106 сӕр
Сӕнӕфсирдоны тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕй Йесо ӕргом кӕны мӕнгдзинад
ЙЕСО ис кувӕндоны. Гыццыл раздӕр уый фӕкъӕмдзӕстыг кодта, кӕй хицауадӕй архайы, уый базонын кӕй фӕндыд, уыцы дины разамонджыты. Сӕхимӕ нӕма ӕрцыдысты, афтӕ сӕ Йесо фӕрсы: ‘Куыд уӕм кӕсы?’ Ӕмӕ сын уый фӕстӕ фӕсномыг ныхасӕй ӕвдисы, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый.
«Иу адӕймагӕн уыд дыууӕ фырты,— дзуры Йесо,— ӕмӕ уый, бацӕугӕйӕ фыццагмӕ, загъта: мӕ фырт! ацу, абон бакус мӕ сӕнӕфсирдоны. Фӕлӕ уый загъта дзуаппӕн: „нӕ мӕ фӕнды“; уый фӕстӕ, ӕрфӕсмон кӕнгӕйӕ, ацыд. Ӕмӕ бацыд иннӕмӕ дӕр, уымӕн дӕр та афтӕ загъта. Уый загъта дзуаппӕн: „цӕуын, ӕлдар“; ӕмӕ нӕ ацыд». «Дыууӕйӕ кӕцы сӕххӕст кодта фыды фӕндон?» — фӕрсы сӕ Йесо.
«Фыццаг»,— дзуапп раттой йӕ ныхмӕлӕуджытӕ.
Уӕд сын Йесо дзуры: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, мытӕртӕ ӕмӕ хӕтджытӕ сымах разӕй цӕуынц Хуыцауы Паддзахадмӕ». Мытӕртӕ ӕмӕ хӕтаг адӕм фыццаг разы нӕ уыдысты Хуыцауӕн лӕггад кӕныныл. Фӕлӕ уый фӕстӕ фыццаг фыртау ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Хуыцауӕн. Дины разамонджытӕ та дыккаг фыртау дзырдтой, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕндзыстӕм, фӕлӕ Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй аразгӕ та иннӕрдӕм кодтой: «Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд сымахмӕ [Аргъауӕг] Иоанн рӕстдзинады фӕндагыл ӕмӕ йыл сымах нӕ баууӕндыдыстут, фӕлӕ мытӕртӕ ӕмӕ хӕтджытӕ баууӕндыдысты ууыл; сымах та, фенгӕйӕ адон, уый фӕстӕ нӕ ӕрфӕсмон кодтат, цӕмӕй баууӕндат ууыл».
Уый фӕстӕ Йесо ӕвдисы, дины разамонджытӕ Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй не сты зылынджын. Уыдон ӕцӕгдӕр сты ӕвзӕр, фыдзӕрдӕ адӕймӕгтӕ. «Уыдис иу хӕдзары хицау,— дзуры Йесо,— кӕцы ныссагъта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕнлӕмарӕн, сарӕзта мӕсыг ӕмӕ йӕ ратгӕйӕ сӕнӕфсирдоны кусджытӕм, ацыд. Дыргъты афон куы ӕрбахӕццӕ ис, уӕд арвыста йӕ ӕххуырстыты сӕнӕфсирдоны кусджытӕм, йӕ дыргътӕ исынмӕ; сӕнӕфсирдоны кусджытӕ, ӕрцахсгӕйӕ йӕ ӕххуырстыты, кӕй фӕнадтой, кӕй амардтой, кӕй та дуртӕй амардтой. Ноджыдӕр та арвыста уый ӕндӕр ӕххуырстыты фылдӕр фыццӕгтӕй; ӕмӕ уыдонӕн дӕр афтӕ бакодтой».
«Ӕххуырстытӕ» сты, «хӕдзары хицау» Иегъовӕ Хуыцау йӕ «сӕнӕфсирдоны кусджытӕм» кӕй ӕрвыста, уыцы пехуымпартӕ. Сӕнӕфсирдоны кусджытӕ сты израилаг адӕмы разамонджытӕ. Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй адӕм та сты Хуыцауы «сӕнӕфсирдон».
«Сӕнӕфсирдоны кусджытӕ» «ӕххуырстыты» кӕй фӕнадтой ӕмӕ сӕ кӕй амардтой, уый тыххӕй радзургӕйӕ, Йесо зӕгъы: «Фӕстагмӕ арвыста уый уыдонмӕ йӕ фырты, зӕгъгӕйӕ: мӕ фыртӕй фефсӕрмы уыдзысты. Фӕлӕ сӕнӕфсирдоны кусджытӕ, фенгӕйӕ фырты, загътой кӕрӕдзийӕн: уый бындар у; ацӕуӕм, амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм. Ӕмӕ ӕрцахсгӕйӕ уый, ракодтой ӕддӕмӕ сӕнӕфсирдонӕй ӕмӕ йӕ амардтой».
Ныр Йесо фӕрсы дины разамонджыты: «Уӕдӕ, куы ӕрцӕуа сӕнӕфсирдоны хицау, уӕд цы бакӕндзӕн уый уыцы сӕнӕфсирдоны кусджытӕн?»
«Уыцы фыдгӕнджыты ратдзӕн фыдмӕлӕтмӕ, сӕнӕфсирдон та ратдзӕн ӕндӕр кусджытӕм, кӕцытӕ уымӕн дӕтдзысты дыргътӕ сӕ афоныл»,— дзуапп раттой дины разамонджытӕ.
Бар-ӕнӕбары сӕхицӕн тӕрхон рахастой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр Израилы «сӕнӕфсирдоны кусджытӕй» сты ӕмӕ уыдон дӕр Иегъовӕйы «сӕнӕфсирдоны», ома Израилы адӕмы ’хсӕн кусынц. Иегъовӕ уыцы сӕнӕфсирдоны кусджытӕй цы дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый уый мидӕг ис, цӕмӕй йын йӕ Фыртыл, ӕцӕг Мессиайыл ӕууӕндой. Ӕмӕ сӕм уыцы дыргъ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ сӕ Йесо фӕдзӕхсы: «Ӕппын сымах никуы кастыстут Фысты [Псалом 117:22, 23]: „дур, кӕцы аиуварс кодтой аразджытӕ, гъе уый сси фисыны сӕр: уый — у Хицауӕй, ӕмӕ у диссаг мах цӕстыты“? Уымӕ гӕсгӕ зӕгъын сымахӕн, ист кӕй уыдзӕн сымахӕй Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕн йӕ дыргътӕ хӕссӕг адӕмӕн; ӕмӕ уый, кӕцы ӕрхауа ацы дурыл, ныппырх уыдзӕн; фӕлӕ хаугӕ кӕуыл ӕркӕна, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн».
Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ хистӕр сауджынтӕ бамбӕрстой, Йесо уыдон тыххӕй кӕй дзуры, ӕмӕ ныр уый, ӕцӕг «бындары», хъавынц амарынмӕ. Гъе уымӕ гӕсгӕ уыцы адӕмӕй ист ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахады хицауиуӕг кӕныны кадджын бар ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн, хорз дыргътӕ чи хӕсса, ахӕм «сӕнӕфсирдоны кусджыты» ног адӕм.
Адӕм Йесойы пехуымпарыл кӕй нымайынц, уымӕ гӕсгӕ дины разамонджытӕ ныртӕккӕ сӕ ныфс нӕ бахастой йӕ амарынмӕ. Матфейы 21:28—46; Маркы 12:1—12; Лукайы 20:9—19; Исайы 5:1—7.
▪ Кӕй ӕвдисынц Йесойы фыццаг фӕсномыг ныхасы дыууӕ фырты?
▪ Дыккаг фӕсномыг ныхасы «хицау», «сӕнӕфсирдон», «сӕнӕфсирдоны кусджытӕ», «ӕххуырстытӕ» ӕмӕ «бындар» чи сты?
▪ Цы ’рцӕудзӕн «сӕнӕфсирдоны кусджытыл» ӕмӕ сын сӕ бынат чи бацахсдзӕн?