124 сӕр
Лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ йӕ акодтой
ПИЛАТ ӕфхӕрд Йесойы диссаджы лӕджыхъӕд куы федта, уӕд та ногӕй архайы йе ссӕрибар кӕныныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хистӕр сауджынтӕ тынгдӕр мӕсты кӕнынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ сӕ фыдвӕнд сӕ къухы бафта. Ногӕй та хъӕр кӕнынц: «Байтындз, байтындз Уый!»
«Акӕнут Ӕй сымах ӕмӕ Йӕ байтындзут»,— дзуапп сын ратта Пилат. (Кӕд гыццыл раздӕр иудейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ сын фыдгӕнӕджы мӕлӕтмӕ раттыны бар нӕй, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, дины ныхмӕ стыр фыдракӕнд чи саразы, уый сӕ бон у мӕлӕтмӕ раттын). Уый фӕстӕ ӕппынкъаддӕр фондз хатты Пилат Йесойы банымадта ӕнаххос адӕймагыл, афтӕ зӕгъгӕйӕ: «Ӕз ницы аххос арын Уымӕ».
Иудейтӕн Йесойы политикон хъуыддӕгты фӕзылын кӕнын сӕ къухы куы нӕ бафтыд, уӕд ӕй аххосджын кӕнын райдыдтой дины хъуыддаджы, ӕмӕ йӕ цалдӕр сахаты размӕ синедрионы раз Хуыцауы фауындзинады куыд аххосджын кодтой, афтӕ та ныр дӕр дзурынц: «Махӕн ис закъон ӕмӕ мах закъонмӕ гӕсгӕ Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхи скодта Хуыцауы Фырт».
Уыцы ныхӕстӕ Пилат фыццаг хатт хъусы, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр ӕфтауынц тасы. Йӕ усы фын ӕмӕ Йесо цы диссаджы лӕджыхъӕд ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ ӕмбары, Йесо хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕу. Фӕлӕ «Хуыцауы Фырт»? Нӕ, Пилат зоны, Йесо Галилейӕ кӕй у. Кӕд мыййаг уый размӕ цард? Фӕстӕмӕ йӕ галуанмӕ бакодта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Кӕцӕй Дӕ Ды?»
Йесо ницы дзуры. Уымӕй размӕ загъта Пилатӕн, Паддзах кӕй у, фӕлӕ йӕ Паддзахад ацы дунейӕ кӕй нӕу. Йӕ иннӕ ныхӕстӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы пайда ӕрхастаиккой. Фӕлӕ дзуапп кӕй нӕ дӕтты, уый тынг хъыг фӕкаст Пилатмӕ, ӕмӕ тызмӕгӕй фӕрсы Йесойы: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? нӕ зоныс, мӕнмӕ кӕй ис Дӕу байтындзыны бар ӕмӕ Дӕу ауадзыны бар дӕр?»
«Ды ницы бар дарис Мӕныл, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд»,— уӕзданӕй йын дзуапп ратта Йесо. Йӕ хъуыдыйы ис, зӕххон хъуыддӕгтыл къухдариуӕг кӕныны хъуыддаджы Хуыцау адӕймӕгтӕн цы бар ратта, уый. Йесо ма бафтыдта: «Уымӕ гӕсгӕ фылдӕр тӕригъӕд ис Мӕн дӕумӕ чи ратта, ууыл». О, хистӕр сауджын Кайафӕ, йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ ма Иудӕ Искариотаг дӕр Пилатӕй тынгдӕр зылынджын сты, Йесойӕн ӕнӕаххосӕй ахӕм фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.
Йесойыл ноджы тынгдӕр дисгӕнгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй у, уымӕй тӕрсгӕйӕ, Пилат ногӕй архайы йӕ ауадзыныл, фӕлӕ иудейтӕ нӕ разы кӕнынц. Ногӕй та фӕлхат кӕнынц сӕ политикон аххосаг ӕмӕ хинӕй цӕуынц Пилатыл, ӕртхъирӕн ӕм кӕнынц: «Куы Йӕ ауадзай, уӕд ды кесӕры хӕлар нӕ дӕ; алкӕцы йӕхицӕй паддзах чи кӕны, уый кесӕрӕн знаг у».
Фӕлӕ сын Пилат ницӕмӕ ӕрдардта сӕ ныхӕстӕ, ногӕй та сӕм ракодта Йесойы ӕмӕ сын дзуры: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!»
«Акӕн, акӕн, байтындз Ӕй!»
«Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» — фӕрсы сӕ Пилат ныфссастӕй.
Иудейтӕ хъизӕмар кӕнынц ромӕгты ӕфсондзы бын. Ӕнӕуынон сын у Ромы хицауиуӕгад! Фӕлӕ уӕддӕр хистӕр сауджынтӕ цӕстмӕ дзурынц: «Кесӕры йеддӕмӕ махӕн нӕй паддзах».
Пилат, йӕ политикон бынат ӕмӕ йӕ кадӕн тӕрсгӕйӕ, ӕппынфӕстаг сразы иудейты ӕгъатыр домӕнтыл. Йесойы сын ратта сӕ къухмӕ. Ӕфсӕддонтӕ Йесойы сырх дарӕс раластой ӕмӕ йыл фӕстӕмӕ йӕхи дарӕс скодтой. Ныр ӕй фӕкӕнынц байтындзынмӕ ӕмӕ, цы цӕджындзыл хъизӕмар кӕндзӕн, уый йын йӕхицӕн хӕссын кӕнынц.
Ныр у майрӕмбон 14 нисан, сихорафон, хур ис йӕ тӕмӕны. Цыппӕрӕмы райсомӕй нырмӕ Йесо йӕ цӕстытӕ не ’рцъынд кодта, кӕрӕдзи фӕдыл ыл ихуарӕгау кодтой хъизӕмайраг фыдӕвзарӕнтӕ. Иу гыццыл ма, ӕмӕ цӕджындзы уӕзӕй ӕрхаудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ цӕджындз Африкӕйы Киринейӕ рацӕуӕг фӕндаггон лӕг Симонмӕ раттой ӕмӕ йын ӕй хӕссын кӕнынц. Йесойы фӕдыл цӕуы тынг бирӕ адӕм, йӕ фӕдыл кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ цӕуынц сылгоймӕгтӕ дӕр.
Йесо йе ’ргом сылгоймӕгтӕм раздӕхта ӕмӕ сын дзуры: «Иерусалимы чызджытӕ! ма кӕут Мӕныл, фӕлӕ кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ цоты тыххӕй; уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуынц бонтӕ, кӕцыты зӕгъдзысты: „тӕхудиаг ӕнӕзӕнӕгтӕ ӕмӕ чи нӕ ныййардта, уыцы хуылфытӕ, ӕмӕ чи нӕ бадардта, уыцы риутӕ!“... Уымӕн ӕмӕ цъӕх бӕласимӕ афтӕ, кӕд кӕнынц, уӕд хусимӕ та цы уыдзӕн?»
Йесо цы бӕласы кой кӕны, уый символикон хуызы ӕвдисы иудейаг адӕмы, ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй ӕнувыдӕй чи баззад, уыдон се ’хсӕн кӕй сты, уый фӕрцы ма сӕм гыццыл ис, цардӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы уымӕлад. Фӕлӕ уыдон адӕмы ’хсӕн куы нал уой, уӕд ма дзы баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр духовон ӕгъдауӕй мард бӕлас, ома чи бахус, ахӕм национ организаци. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр кӕуинаг фӕуыдзысты, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Ромы ӕфсӕдтӕ иудейаг адӕмы куы ныццӕгъдой ӕмӕ сӕ бынысӕфт куы фӕкӕной, уӕд! Иоанны 19:6—17; 18:31; Лукайы 23:24—31; Матфейы 27:31, 32; Маркы 15:20, 21.
▪ Дины разамонджытӕн политикон аххосӕгтӕй сӕ къухы куы ницы бафтыд, уӕд цавӕр хъуыддаджы фӕзылын кодтой Йесойы?
▪ Пилаты ноджы тынгдӕр цӕмӕн бацыд тас?
▪ Йесойы ӕфхӕрды ӕппӕты стырдӕр тӕригъӕд кӕуыл ис?
▪ Ӕппынфӕстаг сауджынты къухы куыд бафтыд Пилаты Йесойы мӕлӕтмӕ раттыныл сразы кӕнын?
▪ Цы загъта Йесо, чи йыл куыдта, уыцы сылгоймӕгтӕн ӕмӕ, райдианы «цъӕх» чи уыд, фӕлӕ уый фӕстӕ чи «бахус», уыцы бӕласы тыххӕй дзургӕйӕ, цы уыд йӕ хъуыдыйы?