Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • dg 4 хай, 9–10 фф.
  • Хуыцау нын ӕргом кӕны йӕ фӕндтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау нын ӕргом кӕны йӕ фӕндтӕ
  • Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕм ис дзуаппытӕ ссарӕн?
  • Хуыцауы лӕвар
  • Стыр зонды ӕвидигӕ суадон
    Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?
  • Хуыцауы базонынаддӕттӕг чиныг?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Библи у Хуыцауы Ныхас
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
dg 4 хай, 9–10 фф.

4 хай

Хуыцау нын ӕргом кӕны йӕ фӕндтӕ

1, 2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фарстатӕн дзуапп кӕй дӕтты?

УАРЗӔГОЙ Хуыцау йӕ фӕндтӕ ӕргом кӕны, чи йӕ агуры, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн. Сӕ алыхуызон фарстатӕн сын дзуапп дӕтты. Зӕгъӕм, ахӕм фарстайӕн: Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

2 Сыгъдӕг Фыстады фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «[Хуыцауы] куы... агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ». «Уӕлӕрвты ис сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау». «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕны, уӕдмӕ» (1 Азфыстыты 28:9; Данел 2:28; Амос 3:7).

Кӕм ис дзуаппытӕ ссарӕн?

3. Кӕцӕй ис базонӕн, Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной?

3 Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной? Уый фӕдыл ӕм цы фӕнд ис? Уыдӕттӕ нӕ бон базонын у, йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы кӕй ныффыссын кодта, уыцы чиныджы. Уыцы чиныг у йӕ Ныхас, Библи. «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр хорз зона ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

4, 5. Библи диссаджы чиныг цӕмӕн у?

4 Библи, ӕцӕгдӕр, диссаджы чиныг у. Адӕм куыд равзӕрдысты ӕмӕ куыд цардысты, уыцы хабӕрттӕ ацы чиныгӕй растдӕр фыст никуы сты. Базонӕн ма дзы ис, Хуыцау адӕмы куы нӕма сфӕлдыста, уӕд чи ’рцыд, уыцы хабӕрттӕ дӕр. Уыцы чиныг абон дӕр зӕронд схонӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарӕдтӕ баст сты нӕ рӕстӕгимӕ ӕмӕ ӕввахс фидӕнимӕ дӕр.

5 Историйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ ацы чиныгӕй растдӕр чиныг нӕй. Зӕгъӕм, рагон классиктӕн сӕ къухфыстытӕй баззад ӕрмӕст иу цалдӕр. Фӕлӕ Библийӕн ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕн нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ тынг бирӕ къухфыстытӕ: Дзуттаг Фыстытӕн – 6 мины бӕрц («Рагон Фӕдзӕхст», 39 чиныджы) ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн та – 13 мины бӕрц («Ног Фӕдзӕхст», 27 чиныджы).

6. Нӕ бон фидарӕй цӕмӕн у зӕгъын, Библийы текст кӕй нӕ фӕивта?

6 Библи чи ныффыссын кодта, уыцы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ хъус дардта, цӕмӕй уыцы къухфыстыты тексты мацы фӕивтаид. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ абоны Библийы текст ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстады фыццаг текст кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц. Уый ма нӕ фидарӕй уымӕн уырны, ӕмӕ абон Чырыстон Грекъаг Фыстыты къухфыстытӕн цы къопитӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фыст ӕрцыдысты, текст райдианы фыст куы ’рцыд, уымӕй ӕрмӕст гыццыл фӕстӕдӕр. Рагзаманты фысджыты уацмысты къопитӕй нӕ рӕстӕгмӕ чи ӕрхӕццӕ, уыдон бирӕ не сты, ӕмӕ арӕзт ӕрцыдысты, сӕ автортӕ сӕ куы ныффыстой, уымӕй бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр.

Хуыцауы лӕвар

7. Цы зӕгъӕн ис, Библи куыд парахат у, уый тыххӕй?

7 Историйы мидӕг Библийӕ парахатдӕр чиныг никуы уыд. Мыхуыры дзы рацыд ӕхсӕз миллиарды бӕрц экземпляры. Уыцы нымӕцмӕ иу чиныджы тираж дӕр хӕстӕг нӕ лӕууы. Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты иу-2 500 ӕвзагмӕ. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ планетӕйыл чи цӕры, уыдонӕн сӕ 90 процентӕн сӕ бон у Библи кӕсын.

8–10. Библи уый аккаг цӕмӕн у, цӕмӕй йӕ раиртасӕм?

8 Библи йӕхӕдӕг дзуры, Хуыцауӕй кӕй у. Ӕмӕ уымӕн ӕнӕуи дӕр ӕмӕ йӕхи мидӕг дӕр ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Библи уый аккаг у, цӕмӕй йӕ раиртасӕм. Ацы чиныг ӕмбарын кӕны, адӕймаг цӕмӕн цӕры, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕмӕ амонынц ӕмӕ нӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уыдӕттӕ ӕндӕр никӕцы чиныгӕй ис базонӕн.

9 О, Библийы фыст ис, Хуыцауы адӕмӕн цы зӕгъын фӕнды, уый. Ныффыстой йӕ 40 адӕймаджы бӕрц Хуыцауы архайгӕ тыхы, кӕнӕ йӕ сыгъдӕг тыхы, разамындӕй. Уӕдӕ Хуыцау адӕмимӕ дзуры йӕ Ныхасы, Сыгъдӕг Фыстады, уылты. Апостол Павел ныффыста: «Махӕй Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

10 Америкӕйы Иугонд Штатты 16 президент Авраам Линкольн Библийы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый у, «Хуыцау адӕмӕн цы балӕвар кодта, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕр лӕвар... Ӕнӕ уымӕй мах нӕ зыдтаиккам, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр». Уӕдӕ уыцы чиныгӕй, уыцы диссаджы лӕварӕй, нӕ бон цы у базонын ацы хъуыддӕгты тыххӕй: адӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын цӕмӕн райдыдтой? Хуыцау уый цӕмӕн уадзы? Уый фӕдыл ӕй цы фӕнды саразын?

[Ныв 10 фарсыл]

Библийы фыст ис, Хуыцауы адӕмӕн цы зӕгъын фӕнды, уый

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын