Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lr 30 сӕр, 157–161 фф.
  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тӕрсӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тӕрсӕм?
  • Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Петр Чырыстийы фӕрцы сси фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
lr 30 сӕр, 157–161 фф.

30 СӔР

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тӕрсӕм?

КУЫД хъуыды кӕныс, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕнцон у? ~ Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг никуы загъта, уый ӕнцон кӕй уыдзӕн. Йесойы куы амардтой, уый размӕ ’хсӕв йӕ апостолтӕн загъта: «Кӕд уӕ ацы дуне нӕ уарзы, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕн кӕй нӕ бауарзта» (Иоанны 15:18).

Петр йӕхицӕй ӕппӕлын райдыдта, Йесойы кӕй никуы ныууадздзӕн. Фӕлӕ йын Йесо загъта, ахсӕв мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Петр ӕцӕгдӕр афтӕ бакодта! (Матфейы 26:31–35, 69–75). Фӕлӕ цӕмӕн? ~ Уымӕн ӕмӕ фӕтарст. Ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр Йесойы ныууагътой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр фӕтарстысты.

Зоныс ӕй, апостолтӕ цӕмӕн фӕтарстысты? ~ Уымӕн ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнгӕй цы хъуыди аразын, уый нӕ арӕзтой. Цы сӕ хъуыди аразын, уый куы базонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, цыфӕнды нын ма дзурой кӕнӕ ма аразой, уӕддӕр. Фӕлӕ уал нӕ раздӕр базонын хъӕуы, Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд цы ’рцыди, уый.

Раздӕр уал иумӕ сбӕрӕг кодтой Куадзӕн. Уыцы бӕрӕгбон дзуттӕгтӕ кодтой алы аз дӕр. Уыцы бон-иу ӕрхъуыды кодтой, Хуыцау сӕ Египетӕй куыд ракодта, уый. Стӕй Йесо йӕ апостолтимӕ скодта ног бӕрӕгбон. Ууыл фӕстӕдӕр аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ базондзыстӕм, уыцы бӕрӕгбон нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йесойы ма рох кӕнӕм. Фынгыл Йесо йӕ апостолты бафидар кодта, стӕй сӕ йемӕ акодта Гефсиманы дыргъдонмӕ. Уыцы бынатмӕ цӕуын бирӕ уарзтой.

Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо йӕхӕдӕг иунӕгӕй кувынмӕ ацыд. Ӕмӕ Петр, Иаков ӕмӕ Иоаннӕн дӕр загъта, цӕмӕй кувой. Фӕлӕ ӕртӕйӕ дӕр бафынӕй сты. Йесо кувынмӕ ацыд ӕртӕ хатты, ӕмӕ-иу алы хатт дӕр Петры ӕмӕ иннӕ дыууӕ апостолы фынӕйӕ ӕрбаййӕфта! (Матфейы 26:36–47). Зоныс ӕй, Йесо сын афтӕ цӕмӕн загъта, кувут, зӕгъгӕ? ~

Йесо Гефсиманы дыргъдоны, Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны, фынӕй кӕнгӕйӕ ӕрбаййӕфта

Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны кувын цӕмӕн хъуыди?

Уыцы ’хсӕв Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уӕд Иудӕ Искариот дӕр уым уыди. Хъуыды ма йӕ кӕныс, Иудӕ давӕг кӕй сси? Ныр та сфӕнд кодта Йесойы ауӕй кӕнын. Уый зыдта, Йесо-иу йӕ апостолтимӕ Гефсиманы дыргъдоны кӕм уыди, уыцы бынат. Ӕмӕ Иудӕ уырдӕм ӕрбакодта ӕфсӕддонты, цӕмӕй Йесойы ӕрцахстаиккой. Куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ Йесо бафарста: «Кӕй агурут?»

Ӕфсӕддонтӕ йын дзуапп радтой: «Йесойы». Йесо нӕ фӕтарст ӕмӕ сын загъта: «Уый ӕз дӕн». Йесо ахӕм хъӕбатыр кӕй уыд, уый ӕфсӕддонтӕм афтӕ диссаг фӕкаст, ӕмӕ фӕстӕрдӕм акъахдзӕф кодтой ӕмӕ зӕххыл ӕрхаудысты. Стӕй сын Йесо загъта: «Кӕд мӕн агурут, уӕд мын мӕ апостолты ауадзут» (Иоанны 18:1–9).

Ӕфсӕддонтӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ сбастой. Апостолтӕ та фӕтарстысты ӕмӕ алыгъдысты. Фӕлӕ Петр ӕмӕ Иоанны фӕндыд базонын, цы ’рцӕудзӕн, уый, ӕмӕ сӕ фӕдыл цыдысты, куыд нӕ сӕ федтаиккой, афтӕ. Ӕппынфӕстаг Йесойы ӕрбакодтой хистӕр сауджын Кайафӕйы хӕдзармӕ. Иоанн хистӕр сауджынимӕ зонгӕ уыди, ӕмӕ сӕ дуаргӕс Петримӕ кӕртмӕ бауагъта.

Уӕдмӕ Кайафӕйы хӕдзары ӕрӕмбырд сты сауджынтӕ тӕрхон кӕнынмӕ. Фӕндыди сӕ Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссын. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕрбакодтой цалдӕр адӕймаджы, цӕмӕй Йесойы тыххӕй гӕдыныхӕстӕ фӕдзырдтаиккой. Йесойы надтой, цавтой йӕ тымбылкъухӕй. Петр та уыцы рӕстӕг уым хӕстӕг кӕмдӕр лӕууыд.

Петр ӕмӕ Иоанны кӕртмӕ цы дуаргӕс чызг бауагъта, уый Петры базыдта. «Ды дӕр Йесоимӕ уыдтӕ!» – загъта уый. Фӕлӕ йын Петр загъта, Йесойы кӕй нӕ зоны. Гыццыл фӕстӕдӕр Петры базыдта ӕндӕр чызг, ӕмӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕн загъта: «Ай дӕр Йесоимӕ уыди». Петр та ногӕй нӕ басаст. Уый фӕстӕ та Петры ноджыдӕр цалдӕр адӕймаджы базыдтой ӕмӕ йын загътой: «Нӕ, ды дӕр ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ». Петр ӕртыккаг хатт дӕр нӕ басаст, ӕз, дам, уыцы адӕймаджы нӕ зонын. Петр ма сын сомы дӕр ракодта, сайгӕ нӕ кӕнын, зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг Йесо разылд ӕмӕ Петрмӕ бакаст (Матфейы 26:57–75; Лукайы 22:54–62; Иоанны 18:15–27).

Петр ӕртыккаг хатт афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Йесойы нӕ зонын, уӕд ӕм Йесо комкоммӕ бакаст

Петр цӕмӕн фӕтарст ӕмӕ цӕмӕн загъта, Йесойы нӕ зонын, зӕгъгӕ?

Зоныс ӕй, Петр цӕмӕн асайдта? ~ О, уымӕн ӕмӕ фӕтарст. Фӕлӕ цӕмӕн фӕтарст? Хъӕбатырдзинад ӕм цӕуылнӕ разынд? Ахъуыды-ма йыл кӕнӕм. Зӕгъ-ма, Йесо цы арӕзта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаид? ~ Куывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ йын уый хъӕбатырдзинад лӕвӕрдта. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо Петрӕн дӕр ӕртӕ хатты кӕй загъта, цӕмӕй кува ӕмӕ ма бафынӕй уа. Фӕлӕ йӕм байхъуыста? ~

Петр ӕртӕ хатты дӕр бафынӕй, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ куывта. Ӕмӕ Йесойы куы ’рцахстой, уӕд, цы сарӕзтаид, уый нӕ зыдта. Фӕстӕдӕр ӕй куы базыдта, Йесойы тӕрхондоны кӕй нӕмынц ӕмӕ йӕ амарынмӕ кӕй хъавынц, уӕд тынг фӕтарст. Фӕлӕ ма йӕ хъуыды кӕныс, Йесо йӕ апостолтӕн цалдӕр сахаты размӕ цы загъта? ~ Йесо сын загъта, ацы дуне йӕ кӕй нӕ уарзы ӕмӕ уыдоны дӕр кӕй нӕ уарздзӕн.

Лӕппуйы йе ’мкъласӕгтӕ куы бафарстой, Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕны, уӕд нӕ фӕтарст

Петр цы уавӕры бахауд, ахӕм уавӕры куыд ис бахауӕн?

Ныр-ма ахъуыды кӕнӕм: Петрыл цы хабар ӕрцыд, махыл дӕр ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Зӕгъӕм, гуырӕнбонтӕ, Цыппурс (Рождество) кӕнӕ Ног аз чи нӕ кӕны, уыдоны тыххӕй скъолайы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ ӕвзӕртӕ дзурынц. Ӕмӕ дӕм чидӕр бацыд ӕмӕ дын загъта: «Ды дӕр гуырӕнбон нӕ фӕкӕныс?» Кӕнӕ: «Ног аз дӕр нӕ фӕкӕныс?» Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ды дӕр Петрау фӕтӕрсдзынӕ ӕмӕ асайдзынӕ? ~

Уый фӕстӕ Петр тынг фӕфӕсмон кодта, афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, Йесойы нӕ зонын. Цы сарӕзта, уый куы бамбӕрста, уӕд ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ ныккуыдта. О, Петр ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йесомӕ раздӕхт (Лукайы 22:32). Ныр-ма ахъуыды кӕнӕм: цӕмӕй Петрау ма фӕтӕрсӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? ~ Хъуыды ма йӕ кӕныс, Петр кӕй нӕ куывта ӕмӕ кӕй бафынӕй? Уӕдӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уӕм? ~

Хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм. Зоныс ӕй, Йесо куы куывта, уӕд ын Хуыцау куыд баххуыс кодта? ~ Йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лукайы 22:43). Цымӕ зӕдтӕн сӕ бон у, ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕной? ~ Библийы афтӕ ис фыст: «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдоны йӕ зӕд алырдыгӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:7). Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй ӕрмӕст кувын нӕ хъӕуы. Цы ма хъӕуы, уый зоныс? ~ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уой. Куыд хъуыды кӕныс, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? ~

Хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм, ӕмбырдты цы фӕдзурынц, уымӕ, ӕмӕ, Библийы цы бакӕсӕм, уый ӕххӕст кӕнӕм. Фӕлӕ ма нӕ хъӕуы ӕдзух Йегъовӕмӕ дӕр кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын, цӕмӕй йын дарддӕр лӕггад кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм. Ӕмӕ-иу цин кӕндзыстӕм, иннӕтӕн ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй куы дзурӕм, уӕд.

Цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм, уымӕн нын баххуыс кӕндзысты мӕнӕ ацы стихтӕ: Ӕмбисӕндтӕ 29:25; Йереми 26:12–15, 20–24 ӕмӕ Иоанны 12:42, 43.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын