Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 101 сӕр
  • Вифанийы, Симоны хӕдзары

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Вифанийы, Симоны хӕдзары
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Вифанийы Симонмӕ уазӕгуаты
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо Лазӕры райгас кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесо йе ’мбалӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕуылнӕ фӕтагъд кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Ӕрхӕстӕг Йесойы фӕстаг Куадзӕн
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 101 сӕр

101 сӕр

Вифанийы, Симоны хӕдзары

ИЕРИХОНӔЙ Йесо араст Вифанимӕ. Бонӕн йӕ фылдӕр хай бахъуыд фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ 19 километры хӕрды цӕуын хъуыд. Иерихон ис денджызы ӕмвӕзӕй 250 метры дӕлдӕр, Вифани та — 760 метры уӕлдӕр. Чи зоны ма хъуыды кӕныс, Лазӕр ӕмӕ йӕ хотӕ Вифанийы кӕй цӕрынц. Уый у гыццыл хъӕу ӕмӕ ис Иерусалимӕй ӕртӕ километры дӕрддзӕджы Елеоны хохы скӕсӕн фарс.

Куадзӕн Иерусалимы бӕрӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй бирӕтӕ рагацау ӕрцыдысты сахармӕ, цӕмӕй ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной. Чи зоны уыдон бавнӕлдтой марды буармӕ кӕнӕ та ӕндӕр исты аххосӕй сты ӕнӕсыгъдӕг. Уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынц сыгъдӕг кӕныны фӕтк, цӕмӕй Куадзӕны бӕрӕгбон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ арвитой. Раджы чи ӕрцыд, уыцы адӕм кувӕндоны ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хъуыдытӕ кӕнынц, Йесо Куадзӕнмӕ ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ.

Йесойы тыххӕй иуыл фылдӕр быцӕутӕ цӕуы Иерусалимы. Алчидӕр ӕй зоны, дины разамонджытӕ йӕ ӕрцахсынмӕ ӕмӕ амарынмӕ кӕй хъавынц. Уыдон ахӕм бардзырд дӕр раттой, зӕгъгӕ, кӕд, Йесо кӕм ис, уый исчи зоны, уӕд сын фехъусын кӕнӕд. Фӕстаг мӕйты йӕ уыцы разамонджытӕ ӕртӕ хатты хъавыдысты марынмӕ — Халагъудты бӕрӕгбоны, Ногкӕныны бӕрӕгбоны ӕмӕ Лазӕры райгасы фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы тынг цымыдис кӕны, Йесо ма адӕмы ’хсӕн фӕзындзӕн ӕви нӕ. «Куыд уӕм кӕсы?» — фӕрсынц сӕ кӕрӕдзи.

Куадзӕнмӕ (иудейаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ 14 нисанмӕ) ма ӕхсӕз боны куыд хъуыд, афтӕ Йесо ӕрбахӕццӕ Вифанимӕ. Уый уыд майрӕмбоны изӕрӕй, ома 8 нисаны райдианы. Йесойӕн сабаты нӕ уыд йӕ бон Вифанимӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ сабаты — майрӕмбоны хурныгуылдӕй сабаты хурныгуылдмӕ — иудейты закъонмӕ гӕсгӕ фӕндагыл цӕуыны бар нӕй. Иннӕ хӕттыты куыд кодта, афтӕ та ныр дӕр Йесо, ӕвӕццӕгӕн, араст Лазӕры хӕдзармӕ ӕмӕ майрӕмбоны йе ’хсӕв уым арвыста.

Фӕлӕ сабаты Симон, Вифанийы цӕрӕг, Йесо ӕмӕ йе ’мбӕлццӕтты фӕхуыдта ӕхсӕвӕрмӕ. Уыцы адӕймаг раздӕр хъотырджын уыд, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йесо сдзӕбӕх кодта. Куыстуарзаг Марфӕ уазджытӕн лӕггад кӕны. Мариа та ныр дӕр ауды Йесойыл, фӕлӕ ацы хатт уый ӕркодта быцӕумӕ.

Мариа бакодта, иу джиранкайы бӕрц кӕм цӕуы, ахӕм алебастры мигӕнӕн. Уым уыдис хорзтӕфгӕнаг зети, «сыгъдӕг зынаргъ нардӕй конд миро». Уыцы миро ӕцӕгдӕр тынг зынаргъ у. Иу афӕдзы мызды аргъ! Мариа зети Йесойӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ къӕхтыл куы ӕркодта ӕмӕ йын уый фӕстӕ йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй куы райдыдта сӕрфын, уӕд хӕдзар уыцы миройы хӕрзтӕфӕй байдзаг.

Ахуыргӕнинӕгтӕ мӕсты кӕнынц ӕмӕ фӕрсынц: «Цӕмӕн хъӕуы ахӕм дзӕгъӕл хардз?» Иудӕ Искариотаг та дзуры: «Цӕй тыххӕй нӕ уыд, уыцы хорз тӕфгӕнаг миро ауӕй кӕнӕн ӕртӕ сӕдӕ динарийыл ӕмӕ сӕ мӕгуыргуртӕн байуарӕн?» Фӕлӕ Иудӕйы мӕгуыргурты мӕт нӕй бынтондӕр, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг ахуыргӕнинӕгты асыккӕй ӕхца давта.

Фӕлӕ Йесо рахӕцыд Мариайы сӕрыл. «Ныууадзут ӕй,— дзуры сын уый.— Цӕмӕн ӕй къӕмдзӕстыг кӕнут? уый хорз хъуыддаг бакодта Мӕнӕн. Уымӕн ӕмӕ мӕгуыргуртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты, ӕмӕ уӕ кӕд бафӕнда, уӕд уӕ бон у уыдонӕн хорз кӕнын, фӕлӕ Ӕз ӕдзух сымахимӕ нӕ дӕн. Уымӕн йӕ бон цы уыд, уый бакодта: раздӕр байсӕрста Мӕ Буар ныгӕнынмӕ. Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: кӕмдӕриддӕр уа хъуыстгонд ацы Евангели ӕгас дунейыл, загъд уыдзӕн ацы сылгоймаджы тыххӕй, ӕмӕ цы бакодта, уый тыххӕй дӕр».

Йесо 24 сахатӕй фылдӕр ис Вифанийы, ӕмӕ уыцы хабар айхъуыст ӕгас комбӕстыл. Уымӕ гӕсгӕ бирӕ адӕм цӕуы Симоны хӕдзармӕ канд Йесойы фенынмӕ нӕ, фӕлӕ Лазӕры фенынмӕ дӕр. Уый фӕдыл хистӕр сауджынтӕ уынаффӕ рахастой, цӕмӕй канд Йесойы нӕ, фӕлӕ Лазӕры дӕр амарой, уымӕн ӕмӕ кӕй райгас кодта, уыцы адӕймаджы уынгӕйӕ, бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Куыд фыдзӕрдӕ сты, ӕвӕдза, дины разамонджытӕ! Иоанны 11:55—12:11; Матфейы 26:6—13; Маркы 14:3—9; Куыстытӕ 1:12.

▪ Иерусалимы кувӕндоны адӕм цӕуыл ныхас кодтой ӕмӕ цӕмӕн?

▪ Йесо Вифанимӕ сабаты нӕ, фӕлӕ майрӕмбоны цӕмӕн ӕрцыд?

▪ Вифанимӕ ӕрцӕугӕйӕ, Йесо сабаты кӕм уыд?

▪ Мариа цы сарӕзта, уый быцӕумӕ цӕмӕн ӕркодта ӕмӕ Йесо йӕ сӕрыл куыд рахӕцыд?

▪ Цӕмӕй рабӕрӕг хистӕр сауджынты фыдзӕрдӕдзинад?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын