113 сӕр
Сӕрныллӕгдзинады цӕвиттон фӕстаг Куадзӕны рӕстӕджы
ПЕТР ӕмӕ Иоанн ӕрхӕццӕ сты Иерусалиммӕ, цӕмӕй сын Йесо куыд загъта, афтӕ Куадзӕн ӕрцӕттӕ кӕной. Куыд зыны, афтӕмӕй изӕрырдӕм фӕзындысты Йесо ӕмӕ иннӕ фараст апостолы дӕр. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Елеоны хохӕй куы рараст сты, уӕд хур фӕцӕйныгуылд. Йӕ райгасы бонмӕ Йесо ацы хохӕй боныгон сахарыл йӕ цӕст нал ахӕсдзӕн.
Иу-цасдӕры фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕрхӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ ныр фӕцӕуынц, Куадзӕн кӕм ӕрвитдзысты, уыцы хӕдзармӕ. Уыдон асинтыл схызтысты райдзаст уатмӕ. Ам ӕппӕтдӕр у цӕттӕ, цӕмӕй Куадзӕн хибарӕй арвитой. Йесо ацы бонмӕ тынг кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Мӕн тынг фӕндыд Мӕ зындзинӕдты размӕ сымахимӕ ацы куадзӕн бахӕрын».
Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Куадзӕны хайадисджытӕ фӕнуазынц цыппар къусы сӕн. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ӕртыккаг нуазӕн куы систа, уӕд Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ дзуры: «Райсут ӕй ӕмӕ йӕ уе ’хсӕн байуарут; уымӕн ӕмӕ зӕгъын сымахӕн, кӕй нал нуаздзынӕн сӕнӕфсиры дыргътӕй, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».
Уый фӕстӕ Йесо сыстад, йӕ ӕддаг дарӕс раласта, хисӕрфӕн райста ӕмӕ хъуывгъаны дон ныккодта. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ фысымӕн ӕмбӕлы уазджыты къӕхтӕ ныхсын. Фӕлӕ ныртӕккӕ фысым семӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ Йесо лӕггад кӕны иннӕтӕн. Апостолтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон уыд ахӕм хорздзинад саразын; фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, иу иннӕмӕй йӕхи уӕлдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕ сӕрмӕ не ’рхастой. Ӕмӕ сын Йесо сӕ къӕхтӕ ӕхсын куы райдыдта, уӕд сӕхиуыл ӕрхудтысты.
Йесо Петрмӕ куы бахӕццӕ, уӕд уый дзуры: «Нӕ ныхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ мыггагмӕ дӕр».
«Куы нӕ дӕ ныхсон, уӕд дын нӕй хай Мемӕ»,— дзуапп ратта Йесо.
«Хицау! — дзуры Петр.— Ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ къухтӕ ӕмӕ сӕр дӕр».
«Ӕхсадӕн хъӕуы ӕрмӕст къӕхтӕ ныхсын,— дзуры йын Йесо,— уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг у; ӕмӕ сымах дӕр сыгъдӕг стут, фӕлӕ уе ’ппӕт нӕ». Йесо уымӕн афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕ зоны, Иудӕ йӕ ауӕй кӕнынмӕ кӕй хъавы.
Йесо ныхсадта дыууадӕс апостолы къӕхтӕ, уыимӕ йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕйы къӕхтӕ дӕр. Уый фӕстӕ йӕ ӕддаг дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрбаппӕрста, фӕстӕмӕ фынджы уӕлхъус йӕхи ӕруагъта ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Зонут, Ӕз сымахӕн цы бакодтон? Сымах хонут мӕн Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау, ӕмӕ раст зӕгъут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр Ӕз уый дӕн. Уӕдӕ, кӕд Ӕз, Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау, ныхсадтон сымах къӕхтӕ, уӕд сымах дӕр кӕрӕдзийы къӕхтӕ хъуамӕ ӕхсат: уымӕн ӕмӕ Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг, цӕмӕй Ӕз цы бакодтон сымахӕн, афтӕ кӕнат сымах дӕр. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: цагъар йӕ ӕлдарӕй стылдӕр нӕу, ӕмӕ минӕвар йӕ рарвитӕгӕй стылдӕр нӕу. Кӕд уый зонут, тӕхудиаг стут сымах, куы ӕххӕст кӕнат, уӕд».
Сӕрныллӕг лӕггаддзинады диссаджы дӕнцӕг! Апостолтӕ фыццаг бынатмӕ хъуамӕ ма тырной, сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр хъуамӕ ма ӕвӕрой ӕмӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕной, алыхаттдӕр уыдонӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной. Уыдон хъуамӕ фӕзмой Йесойы цӕвиттон. Уый ӕцӕгӕй къӕхтӕ ӕхсыны ӕгъдау нӕу. Уый у, цыфӕнды ӕнӕсӕрмӕхӕсгӕ кӕнӕ ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хӕслӕвӕрд дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕныны цӕвиттон. Матфейы 26:20, 21; Маркы 14:17, 18; Лукайы 22:14—18; 7:44; Иоанны 13:1—17.
▪ Куадзӕнмӕ фӕцӕйцӕугӕйӕ, Йесо йӕ цӕст Иерусалимыл кӕй хӕссы, уый зӕрдылдаринаг цӕмӕн у?
▪ Куадзӕны фынгыл арфӕ ракӕнгӕйӕ, Йесо йӕ апостолтӕм кӕцы нуазӕн алӕвӕрдта?
▪ Йесойы заманты-иу уазджытӕн куыд лӕггад кодтой ӕмӕ Йесо йӕ апостолтимӕ Куадзӕн куы бӕрӕг кодта, уӕд афтӕ цӕуылнӕ уыд?
▪ Йесо йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй цы равдыста?