас кӕй бахус кодта, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цӕстуынгӕ хуызы равдыста, Хуыцауыл кӕй хъуамӕ ӕууӕндой. Дарддӕр уый дзуры: «Ӕппӕтдӕр, цы курат кувгӕйӕ, ӕууӕндут кӕй райсдзыстут,— ӕмӕ уыдзӕн сымахӕн». Тагъд сӕм стыр зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ гӕсгӕ сын ацы зондамынд тынг пайда у. Фӕлӕ ма, легъуибӕлас кӕй бахус, уый ӕмӕ уырнындзинады ’хсӕн ис ӕндӕр бастдзинад дӕр.

Легъуибӕласау Израилы адӕмӕн дӕр ис цӕстсайӕн ӕддаг бакаст. Кӕд уыцы адӕм Хуыцауимӕ цӕдисы сты ӕмӕ ахӕм хуыз ӕвдисынц, цыма йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц, уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕй сбӕлвырд кодтой, уырнындзинад ӕмӕ сӕм хорз дыргътӕ кӕй нӕй. Уый аххосӕй атигъ кӕндзысты сӕхи Хуыцауы Фыртыл дӕр! Уӕдӕ Йесо ӕнӕдыргъ легъуибӕлас кӕй бахус кодта, уымӕй равдыста, ӕнӕдыргъ, ӕнӕуырнӕг адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

Гыццыл фӕстӕдӕр Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрхӕццӕ сты Иерусалиммӕ ӕмӕ та кувӕндонмӕ ацыдысты. Уым Йесо ахуыр кӕны адӕмы. Сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕй нӕма ферох, уый размӕ бон Йесо ӕхцаивджыты кӕй фӕсырдта, ӕмӕ йӕм ныр лӕбурӕгау кӕнынц: «Цавӕр хицауадӕй кӕныс Ды адон? ӕмӕ чи ратта Дӕуӕн ахӕм бар?»

Йесо сын дзуры: «Бафӕрсдзынӕн Ӕз дӕр сымах иу хъуыддагӕй; кӕд уый тыххӕй зӕгъат Мӕнӕн, уӕд Ӕз дӕр зӕгъдзынӕн сымахӕн, цавӕр хицауадӕй кӕнын адон; Иоанны аргъуыд кӕцӕй уыдис: ӕрвтӕй ӕви адӕймӕгтӕй?»

Сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕнынц, цавӕр дзуапп ын раттой: «Куы зӕгъӕм: „ӕрвтӕй“, уӕд нын Уый зӕгъдзӕн: „уӕдӕ цӕй тыххӕй сымах нӕ баууӕндыдыстут ууыл?“ Фӕлӕ куы зӕгъӕм: „адӕймӕгтӕй“ — тӕрсӕм адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон иуылдӕр Иоанны нымайынц пехуымпарыл».

Разамонджытӕ цы дзуапп раттой, уый нӕ зонынц. Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн дзурынц: «Нӕ зонӕм».

Уӕд сын Йесо дзуры: «Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн сымахӕн, цавӕр хицауадӕй кӕнын адон». Матфейы 21:19—27; Маркы 11:19—33; Лукайы 20:1—8.

▪ 11 нисан, дыццӕг, ахӕм ахсджиаг бон цӕмӕн у?

▪ Йесо легъуибӕлас кӕй бахус кодта, уымӕй нын цы зӕгъынмӕ хъавы?

▪ Йесойы куы бафарстой, цавӕр хицауадӕй архайыс, зӕгъгӕ, уӕд цы дзуапп ратта?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын