114 сӕр
Ӕрымысӕн изӕр
ЙЕСО йӕ апостолты къӕхтӕ куы ныхсадта, уӕд уый фӕстӕ цитатӕ ӕрхаста Фыстадӕй, Псалом 40:10-ӕм стих: «Мемӕ дзул чи хордта, систа Мӕныл йӕ зӕвӕт». Ӕмӕ сын хъыгзӕрдӕйӕ ӕмбарын кӕны: «Сымахӕй иу Мӕн... ауӕй кӕндзӕн».
Апостолтӕ ӕрӕнкъард сты ӕмӕ кӕрӕдзийы фӕдыл фӕрсынц Йесойы: «Ӕз нӕ дӕн мыййаг?» Суанг ма Иудӕ Искариотаг дӕр дӕтты уыцы фарст. Фынгыл Йесойӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ чи бадт, уыцы Иоанн ныр Йесойы риуыл йӕхи ӕруагъта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Хицау! чи у уый?»
«Дыууадӕсӕй иу, Мемӕ тӕбӕгъы чи стула, уый,— дзуапп дӕтты Йесо. — Уӕвгӕ Адӕймаджы Фырт цӕуы, уый тыххӕй куыд фыст у; фӕлӕ мӕгуыр йӕ бон уыцы адӕймагӕн, кӕцы ауӕй кӕна Адӕймаджы Фырты: хуыздӕр уыдаид уыцы адӕймагӕн нӕ райгуырын». Уый фӕстӕ та Сайтан ногӕй бацыд Иудӕйы, уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ зӕрдӕйы ӕнӕраст фӕндтӕ кӕй сӕвзӕрд, уымӕ гӕсгӕ йын уырдӕм фӕндаг гом кӕй у. Фӕстӕдӕр уыцы ӕхсӕв Йесо Иудӕйы схуыдта «сӕфты фырт», ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ уыд.
Ныр Йесо дзуры Иудӕйӕн: «Цы кӕныс, уый тагъддӕр кӕн». Йесо цӕуыл дзуры, уый иннӕ апостолтӕй ничи ӕмбары. Ӕхцаты асыкк Иудӕмӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ иутӕ ӕнхъӕлынц, цыма Йесойы зӕгъын фӕнды: «Балхӕн, цы нӕ хъӕуы бӕрӕгбонмӕ», кӕнӕ та цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ мӕгуыртӕн исты ратта.
Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн кӕнӕ Ӕрымысӕн изӕрӕн. Уый дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, асаста йӕ, апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын дзуры: «Райсут, хӕрут». Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕмбарын кӕны: «Уый у Мӕ Буар, кӕцы лӕвӕрд цӕуы сымах тыххӕй; уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй».
Дзулӕй иуылдӕр куы ацаходыдтой, уӕд Йесо райста сӕны къус, куыд зыны, афтӕмӕй Куадзӕны бӕрӕгбоны кӕй фӕнуазынц, уыдонӕй цыппӕрӕм нуазӕн. Уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн раарфӕ кодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй, цӕмӕй дзы ануазой, ӕмӕ сын дзуры: «Ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«цӕдис», НД] Мӕ туджы, кӕцы сымах тыххӕй калд цӕуы».
Ӕцӕгдӕр уый уыд Йесойы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр. Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй алы аз дӕр 14 нисаны йӕ ӕрымысыны тыххӕй хъӕуы афтӕ аразын. Уыцы бӕрӕгбон чи нысан кӕна, уыдонӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, адӕймагады мӕлӕты тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн Йесо ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыд цы сарӕзтой, уый. Дзуттӕгтӕй Йесойы фӕдыл чи цӕуа, уыдонӕн Куадзӕн ивд ӕрцӕудзӕн уыцы бӕрӕгбонӕй.
Йесойы тугныккалдӕй йӕ тыхы цы ног цӕдис бацыд, уый баивта зӕронд Закъоны цӕдис. Йесо у ӕхсӕны лӕг Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ 144 000 сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстоны ’хсӕн. Ацы цӕдисӕн йӕ нысан ӕрмӕст тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын нӕу, фӕлӕ ма уӕларвыл паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕй чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм адӕм ӕрӕмбырд кӕнын дӕр. Матфейы 26:21—29; Маркы 14:18—25; Лукайы 22:19—23; Иоанны 13:18—30; 17:12; 1 Коринфӕгтӕм 5:7.
▪ Цавӕр библион пехуымпарад ӕрхаста Йесо йемӕ бӕрӕгбоны хайадисджытӕй иуы тыххӕй ӕмӕ дзы куыд спайда кодта?
▪ Апостолтӕ афтӕ тынг цӕмӕн ӕрӕнкъард сты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цавӕр фарст дӕттынц?
▪ Цы аразын кӕны Йесо Иудӕйӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕ уыцы ныхӕстӕ куыд ӕмбарынц?
▪ Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо семӕ цавӕр бӕрӕгбонӕн ӕрӕвӕрдта бындур ӕмӕ цы у йӕ нысан?
▪ Ног цӕдисы чи ис ӕмӕ цы у уыцы цӕдисы нысан?