Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 115 сӕр
  • Бацайдагъ быцӕу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бацайдагъ быцӕу
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Карз быцӕу, уӕлдӕр чи у, уый фӕдыл
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо уарзы сабиты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо апостолты цӕттӕ кӕны йӕ ацыдмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Галилейы денджызы былыл
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 115 сӕр

115 сӕр

Бацайдагъ быцӕу

ИЗӔРЫ Йесо йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй равдыста сӕрныллӕг лӕггаддзинады диссаджы цӕвиттон. Уый фӕстӕ бындур ӕрӕвӕрдта, тагъд рӕстӕджы йӕм цы мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Ӕрымысӕн изӕрӕн. Ныр ӕнӕнхъӕлӕджы цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уӕлдайдӕр та гыццыл раздӕр цы цау ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ уый у тынг диссаг. Йӕ апостолты ’хсӕн бацайдагъ карз быцӕу, стырдӕр сӕ чи у, ууыл! Куыд зыны, афтӕмӕй, дарддӕр кӕны, амӕй размӕ цы быцӕу райдыдта, уый.

Хъуыды ма кӕныс, Йесо хохыл йӕ хуыз куы фӕивта, уый фӕстӕ апостолтӕ, ӕппӕты стырдӕр сӕ чи у, ууыл кӕй быцӕу кодтой? Уымӕй уӕлдай ма Иаков ӕмӕ Иоанн сӕхицӕн куырдтой Паддзахады зынгӕ бынӕттӕ, ӕмӕ уый дӕр уыд апостолты быцӕуы аххосаг. Ӕмӕ та ныр, фӕстаг изӕр иумӕ ӕрвитгӕйӕ, апостолтӕ кӕй быцӕу кӕнынц, уый Йесойӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг зын у. Цымӕ цы сараздзӕн?

Йесо апостолтӕм хыл нӕ кӕны, фӕлӕ та сын сабырӕй амоны: «Паддзӕхтӕ ӕлдариуӕг кӕнынц адӕмтыл, ӕмӕ уыдоныл бар дарджытӕ хӕрзгӕнджытӕ хуыйнынц; фӕлӕ сымах афтӕ нӕ... Уымӕн ӕмӕ чи у стылдӕр: бадӕг, ӕви лӕггадгӕнӕг? бадӕг нӕу мыййаг?» Уый фӕстӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта йӕхи цӕвиттон ӕмӕ сын дзуры: «Фӕлӕ Ӕз уе ’хсӕн дӕн, куыд лӕггадгӕнӕг».

Кӕд апостолтӕ ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр Йесойыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой йӕ фӕлварӕнты рӕстӕджы. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо дзуры: «Ӕз сымахӕн фӕдзӕхсын, Мӕнӕн Мӕ Фыд куыд бафӕдзӕхста, Паддзахад [«Мӕ Фыд Мемӕ Паддзахады тыххӕй цӕдис куыд скодта, афтӕ ӕз дӕр кӕнын уемӕ цӕдис», НД]». Уыцы сӕрмагонд цӕдис иу кӕны Йесо ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты, цӕмӕй сӕ бон уа йӕ Паддзахады йемӕ хицауиуӕг кӕнын. Ӕппынфӕстаг ӕрмӕстдӕр 144 000 исдзысты хайад Паддзахады цӕдисы.

Ӕмӕ кӕд апостолтӕн фидӕны Чырыстиимӕ Паддзахады хицауиуӕг кӕныны диссаджы ныфс ис, уӕддӕр ныртӕккӕ духовон ӕгъдауӕй сты лӕмӕгъ. «Сымах иуылдӕр фӕрӕдийдзыстут Мӕн тыххӕй ацы ӕхсӕв»,— дзуры сын Йесо. Петрӕн та загъта, уый тыххӕй кӕй куывта, ӕмӕ йӕ ныр разӕнгард кӕны: «Ды, искуы раздӕхгӕйӕ, сфидар кӕн дӕ ӕфсымӕрты» (НФ).

«[Мӕ] сывӕллӕттӕ! — дзуры сын Йесо,— бирӕ нал уыдзынӕн ныр Ӕз сымахимӕ: агурдзыстут Мӕн, ӕмӕ куыд загътон Ӕз Иудейтӕн, кӕдӕм цӕуын Ӕз, уырдӕм нӕу уӕ бон ӕрцӕуын, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъын ныр сымахӕн дӕр. Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзат; Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы; уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн».

«Хицау! кӕдӕм цӕуыс Ды?» — фӕрсы йӕ Петр.

«Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм нӕу дӕ бон ныр Мӕ фӕдыл цӕуын,— дзуапп дӕтты Йесо,— уый фӕстӕ та ацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».

«Хицау! цӕуылнӕ у ныр мӕ бон цӕуын Дӕ фӕдыл? — цымыдис кӕны Петры. — Ӕз мӕ уд ратдзынӕн Дӕу тыххӕй».

«Дӕ уд Мӕн тыххӕй ратдзынӕ? — фӕрсы йӕ Йесо. — Ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн, ды ныр, ацы ӕхсӕв, цалынмӕ уасӕг дыууӕ хатты ныууаса, уӕдмӕ Мӕныл ӕртӕ хатты ӕвдисӕн бакӕндзынӕ».

«Демӕ мӕ амӕлын куы хъӕуа,— фидарӕй дзуры Петр,— уӕддӕр ӕвдисӕн нӕ бакӕндзынӕн Дӕуыл». Ӕмӕ кӕд иннӕ апостолтӕ дӕр афтӕ дзурынц, уӕддӕр Петр йӕхицӕй ӕппӕлы: «Иуылдӕр куы фӕрӕдиой Дӕу тыххӕй, уӕддӕр ӕз никуы фӕрӕдийдзынӕн».

Йесо йӕ апостолтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Галилейы сӕ ӕнӕ голлаг ӕмӕ ӕнӕ хордзенӕй уацамынды куы арвыста, уый ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Мыййаг исты хъуаг уыдыстут?»

«Ницы»,— дзуапп раттой уыдон.

«Фӕлӕ ныр кӕмӕ ис голлаг, уый йӕ райсӕд, афтӕ хордзен дӕр,–дзуры сын уый,– кӕмӕ нӕй, ауӕй кӕнӕд йӕ дарӕс ӕмӕ балхӕнӕд кард; уымӕн ӕмӕ зӕгъын сымахӕн, кӕй ӕмбӕлы сӕххӕст уӕвын Мӕныл ацы фыст дӕр: „ӕмӕ фыдгӕнджытыл нымад ӕрцыд“. Уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй цы ис, уый кӕронмӕ ӕрхӕццӕ кӕны».

Ам Йесо дзуры, фыдгӕнджытимӕ кӕнӕ йӕ закъонхалджытимӕ куы байтындздзысты, уыцы рӕстӕгыл. Уымӕй уӕлдай ма сын ӕргом кӕны, фӕстӕдӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ карз ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты. «Хицау! мӕнӕ ам дыууӕ карды»,— загътой уыдон.

«Ӕгъгъӕд у»,— дзуапп ратта Йесо. Дарддӕр фендзыстӕм, семӕ кӕрдтӕ кӕй ис, уый фӕрцы сын Йесо ноджыдӕр иу ахсджиаг амынд кӕй ратдзӕн. Матфейы 26:31—35; Маркы 14:27—31; Лукайы 22:24—38; Иоанны 13:31—38; Раргомад 14:1—3.

▪ Апостолты быцӕу диссаг цӕмӕн у?

▪ Йесо уыцы быцӕуӕн кӕрон куыд скодта?

▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕдис цӕмӕн скодта?

▪ Цавӕр ног фӕдзӕхст ратта Йесо ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст цас ахсджиаг у?

▪ Петр куыд равдыста стырзӕрдӕдзинад ӕмӕ йын Йесо цы загъта?

▪ Йесо голлаг ӕмӕ хордзены тыххӕй цы амындтӕ ратта, уыдон цӕмӕн хицӕн кодтой раздӕры амындтӕй?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын