Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 127 сӕр, 290 ф.–291 ф., 1 абз.
  • Синедрионы раз, стӕй та Пилаты раз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Синедрионы раз, стӕй та Пилаты раз
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Синедрионы раз, уый фӕстӕ Пилатмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесойы радтой ӕфсӕддонты къухмӕ ӕмӕ йӕ марынмӕ акодтой
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ йӕ акодтой
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтой
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 127 сӕр, 290 ф.–291 ф., 1 абз.
Йесо лӕууы Понтий Пилаты раз

127 СӔР

Синедрионы раз, стӕй та Пилаты раз

МАТФЕЙЫ 27:1–11 МАРЧЫ 15:1 ЛУКАЙЫ 22:66–23:3 ИОАННЫ 18:28–35

  • РАЙСОМӔЙ ЙЕСОЙЫ СИНЕДРИОНЫ РАЗ ӔРЛӔУУЫН КОДТОЙ

  • ИУДӔ ИСКАРИОТ ЙӔХИ ӔРЦАУЫНДЗЫНМӔ ХЪАВЫД

  • ЙЕСОЙЫ АРВЫСТОЙ ПИЛАТМӔ, ЦӔМӔЙ ЙЫН СТӔРХОН КОДТАИД

Петр Йесойӕ ӕртыккаг хатт куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд бон цъӕхтӕ кӕнын райдыдта. Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ сӕ худинаджы тӕрхон фесты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм апырх сты. Майрӕмбоны куыддӕр ӕрбабон, афтӕ та ногӕй ӕрӕмбырд сты. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй, ӕхсӕвы ӕнӕзакъон тӕрхон кӕй скодтой, уый ма рахъӕр уыдаид. Ӕмӕ та Йесойы ногӕй сӕ разы ӕрлӕууын кодтой.

Гъемӕ та йӕ бафарстой: «Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ». Йесо сын загъта: «Куы уын ӕй зӕгъон, уӕддӕр уӕ нӕ бауырндзӕн. Стӕй уӕ куы бафӕрсон, уӕддӕр мын дзуапп нӕ ратдзыстут». Фӕлӕ сын уӕддӕр бамбарын кодта, чи у, уый – йӕхи схуыдта, Данелы 7:13 стих ӕй куыд хоны, афтӕ. Йесо загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт баддзӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы рахиз фарс» (Лукайы 22:67–69; Матфейы 26:63).

Фӕлӕ йӕм уыдон уӕддӕр бауырдыг сты: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт ды дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут». Уый фехъусгӕйӕ, хӕрзаг, сулӕфыдысты, зӕгъгӕ, Хуыцауы ӕргом фауы ӕмӕ ныр ничиуал зӕгъдзӕн, цӕмӕн ӕй марут. Ӕмӕ загътой: «Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?» (Лукайы 22:70, 71; Марчы 14:64). Гъемӕ йӕ сбастой ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилатмӕ арвыстой.

Иудӕ Искариот, ӕвӕццӕгӕн, федта, Йесойы Пилатмӕ кӕй акодтой. Ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый куы бамбӕрста, уӕд ын фӕсмойнаг хъуыдытӕ йӕ зӕрдӕ ӕвдӕрзын райдыдтой, ӕмӕ йӕхицӕн бынат нал ардта. Фӕлӕ зӕрдӕйӕ не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ нӕ раздӕхт. Уый бӕсты 30 ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ сауджынты хистӕртӕм бахаста ӕмӕ сын загъта: «Ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон, рӕстаг адӕймаджы ауӕй кодтон». Фӕлӕ цыма уыдонӕн сӕ риуы зӕрдӕйы бӕсты дур уыд, уыйау ын тызмӕгӕй загътой: «Уый махмӕ нӕ хауы! Уый дӕхи хъуыддаг у!» (Матфейы 27:4).

Уӕд Иудӕ уыцы 30 ӕвзист ӕхцайы кувӕндоны фехста. Уый фӕстӕ йӕхи амарынмӕ ацыд, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдта. Йӕхи бӕласыл ӕрцауындзынмӕ хъавыд, фӕлӕ, бӕндӕн цы къалиуыл бабаста, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрсаст. Иудӕ бынӕй айнӕг къӕдзӕхыл ӕрхауд ӕмӕ ныппырх (Хъуыддӕгтӕ 1:17, 18).

Йесойы та райсомӕй раджы Понтий Пилаты галуанмӕ бакодтой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ мидӕмӕ бахизын нӕ бакуымдтой. Тарстысты, Хуыцауӕн чи нӕ кувы, уыцы адӕймаджы къӕсӕрӕй куы бахизой, уӕд куы фӕчъизи уой. Уӕд сын 15 нисаны, Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, бӕрӕгбоны хӕринӕгтӕй хӕрӕн нӕ уыдаид. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон дӕр Куадзӕны бонтыл нымад уыд.

Пилат дзуттӕгтӕм ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ сӕ бафарста: «Ацы адӕймаджы цавӕр хъуыддаджы аххосджын кӕнут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд ӕй дӕумӕ не ’рбакодтаиккам». Пилат, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, сӕ зӕрды цы уыд, уый, ӕмӕ сын загъта: «Акӕнут ӕй ӕмӕ йын уӕ закъонмӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг стӕрхон кӕнут». Ӕмӕ уӕд дзуттӕгтӕ сӕ фыдвӕнд раргом кодтой. Пилатӕн загътой: «Махӕн никӕй марыны бар ис» (Иоанны 18:29–31).

Ӕцӕгдӕр, Йесойы Куадзӕны рӕстӕг куы амардтаиккой, уӕд адӕм сызмӕстаиккой. Фӕлӕ йӕ ромӕгтӕн, Ромы хицауады ныхмӕ цӕуы, зӕгъгӕ, уый ӕфсонӕй куы амарын кодтаиккой, уӕд адӕмы цӕсты сыгъдӕгӕй баззадаиккой.

Дины разамонджытӕ Пилатӕн не схъӕр кодтой, Йесо Хуыцауы кӕй фаудта, уый тыххӕй йын кӕй стӕрхон кодтой, фӕлӕ йыл ӕндӕр цыдӕртӕ ӕрбаймысыдысты: «Ацы лӕг нын [1] нӕ адӕмы сафы, [2] нӕ уадзы паддзахӕн хъалон фидын, [3] йӕхицӕй та дзуры, ӕз, дам, дӕн Чырысти, паддзах» (Лукайы 23:2).

Йесо йӕхи паддзах хоны, зӕгъгӕ, уыцы хабар фехъусгӕйӕ Пилат фӕтыхст, уымӕн ӕмӕ Ромы паддзахады ӕвӕрд хицау уыди. Гъемӕ фӕстӕмӕ галуанмӕ бацыд, Йесомӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Ӕндӕр ныхасӕй: «Дӕхи паддзах кӕй хоныс ӕмӕ афтӕмӕй Ромы паддзахы ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй Ромы дунеон паддзахады закъоны сӕрты ахызтӕ?» Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, базонын фӕндыд, Пилат дзы уымӕй размӕ искуы исты фехъуыста ӕви нӕ, ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ дӕхи зондӕй зӕгъыс, ӕви дын иннӕтӕ радзырдтой мӕн тыххӕй?» (Иоанны 18:33, 34).

Пилат йӕхи афтӕ скодта, цыма Йесойы тыххӕй ницы зоны, фӕлӕ йӕ базонын фӕнды. Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз дзуттаг дӕн?» Стӕй загъта: «Дӕхи адӕм ӕмӕ дӕ сауджынты хистӕртӕ радтой мӕ къухмӕ. Цы ракодтай?» (Иоанны 18:35).

Пилаты, бӕстӕйы хицауы, сӕйраджыдӕр базонын фӕндыд, Йесо паддзах у ӕви нӕ. Йесо ныхас иннӕрдӕм нӕ аздӕхта, фӕлӕ йын йӕ фарстайӕн комкоммӕ дзуапп радта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Пилат ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыд.

ТУДЖЫ ЗӔХХ

Иудӕ 30 ӕвзист ӕхцайы кувӕндоны фехста

Иудӕ кувӕндоны цы ӕвзист ӕхцатӕ фехста, уыдонӕн цы кӕнгӕ уыди, уымӕн сауджынты хистӕртӕ ницы зыдтой. Загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сӕ нӕй ныппарӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы туджы аргъ сты». Гъемӕ дзы балхӕдтой дурынгӕнӕджы зӕхх бӕлццӕтты ныгӕнынӕн. Уыцы зӕхх хонын райдыдтой «Туджы зӕхх» (Матфейы 27:6–8).

  • Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ райсомӕй ногӕй цӕмӕн ӕрӕмбырд сты?

  • Иудӕ куыд амард ӕмӕ, Йесойы цы 30 ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодта, уыдон цы фӕкодтой?

  • Дзуттӕгтӕ Йесойы Пилатӕн цӕй тыххӕй марын кодтой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын