120 сӕр
Петр бавдисӕн кодта Йесойыл
ПЕТР ӕмӕ Иоанн дӕр иннӕ апостолтимӕ иумӕ фыртӕсӕй Йесойы Гефсиманы дыргъдоны ныууагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты, фӕлӕ иудзӕвгар куы алыгъдысты, уӕд ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йесойы Аннӕйы хӕдзармӕ куы бакодтой, уӕд ӕй баййӕфтой. Аннӕ йӕ хистӕр сауджын Кайафӕмӕ куы арвыста, уӕд Петр ӕмӕ Иоанн дӕр иннӕтӕй дӕрддзӕф цӕуынц Йесойы фӕдыл. Дыууӕ арты ’хсӕн бахаудысты: иуырдыгӕй тӕрсынц, куы сӕ базоной, уымӕй, иннӕрдыгӕй та сын, сӕ Хицауыл цы ’рцӕудзӕн, уый ӕнцой нӕ дӕтты.
Кайафӕйы райдзаст галуанмӕ куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд Иоанн хистӕр сауджынимӕ зонгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы кӕртмӕ баирвӕзт. Петр та ӕддейӕ баззад. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр Иоанн фӕстӕмӕ раздӕхт, дуаргӕс сылгоймагимӕ аныхас кодта, ӕмӕ Петры дӕр мидӕмӕ бауагътой.
Ӕрбауазал кодта, ӕмӕ хистӕр сауджыны цагъартӕ ӕмӕ кусджытӕ арт скодтой. Йесойӕн цы тӕрхон рахӕсдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ Петр дӕр, артмӕ йӕхи чи тавта, уыдоны цур ӕрлӕууыд. Арты рухсмӕ дуаргӕс сылгоймаг лӕмбынӕгдӕр кӕсы Петрмӕ. «Ды дӕр уыдтӕ Галилейаг Йесоимӕ»,— хъӕрӕй дзуры уый.
Кӕй йӕ базыдтой, уый куы бамбӕрста, уӕд Петр стыхст ӕмӕ сӕ разы Йесойыл бавдисӕн кодта: «Нӕ зонын ӕмӕ не ’мбарын, цы дзурыс ды».
Уый фӕстӕ Петр ацыд кулдуары цурмӕ. Уым ӕй ӕндӕр ӕххуырст сылгоймаг дӕр базыдта ӕмӕ йӕ алыварс чи лӕууыд, уыдонӕн дзуры: «Ай дӕр уыд Назорейаг Йесоимӕ». Петр ногӕй бавдисӕн кодта, сомы ракӕнгӕйӕ: „Нӕ зонын Ацы Адӕймаджы“.
Петр кӕрты баззад, фӕлӕ архайы, цӕмӕй йӕ мачи фена. Ӕмӕ бон нӕма ӕрбацъӕх, афтӕ уасӕджы уасын йӕ хъустыл куы ауад, уӕд куыннӕ фӕтарст. Йесойы та дарддӕр фӕрсынц. Ӕвӕццӕгӕн ӕй, кӕрты сӕрмӕ цы бӕстыхай ис, уырдӕм бакодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Петр дӕр ӕмӕ, бынӕй кӕрты цы адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уыдон дӕр уынынц, ӕвдисӕнтӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ ратынмӕ куыд бацӕуынц ӕмӕ куыд рацӕуынц.
Петр Йесоимӕ кӕй уыд, уый фӕстаг хатт куы базыдтой, уымӕй рацыдаид сахаты бӕрц. Ныр та йӕм, уым цы адӕм лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын дзурынц: «Ӕцӕг ды дӕр уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ ныхасӕй бӕрӕг дӕ». Уыдонӕй сӕ иу у, Петр йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодта, уыцы ӕххуырст Малхы хӕстӕг, ӕмӕ йын дзуры: «Ӕз дӕ нӕ федтон ӕви Йемӕ уым дыргъдоны?»
«Нӕ зонын... Уыцы Адӕймаджы»,— фидарӕй дзуры Петр. О, Петр сомы кӕны ӕмӕ ард хӕры, цӕмӕй сӕ баууӕндын кӕна, раст кӕй не сты, ууыл ӕмӕ афтӕмӕй, кӕд раст нӕ дзуры, уӕд йӕхи ӕлгъиты.
Куыддӕр Петр Йесойыл ӕртыккаг хатт бавдисӕн кодта, афтӕ та уасӕг ныууасыд. Уыцы тӕккӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, кӕрты сӕрмӕ тыргъмӕ рахызт, кӕртырдӕм йе ’ргом раздӕхта ӕмӕ кӕсы Петрмӕ. Ӕмӕ уыцы тӕккӕ Петр ӕрхъуыды кодта, цалдӕр сахаты размӕ йын уӕллаг уаты Йесо кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Цалынмӕ уасӕг дыууӕ хатты ныууаса, уӕдмӕ Мӕныл ӕртӕ хатты ӕвдисӕн бакӕндзынӕ». Цы стыр тӕригъӕд ракодта, уый ӕмбаргӕйӕ, Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕуын райдыдта.
Куыд ыл ӕрцыд ахӕм хабар? Йӕхицӕй афтӕ ныфсджын чи уыд, уыцы Петр йӕ Хицауыл ӕртӕ хатты куыд бавдисӕн кодта? Уавӕртӕ афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивтой, ӕмӕ Петр цы сарӕзтаид, уый нал зыдта. Рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ Йесойӕ цъаммар фыдгӕнӕг сарӕзтой. Хорз ӕвзӕрыл нымад ӕрцыд, раст та — зылынджыныл, ӕмӕ Петр нӕ бафӕрӕзта ахӕм уавӕрты. Ӕвиппайды ӕрбайсӕфт йӕ иузӕрдиондзинад; хъыгагӕн ыл тас фӕуӕлахиз. Макуы ӕрцӕуӕд афтӕ махыл! Матфейы 26:57, 58, 69—75; Маркы 14:30, 53, 54, 66—72; Лукайы 22:54—62; Иоанны 18:15—18, 25—27.
▪ Петр ӕмӕ Иоанн хистӕр сауджыны кӕртмӕ цы хуызы баирвӕзтысты?
▪ Петр ӕмӕ Иоанн кӕрты куы уыдысты, уӕд хӕдзары та цы цыд?
▪ Цал хатты ныууасыд уасӕг ӕмӕ Петр Чырыстийы кӕй зоны, ууыл цал хатты бавдисӕн кодта?
▪ Петр кӕй расомы кодта ӕмӕ ард кӕй бахордта, уый цы нысан кодта?
▪ Петр Йесойыл цӕмӕн бавдисӕн кодта?