121 сӕр
Синедрионы раз, уый фӕстӕ Пилатмӕ
БОН цъӕх кӕны. Петр ӕртыккаг хатт бавдисӕн кодта Йесойыл, синедрионы уӕнгтӕ фесты сӕ цӕстфӕливӕн тӕрхон ӕмӕ фӕйнӕрдӕм апырх сты. Фӕлӕ та майрӕмбоны сӕумӕрайсом ногӕй ӕрӕмбырд сты, ацы хатт синедрионы залы. Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ зӕрды ис, ӕхсӕвы цы сарӕзтой, уымӕн закъонон хуыз раттын. Йесойы сӕм куы бакодтой, уӕд та йӕ ногӕй фӕрсынц, ӕхсӕвы йӕ цӕмӕй фарстой, уымӕй: «Ды Дӕ Чырысти? зӕгъ махӕн».
«Куы уын зӕгъон, уӕд сымах нӕ бауырндзӕн,— дзуапп сын дӕтты Йесо. — Фӕрсгӕ та уӕ куы бакӕнон, дзуапп нӕ ратдзыстут Мӕнӕн». Фӕлӕ уӕддӕр уӕндонӕй дзуры йӕхи тыххӕй: «Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕни Хуыцауы тыхы рахиз фарс» (НФ).
«Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт Дӕ?» — се ’ппӕты дӕр фӕнды базонын.
«Сымах зӕгъут, Ӕз кӕй дӕн»,— дзуапп сын ратта Йесо.
Марынмӕ йӕ чи хъавы, уыдонӕн ацы дзуапп дӕр фаг у. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уый Хуыцауы фауы. «Цавӕр ӕвдисӕнад ма нӕ хъӕуы? — фӕрсынц сӕ кӕрӕдзи. — Уымӕн ӕмӕ мах нӕхӕдӕг фехъуыстам Йӕ дзыхӕй!» Уыйадыл Йесойы сбастой, акодтой йӕ ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилаты къухтӕм раттой.
Йесойы уӕйгӕнӕг Иудӕ йӕ хъус дары, тӕрхон куыд цӕуы, уымӕ. Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый куы федта, уӕд фӕсмон кӕнын райдыдта. Уый бацыд хистӕр сауджынтӕм ӕмӕ хистӕртӕм, цӕмӕй сын сӕ 30 ӕвзисты фӕстӕмӕ ратта ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны: «Тӕригъӕд ракодтон ӕз, ауӕйгӕнгӕйӕ ӕнаххос Туг».
«Мах уыимӕ цы хъуыддаг ис? дӕхӕдӕг кӕс»,— дурзӕрдӕйӕ йын дзуапп раттой уыдон. Уӕд Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ кувӕндоны баппӕрста, ацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Фӕлӕ бӕндӕн цы къалиуыл бабаста, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрсаст ӕмӕ йын йе стджытӕ халон дӕр кӕм не ссардзӕн, ахӕм арф комы айнӕгдуртыл сӕмбӕлд ӕмӕ ныппырх.
Сауджынтӕ уыцы ӕвзист ӕхцатӕ цы фӕкӕной, уый нӕ зонынц. «Не ’мбӕлы ӕвӕрын, уыдон аргъуаны хӕзнадоны,— аскъуыддзаг кодтой уыдон,— уымӕн ӕмӕ уый у туджы аргъ». Уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцатӕй балхӕдтой дурынгӕнӕджы зӕхх фӕндаггонты ныгӕнынӕн. Ӕмӕ йӕ схуыдтой «туджы зӕхх».
Йесойы хицауы галуанмӕ бакодтой райсомӕй раджы. Йӕ фӕдыл цы иудейтӕ цыдысты, уыдон мидӕмӕ нӕ бахызтысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, муртаттимӕ ахӕм лымӕн ахастытӕй кӕй счъизи уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ Пилат йӕхӕдӕг рацыд сӕ размӕ ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Цӕмӕй зылын кӕнут Ацы Адӕймаджы?»
«Уый ӕвзӕргӕнӕг куы нӕ уыдаид, уӕд Ӕй мах дӕумӕ нӕ раттаиккам»,— дзуапп ын раттой уыдон.
Пилаты нӕ фӕнды уыцы хъуыддаджы хайад исын ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ уӕхи закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнут Уымӕн».
Сӕ фыдвӕнд ӕргомгӕнгӕйӕ, иудейтӕ зӕгъынц: «Махӕн искӕйы мӕлӕтмӕ раттыны бар нӕй». Ӕцӕгдӕр, Йесойы Куадзӕны рӕстӕджы куы амардтаиккой, уӕд ӕвӕццӕгӕн адӕм сызмӕстаиккой, уымӕн ӕмӕ бирӕты цӕсты Йесо тынг кадджын у. Ӕмӕ йӕ ромӕгтӕн политикон аххосӕгтӕм гӕсгӕ куы амарын кӕной, уӕд сӕ адӕмы раз дзуапп дӕттын нӕ хъӕудзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ дины разамонджытӕ, ӕхсӕвы Йесойы кӕй ӕрфарстой ӕмӕ йыл куыд Хуыцауы фауӕг, афтӕ кӕй стӕрхон кодтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ ныр хӕссынц ӕндӕр аххосӕгтӕ. Аххосджын ӕй кӕнынц ӕртӕ хъуыддаджы: «Мах ссардтам, Уый [1] кӕй халы нӕ адӕмы ӕмӕ [2] бар нӕ дӕтты кесӕрӕн хъалон фидынӕн, [3] Йӕхи Паддзах Чырысти хонгӕйӕ».
Йесо йӕхи Паддзах кӕй хоны, уыцы аххосаг мӕты ӕфтауы Пилаты. Уымӕ гӕсгӕ фӕстӕмӕ галуанмӕ бацыд, Йесомӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Ды Иудейты Паддзах Дӕ?» Ӕндӕр ныхасӕй, Дӕхи паддзах хонгӕйӕ, кесӕры ныхмӕ цӕуыс, ӕмӕ афтӕмӕй закъоны сӕрты хизыс?
Йесойы цымыдис кӕны, Пилат уый тыххӕй цы зоны, ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Дӕхицӕй зӕгъыс ды уый, ӕви дын иннӕтӕ загътой Мӕн тыххӕй?»
Пилат йӕхи афтӕ дары, цыма ницы зоны Йесойы тыххӕй ӕмӕ йӕ ныр фӕнды бӕлвырд факттӕ базонын. Уый дзуры: «Ӕз Иудейаг дӕн мыййаг? Дӕ адӕм ӕмӕ хистӕр сауджынтӕ раттой Дӕу мӕнмӕ; цы ракодтай Ды?»
Йесо йӕхи нӕ иуварс кӕны дайуаг фарстӕй, сӕрмагондӕй та паддзахады фарстӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы дзуапп дисы бафтаудзӕн Пилаты. Лукайы 22:66—23:3; Матфейы 27:1—11; Маркы 15:1; Иоанны 18:28—35; Куыстытӕ 1:16—20.
▪ Сӕумӕрайсом синедрион ногӕй цӕмӕн ӕрӕмбырд?
▪ Куыд амард Иудӕ ӕмӕ цы фесты 30 ӕвзист ӕхцайы?
▪ Иудейты цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй Йесойы уыдон нӕ, фӕлӕ ромӕгтӕ амарой?
▪ Иудейтӕ Йесойы цавӕр хъуыддӕгты аххосджын кӕнынц?