Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fy 8 сӕр, 90–102 фф.
  • Уӕ сывӕллӕтты ӕвзӕрдзинадӕй хъахъхъӕнут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕ сывӕллӕтты ӕвзӕрдзинадӕй хъахъхъӕнут
  • Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ УЫН ЧИ АХУЫР КӔНДЗӔН?
  • ХУЫЦАУ ЦЫ ЗӔГЪЫ?
  • ХӔДЗАРМӔ КУЫСТ НЫЙЙАРДЖЫТӔН
  • УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ӔМБӔЛТТӔ
  • КУЫД ИС РӔСТӔГ ӔРВИТӔН?
  • УӔ БОН У АЦЫ ДУНЕЙЫЛ УӔЛАХИЗ КӔНЫН
  • Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн дын Библи баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (2 хай)
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сын Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уа
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
fy 8 сӕр, 90–102 фф.

ӔСТӔМ СӔР

Уӕ сывӕллӕтты ӕвзӕрдзинадӕй хъахъхъӕнут

Ныв 91 фарсыл

1–3. а) Сывӕллӕттӕ ӕвзӕрдзинадыл кӕм ӕмбӕлынц? ӕ) Цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕной, уый тыххӕй сӕ куыд хъӕуы архайын?

ДӔ ГЫЦЦЫЛ лӕппуйы скъоламӕ рӕвдз кӕныс, ӕддейӕ та къӕвда сӕх-сӕх кӕны. Куыд бакӕндзынӕ? Рог кондӕй йӕ ауадздзынӕ, ницы йын ратдзынӕ, цӕмӕй ма ныххуылыдз уа? Ӕви йӕ афтӕ стухдзынӕ, ӕмӕ йӕ бон фезмӕлын дӕр мауал уа? Ӕвӕццӕгӕн дзы нӕдӕр иу бакӕндзынӕ, нӕдӕр иннӕ. Ратдзынӕ йын, къӕвдайӕ бахизынӕн ӕй цы хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уый.

2 Къӕвда куыд ныккалы, афтӕ абон сывӕллӕттыл ӕвзӕрдзинад кӕлы алырдыгӕй: ирхӕфсӕнтӕй зӕгъай, телевизорӕй, газеттӕй, чингуытӕй, ӕмгӕрттӕй ӕмӕ ма хатт скъолайы дӕр. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй ныййарджытӕ уыцы ӕвзӕрдзинадӕй бахъахъхъӕной, уый тыххӕй сӕ уӕззау зондӕй хъӕуы архайын. Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм сӕ хъус ӕппындӕр нӕ дарынц, йе та кӕд дарынц, уӕд ӕнӕбары. Иннӕтӕ та сӕ сывӕллӕттӕн афтӕ тынг тӕрсынц, ӕмӕ сӕ акъахдзӕф кӕнын дӕр нӕ уадзынц. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ныййарджытӕн иуырдӕм дӕр ма фегӕр уа ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр?

3 Ис. Ӕгӕр ӕнӕмӕт уай, уый дӕр хорз нӕу, ӕмӕ сын алцӕмӕй тӕрсай, уый дӕр хорзмӕ не ’ркӕндзӕн (Екклесиаст 7:16, 17). Уӕдӕ цы ис саразӕн? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ: ахуыр, ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕм.

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ УЫН ЧИ АХУЫР КӔНДЗӔН?

4. Чырыстон ныййарджытӕ ахуырмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

4 Чырыстон ныййарджытӕ ахуырмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Зонынц ӕй, сывӕллон скъолайы кӕй сахуыр вӕййы кӕсын ӕмӕ фыссын, стӕй иннӕтимӕ иумӕйаг ӕвзаг арын ӕмӕ зындзинӕдты сӕрты хизын дӕр. Скъолайы ма бамбары, ахуыр кӕнын цы нысан кӕны, уый дӕр. Сывӕллон скъолайы цӕуыл сахуыр уа, уый йын абоны зын царды стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Стӕй, хорз куы ахуыр кӕна, уӕд уый фӕстӕ хуыздӕр кусӕг уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 22:29).

5, 6. Ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй сывӕллӕттӕн скъолайы зыгъуыммӕ зонд куыд амонынц?

5 Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ скъолайы сывӕллон вӕййы иннӕ сывӕллӕтты ’хсӕн, ӕмӕ уыцы сывӕллӕттӕй та бирӕтӕ сты зыгъуыммӕ зондыл хӕст. Райсӕм, ӕмуат ӕрцӕуын ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый. Нигерийы иу астӕуккаг скъолайы ахӕм хабар ӕрцыд, ӕмӕ иу ӕгъдаухӕлд чызг йе ’мбӕлттӕн дзырдта ӕмуат ӕрцӕуыны хабӕрттӕ. Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр цымыдисӕй хъуыстой, кӕд сын цытӕ дзырдта, уыдон, хӕлд чингуыты кӕй бакаст, ахӕм зыгъуыммӕ хъуыдытӕ йеддӕмӕ ницы уыдысты, уӕддӕр. Чызджытӕй дзы чидӕртӕ, куыд сын амыдта, афтӕ кӕнгӕ дӕр бакодтой. Гъемӕ дзы иу чызг кӕмӕйдӕр басывӕрджын, стӕй йӕхи асыгъдӕг кӕныны тыххӕй цыдӕртӕ сарӕзта ӕмӕ амард.

6 Фыддӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ скъолайы сывӕллӕтты ахӕм зыгъуыммӕ зондыл арӕх иннӕ сывӕллӕттӕ нӕ фӕардауынц, фӕлӕ ахуыргӕнджытӕ сӕхӕдӕг. Бирӕ ныййарджытӕ уый куы базонынц, ӕмӕ скъолайы сывӕллӕттӕн ӕмуат ӕрцӕуыны хабӕрттӕ амонынц, кӕд ӕмӕ кӕмӕн ӕмбӕлы ахӕм хъуыддӕгтӕ, стӕй уый сӕ цардыл куыд фӕзындзӕн, уый та сын не ’мбарын кӕнынц, уӕд катайы бахауынц. Дыууадӕсаздзыд чызг кӕмӕн ис, иу ахӕм мад афтӕ загъта: «Кӕм цӕрӕм, уым адӕм сты тынг кувӕг, стӕй ӕгъдӕуттыл фидар хӕст, фӕлӕ уӕддӕр скъолайӕн йӕхи мидӕг сывӕллӕттӕн дӕттынц презервативтӕ». Йӕ лӕгимӕ уый куы базыдтой, ӕмӕ сӕ чызгӕн йӕ карӕн лӕппутӕ дзырдтой, ӕмуат ӕрцӕуӕм, зӕгъгӕ, уӕд куыннӕ хъуамӕ мӕт кодтаиккой. Уӕдӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахӕм ӕвзӕрдзинӕдтӕй куыд бахъахъхъӕной?

7. Цӕмӕй сывӕллӕтты, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уыцы хъуыддӕгты зыгъуыммӕ зондыл мачи сараза, уымӕн хуыздӕр амал цы у?

7 Цымӕ сывӕллӕттӕн, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый кой ӕппындӕр куы нӕ кӕнат, уӕд хуыздӕр уыдзӕн? Нӕ. Хуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ сын уыцы хабӕрттӕ уӕхӕдӕг куы ’мбарын кӕнат (Ӕмбисӕндтӕ 5:1). Европӕйы ӕмӕ Цӕгат Америкӕйы иуӕй-иу рӕтты ныййарджытӕ нӕ уарзынц ахӕм хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын. Уӕдӕ Африкӕйы дӕр иуӕй-иу бӕстӕты ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ уыдӕттыл стӕм хатт фӕныхас кӕнынц. «Африкӕйы адӕммӕ ахӕм ӕгъдау нӕй»,– зӕгъы иу фыд Сьерра-Леонейӕ. Иуӕй-иу ныййарджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн уыцы хъуыддӕгтӕ куы ’мбарын кӕной, уӕд сӕ сӕхӕдӕг ардауынц ӕнӕгъдау митыл. Фӕлӕ Хуыцау та цы зӕгъы?

ХУЫЦАУ ЦЫ ЗӔГЪЫ?

8, 9. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы хабӕртты тыххӕй Библи ӕргом цы дзуры?

8 Библи нын бӕлвырд ӕвдисы, кӕм хъӕуы, уым ахӕм хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын худинаг кӕй нӕу. Израилы-иу Хуыцауы адӕм иууылдӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты, «гыццыл сывӕллӕттӕ» дӕр семӕ, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу хъуыстой, Моисейы Закъонӕй хъӕрӕй цы кастысты, уымӕ (Дыккаг закъон 31:10–12; Йесо Навин 8:35). Закъон ӕргом дзырдта ахӕм хабӕрттыл, зӕгъӕм, сылгоймагӕн ӕрвылмӕйон тугцыды бонтӕ куы вӕййы, нӕлгоймаджы мыггагдонӕй мыг куы рацӕуы, хӕтындзинад, цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын, гомосексуализм, туг хӕццӕ кӕнын ӕмӕ фосимӕ чъизи митӕ кӕныны тыххӕй (Левит 15:16, 19; 18:6, 22, 23; Дыккаг закъон 22:22). Ахъуыды-ма кӕн, ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй-иу сын куы бакастысты, уӕд-иу сывӕллӕттӕм цас фарстытӕ фӕзындаид ӕмӕ-иу сын сӕ ныййарджыты цас цыдӕртӕ хъуыдаид бамбарын кӕнын.

9 Ӕмбисӕндты чиныджы фӕндзӕм, ӕхсӕзӕм ӕмӕ ӕвдӕм сӕрты ис уарзӕгой ныййарӕджы уынаффӕтӕ – уый йӕ хъӕбулӕн амоны, ӕнӕгъдау митӕ тӕссаг цӕмӕй сты, уый. Уыцы сӕрты ӕвдыст цӕуы, хатт адӕймагмӕ ӕнӕгъдаудзинад тынг бӕллиццаг кӕй фӕкӕсы (Ӕмбисӕндтӕ 5:3; 6:24, 25; 7:14–21). Фӕлӕ нын ӕмбарын кӕнынц, уый ӕвзӕрдзинад кӕй у ӕмӕ бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны. Дзырд ма дзы цӕуы, ӕрыгон йӕхи ахӕм митӕй куыд бахиза, ууыл дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 5:1–14, 21–23; 6:27–35; 7:22–27). Стӕй кӕд хӕтын ӕвзӕрдзинад у, уӕд ма нын ӕргом кӕнынц уый дӕр, ӕмӕ ӕмуат ӕрцӕуын лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн та ӕмбӕлон хъуыддаг кӕй у (Ӕмбисӕндтӕ 5:15–20). Уӕдӕ ныййарджытӕн дӕр афтӕ у сӕ бон сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын.

10. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уыдӕттӕ куы ’мбарын кӕной, уӕд сӕ ӕнӕгъдау митыл нӕ ардауынц?

10 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн уыцы хабӕрттӕ куы ’мбарын кӕной, уӕд сӕ ӕцӕгдӕр ӕнӕгъдау митыл ардауынц? Нӕ, Библи афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнджытӕ зонындзинады фӕрцы аирвӕзынц» (Ӕмбисӕндтӕ 11:9). Ӕмӕ сымах дӕр куыннӕ фӕнды уӕ сывӕллӕтты ацы дунейы ӕвзӕр зондахастӕй бахъахъхъӕнын. Иу фыд афтӕ загъта: «Нӕ сывӕллӕттӕ ма хӕрз гыццылтӕ куы уыдысты, уӕд дӕр семӕ ӕргом ныхас кодтам, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уыдӕттыл. Ӕмӕ иннӕ сывӕллӕтты ахӕм цӕуылдӕрты дзургӕ куы фехъусынц, уӕд не сцымыдис вӕййынц, уый та цы у, зӕгъгӕ. Уыцы хабӕрттӕ сын сусӕг не сты».

11. Сывӕллӕттӕн нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕг хабӕрттӕ куыд хъӕуы ӕмбарын кӕнын?

11 Раззаг сӕрты дӕр ма куыд загътам, афтӕмӕй сывӕллӕттӕн уыцы сусӕг хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнын райдайын хъӕуы сӕ гыццылӕй. Буары уӕнгты тыххӕй сын куы дзурат, уӕд-иу сын сӕ буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгты тыххӕй дӕр ӕнӕзӕгъгӕ ма фӕут – уым худинагӕй ницы ис. Куыд рӕзой, афтӕ сын ӕмбарын кӕнын хъӕуы, сӕхи куыд хъуамӕ дарой ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уыдӕттӕ. Хорз уаид, сывӕллӕттӕн фыд дӕр ӕмӕ мад дӕр куы амониккой, уыцы уӕнгтӕм кӕй нӕй иннӕттӕн ӕвналӕн кӕнӕ сӕ уынӕн, стӕй сӕ ӕвзӕртӕ дзурӕн дӕр кӕй нӕй. Куы фестырдӕр уой, уӕд та сын бамбарын кӕнын хъӕуы, мады гуыбыны сывӕллон куыд сӕвзӕры, уый. Рагацау сын радзурын хъӕуы, сӕ буары цы ивындзинӕдтӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй дӕр. Фӕндзӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ уыдӕттӕ куы зоной, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕхи хӕлд адӕймӕгтӕй бахизын (Ӕмбисӕндтӕ 2:10–14).

ХӔДЗАРМӔ КУЫСТ НЫЙЙАРДЖЫТӔН

12. Арӕх скъолайы сывӕллӕттӕн цавӕр рӕдыд хъуыдытӕ фӕамонынц?

12 Сывӕллӕттӕн ма скъолайы фӕамонынц ӕндӕр рӕдыд хъуыдытӕ дӕр, ома, дам, цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд, адӕймаг маймулийӕ равзӕрд, дӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕр у, рӕстдзинад алчидӕр йӕхирдыгонау ӕмбары (1 Коринфӕгтӕм 3:19; абар Райдиан 1:27; Левит 26:1; Иоанны 4:24; 17:17). Стӕй ахуыргӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ хорззӕрдӕйӕ сывӕллӕттӕн ӕдзух фӕдзурынц уӕлдӕр ахуыры тыххӕй. Ӕмӕ кӕд, сывӕллон дарддӕр ахуырмӕ искуыдӕм бацӕудзӕн ӕви нӕ, уый йӕхи хъуыддаг у, уӕддӕр иуӕй-иу ахуыргӕнджытӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, зӕгъгӕ, ӕнӕ уымӕй адӕймагӕн царды ницы бантысдзӕнa (Псалом 145:3–6).

13. Цы ис саразӕн, цӕмӕй сывӕллӕттӕн скъолайы цы рӕдыд хъуыдытӕ фӕамонынц, уыдон сыл ма бандавой?

13 Цӕмӕй сывӕллӕттыл алыхуызон рӕдыд хъуыдытӕ ма бандавой, уый тыххӕй ныййарджытӕ хъуамӕ бӕлвырд зоной, скъолайы сӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый. Уӕдӕ, ныййарджытӕ, сымахӕн дӕр ис хӕдзармӕ куыст! Сывӕллӕттӕ скъолайӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд-иу семӕ аныхас кӕнут, афӕрсут-иу сӕ, цы хабӕрттӕ сӕм ис скъолайы. Базонут-иу, цы ахуыр кӕнынц, тынгдӕр дзы цы цӕуы сӕ зӕрдӕмӕ, зынӕмбарӕн сын цы у, уыдӕттӕ. Ӕркӕсут-иу, хӕдзармӕ сын цы хӕслӕвӕрдтӕ раттынц, уыдонмӕ, сӕ фыстытӕм, стӕй, цы нысӕнттӕ райсынц, уымӕ дӕр. Базонгӕ ут сӕ ахуыргӕнджытимӕ. Уӕд ӕй ахуыргӕнджытӕ уындзысты, сӕ куыстӕн сын кӕй аргъ кӕнут ӕмӕ уӕ бон цы у, уымӕй сын кӕй ӕххуыс кӕнут.

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ӔМБӔЛТТӔ

14. Хуыцауыл ӕууӕндӕг сывӕллӕтты сӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарын цӕмӕн хъӕуы?

14 «Чи дӕ сахуыр кодта афтӕ?» Цал ӕмӕ цал ныййарӕджы бафӕрсынц афтӕ сӕ сывӕллӕтты, ӕппындӕр сын ӕнхъӕл цы нӕ уыдысты, ахӕм исты куы фӕзӕгъынц кӕнӕ куы саразынц, уӕд! Ӕмӕ куыд арӕх фӕзӕгъынц, скъолайы кӕнӕ сын сыхы цы ног ӕмбал фӕзынд, уымӕй кӕй сахуыр сты! О, ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, не ’мбӕлттӕ нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сӕхи хуызӕн скӕнынц. Апостол Павел дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхста: «Ма рӕдийут: ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33; Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Ӕмгӕртты зондахаст уӕлдай тынгдӕр ӕрыгӕттыл фӕзыны. Се ’мбӕлттӕ сӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй тынг фӕтӕрсынц, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ куыд балхӕной ӕмӕ сӕ разы сӕхи куыд равдисой, ӕрмӕстдӕр ууыл фӕхъуыды кӕнынц. Куыд тынг сӕ хъӕуы, уӕдӕ, хорз ӕмбӕлттӕ!

15. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн куыд баххуыс кӕндзысты хорз хӕлӕрттӕ ссарынӕн?

15 Алы ныййарӕг дӕр ӕй зоны, сывӕллӕттӕ алы хатт, хуыздӕр цы у, уый кӕй нӕ равзарынц. Ӕмӕ сын фӕхъӕуы баххуыс кӕнын. Фӕлӕ сын сӕ бӕсты хӕлӕрттӕ ма ӕвзарут. Фӕлтау, куыд стыр кӕнынц, афтӕ сӕ ахуыр кӕнут хъуыды кӕнын ӕмӕ семӕ ныхас кӕнут, хорз ӕмбалмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, ууыл. Уыцы миниуджытӕй сӕйраг у Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразын (Марчы 12:28–30). Ахуыр сӕ кӕнут, ӕнӕхин, хӕларзӕрдӕ, цӕстуарзон ӕмӕ куыстуарзаг чи у, ахӕм адӕймӕгты уарзын ӕмӕ сын аргъ кӕнын. Бинонты ахуыры рӕстӕджы-иу сын сӕ хъус ӕрдарут, Библийы цы адӕймӕгты тыххӕй цӕуы дзырд, уыдон куыд ӕвдыстой уыцы миниуджытӕ, ӕмӕ-иу стӕй, ахӕм миниуджытӕ ӕмбырды кӕмӕ ис, ууыл дӕр ахъуыды кӕнӕнт. Уӕхӕдӕг дӕр ахӕм адӕймӕгты ӕвзарут хӕлӕрттӕн ӕмӕ сын уымӕй ут фӕзминаг.

16. Ныййарджыты цы аразын хъӕуы, цӕмӕй, сӕ сывӕллӕттӕ кӕимӕ вӕййынц, уый зоной?

16 Уӕ сывӕллӕтты ӕмбӕлттӕ чи сты, цы сты, уый зонут? Уадз ӕмӕ-иу сӕ хӕдзармӕ дӕр ӕрбакӕной, цӕмӕй сӕ фенат, хуыздӕр сӕ базонат. Сывӕллӕтты ма бафӕрсӕн ис, се ’мбӕлтты тыххӕй иннӕ сывӕллӕттӕ цы хъуыды кӕнынц, уымӕй дӕр. Ӕргом, ӕнӕхин сты, ӕви иутимӕ сӕхи иухуызон ӕвдисынц, иннӕтимӕ та – ӕндӕрхуызон? Кӕд афтӕ у, уӕд сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын хъӕуы, ахӕмтимӕ куы лымӕн кӕной, уӕд сӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн (Псалом 25:4, 5, 9–12). Зӕгъгӕ йӕ бафиппайдтат, ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн йӕ уаг, йе ’гъдау, йӕ конд, йӕ зондахаст кӕнӕ йӕ ныхасыуаг ӕвзӕрырдӕм фӕивта, уӕд йемӕ аныхас кӕнын хъӕудзӕн йе ’мбӕлтты тыххӕй. Чи зоны йӕ уыдонӕй исчи сафы. (Абар Райдиан 34:1, 2.)

17, 18. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн хъуыддагӕй баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй хизой?

17 Фӕлӕ уӕ сывӕллӕттӕн афтӕ дзурат, ӕвзӕртимӕ ма иу кӕнут, зӕгъгӕ, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Ӕххуыс сын кӕнут хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн. Иу фыд афтӕ зӕгъы: «Алы хатт дӕр ӕндӕр исты ӕрымысӕм. Зӕгъӕм, скъолайы нӕ лӕппуйӕн куы дзырдтой, футболмӕ бацу, зӕгъгӕ, уӕд мах йемӕ ӕрбадтыстӕм ӕмӕ аныхас кодтам, хорз цӕуылнӕ уыдзӕн афтӕ бакӕнын. Бамбарын ын кодтам, уым цы лӕппутимӕ уыдаид, уыдон ыл ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзындаиккой. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ загътам, цӕмӕй ӕмбырды сывӕллӕттӕй искӕмӕнты зӕгъа ӕмӕ нӕхӕдӕг ацӕуӕм футболӕй хъазынмӕ. Ӕмӕ уыйадыл алыг кодтам уыцы фарст».

18 Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн ӕмӕ стӕй сӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынӕн дӕр. Фӕлӕ бирӕ ныййарджытӕн уый ӕнцон хъуыддаг нӕу.

КУЫД ИС РӔСТӔГ ӔРВИТӔН?

19. Библийӕ цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, бинонтӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитой, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис?

19 Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ хи ирхӕфсын не ’мбӕлы? Нӕ, уый афтӕ нӕу! Библи афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг худынӕн... ӕмӕ рӕстӕг хъыллиппытӕ кӕнынӕн»b (Екклесиаст 3:4). Раджы заманты Хуыцауы адӕм, израилӕгтӕ, уарзтой цӕгъдын, зарын ӕмӕ кафын, истӕмӕйты хъазын, кӕрӕдзийӕн базон-базонтӕ дзурын. Иу хатт Йесо Чырысти йӕхӕдӕг дӕр уыди чындзӕхсӕвы, ӕндӕр хатт та Матфей Леви Йесойӕн «йӕ хӕдзары скодта стыр куывд» (Лукайы 5:29; Иоанны 2:1, 2). Куыд ӕй уынӕм, афтӕмӕй Йесо цин кӕнын зыдта. Уӕдӕ, уӕ хӕдзары хъӕлдзӕг уа, уым ӕвзӕрӕй ницы ис.

Ныв 99 фарсыл

Бинонтӕ сӕ рӕстӕг иумӕ дзӕбӕх куы ӕрвитой, зӕгъӕм, ӕрдзы хъӕбысы, уӕд сывӕллӕттӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕндзысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр кӕндзысты ӕввахсдӕр

20. Бинонтӕ сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзысты, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ныййарджыты цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?

20 Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11). Ӕмӕ адӕймаг Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕны, уый йӕ хъуамӕ царды цинӕй ӕнӕхай ма кӕна, фӕлӕ йын циндзинад хӕсса. (Абар Дыккаг закъон 16:15.) Сывӕллон афтӕ конд у, ӕмӕ хъуамӕ хъаза, гӕппытӕ кӕна, йӕ хъарутӕ исты фӕкӕна. Фӕлӕ, уӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзыстут, ууыл хорз ахъуыды кӕнын ӕрмӕст уымӕн нӕ хъӕуы, ӕмӕ сывӕллон фӕцин кӕна. Афтӕмӕй ма ахуыр дӕр кӕны бирӕ цӕуылдӕрты. Бинонты хистӕр хъуамӕ йӕ бинонтыл алы ӕгъдауӕй дӕр тыхса, ӕмӕ сӕхи куыд аирхӕфсой, ууыл дӕр хъуамӕ хъуыды кӕна. Фӕлӕ ам дӕр архайын хъӕуы зондӕй.

21. Абон адӕм сӕхи куыд ирхӕфсынц, уым тӕссагӕй цы ис?

21 Библийы куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ ацы «фӕстаг бонты» адӕмӕн сӕ фылдӕр «Хуыцауы нӕ уарзынц, фӕлӕ уарзынц ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Бирӕтӕн, сӕ рӕстӕг куыд арвитой, уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис царды. Дунейы уыйбӕрц фадӕттӕ ис хи аирхӕфсынӕн, ӕмӕ адӕймагӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ айрох уой ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ. Стӕй абон адӕм сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уымӕ куы акӕсай, уӕд дзы ис хӕлд митӕ, тыхми, наркотиктӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 3:31). Куыд ис кӕстӕрты ахӕм тӕссаг ирхӕфсӕнтӕй бахъахъхъӕнӕн?

22. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарын ахуыр кӕнын?

22 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ зӕгъой, гӕнӕн сын цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй. Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ сын хъуамӕ амоной, куыд ис базонӕн, ирхӕфсӕнтӕй тӕссаг кӕцытӕ сты, стӕй бӕрц зонын дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй та бафыдӕбон кӕнын хъӕуы, стӕй уымӕн хъӕуы рӕстӕг дӕр. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Дыууӕ фырты кӕмӕн ис, ахӕм фыд бафиппайдта, хистӕр фырт арӕх кӕй фӕхъусы, ӕрӕджы чи фӕзынд, иу ахӕм радиостанцӕмӕ. Иу бон йӕ уӕзласӕн машинӕйыл куыстмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд уый дӕр уыцы радиостанцӕ баиу кодта. Куыд ӕм хъуыста, афтӕ та-иу йӕ машинӕ фӕурӕдта ӕмӕ-иу зарджыты ныхӕстӕй кӕцыдӕртӕ йӕхимӕ афыста. Уый фӕстӕ йӕ фырттимӕ ӕрбадт ӕмӕ семӕ аныхас кодта, цы дзы фехъуыста, ууыл. Афарста-иу сӕ, куыд хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Стӕй, Библи уый фӕдыл цы дзуры, уымӕ дӕр ӕркастысты, ӕмӕ уӕд лӕппутӕ загътой, уыцы радиостанцӕмӕ нал хъусдзыстӕм, зӕгъгӕ.

23. Ныййарджыты цы аразын хъӕуы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕй бахизой?

23 Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ хъус дарынц, сӕ сывӕллӕттӕ цы музыкӕмӕ фӕхъусынц, телевизоры цавӕр программӕтӕм фӕкӕсынц, цавӕр видеофильмтӕ, видеохъӕзтытӕ, кинотӕ ӕмӕ журналтӕ уарзынц, уымӕ. Ӕркӕсынц чингуыты ӕддаг цъармӕ, зарджыты ныхӕстӕм, кассетӕты къоппытыл цы нывтӕ вӕййы, уыдонмӕ, стӕй, кӕцыдӕр чиныг кӕнӕ кинойы фӕдыл газетты цы фыссынц, уымӕ, кинойыл дӕр сӕ цӕст ахӕссынц. Абон сывӕллӕтты кӕмӕй буц кӕнынц, уыцы «ирхӕфсӕнтӕй» ахӕмтӕ ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ сӕрыл ныххӕцы. Ахӕм ӕвзӕрдзинӕдтӕй йӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уыдон семӕ ӕрбадынц ӕмӕ аныхас кӕнынц, цӕмӕй тӕссаг сты, ууыл. Ӕркӕсынц Библимӕ ӕмӕ, Библи чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕмӕ, зӕгъӕм, чиныгмӕ, «Фӕсивӕды фарстытӕ. Ахадгӕ уынаффӕтӕ», зӕгъгӕ, стӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы уый фӕдыл цы статьятӕ ис, уыдонмӕc. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый бӕлвырдӕй куы бамбарын кӕнынц ӕмӕ сӕ ныхас куы нӕ фӕраив-баив кӕнынц, стӕй ӕмбаргӕйӕ куы фӕархайынц, уӕд уый сывӕллӕттыл хорзӕрдӕм фӕзыны (Матфейы 5:37; Филиппӕгтӕм 4:5).

24, 25. Бинонтӕн сӕ бон куыд у сӕ рӕстӕг иумӕ хорз ӕрвитын?

24 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕтты ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕм ӕввахс ма уадзай, уый фаг нӕу. Ӕвзӕр баивын хъӕуы хорзӕй, кӕннод сывӕллӕттӕ раст фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдзысты. Бирӕ чырыстон бинонтӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, сӕ рӕстӕг иумӕ куыд арвитынц, уый – куы сӕхи ӕрдзы хъӕбысмӕ айсынц, куы хӕхтӕм ацӕуынц, куы истӕмӕй фӕхъазынц, куы та сӕ хиуӕттӕм кӕнӕ сӕ хӕлӕрттӕм уазӕгуаты ацӕуынц. Ис ахӕм бинонтӕ дӕр, ӕмӕ афтӕ ӕнӕуи иумӕ хъӕрӕй исты фӕкӕсынц, ӕмӕ сын уый дӕр диссаджы улӕфт вӕййы. Чидӕртӕ та уарзынц исты цымыдисаг кӕнӕ худӕг хабӕрттӕ дзурын. Иннӕтӕ та иумӕ хъӕдӕрмӕгӕй, йе та ӕндӕр истӕмӕй цыдӕртӕ саразынц, фӕндырыл кӕнӕ ӕндӕр истӕуыл фӕцӕгъдынц, фӕныв кӕнынц, кӕнӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм фӕкӕсынц ӕмӕ сыл фӕхъуыды кӕнынц. Сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг афтӕ ӕрвитын куы сахуыр вӕййынц, уӕд сӕ зӕрдӕ чъизи, ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕм нал фехсайы, стӕй ма фембарынц уый дӕр, ӕмӕ сбадай, ӕмӕ дӕ исчи ирхӕфса, уымӕй бирӕ хуыздӕр кӕй ис рӕстӕг арвитӕн. Дӕхӕдӕг исты куы аразай, уӕд бирӕ хъӕлдзӕгдӕр вӕййы.

25 Тынг хорз ма вӕййы хӕдзармӕ искӕйты фӕхонын ӕмӕ семӕ абадын дӕр. Ахӕм бадт дзӕбӕх куы спълан кӕнат ӕмӕ дзы ӕгӕр бирӕ адӕм куы нӕ уа кӕнӕ ӕгӕр куы нӕ ныддаргъ уа, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ ӕрмӕст сӕхи нӕ аирхӕфсдзысты, фӕлӕ ма ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ӕнгомдӕр кӕндзысты. (Абар Лукайы 14:13, 14; Иудӕйы 12.)

УӔ БОН У АЦЫ ДУНЕЙЫЛ УӔЛАХИЗ КӔНЫН

26. Бинонты ацы дунейы ӕвзӕрдзинӕдтӕй бахъахъхъӕнынӕн сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?

26 Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы дунейы цы ӕвзӕрдзинад ӕмӕ сӕфт хъуыддӕгтӕ ис, уыдонӕй бинонты бахъахъхъӕнынӕн бирӕ фыдӕбон хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ уын уыцы хъуыддаджы уарзондзинады хуызӕн ницы баххуыс кӕндзӕн. Кӕрӕдзийыл уарзондзинады фидар тӕгтӕй баст куы уат, уӕд уӕ хӕдзар уыдзӕн, ацы ӕвзӕр дунейы дӕр ӕдас кӕм уат, ахӕм бынат, стӕй уын ӕнцон уыдзӕн кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын дӕр, ӕмӕ уын уый тынг хъахъхъӕндзӕн уӕ бинонты ацы дунейы ӕвзӕрдзинӕдтӕй. Ноджы ахсджиагдӕр та у Йегъовӕйы уарзын. Уыцы уарзондзинад бинонтӕй алкӕй зӕрдӕйы дӕр куы уа, уӕд сывӕллӕтты никуы бафӕнддзӕн дунейы ӕвзӕр зондыл ацӕуын ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын. Уӕд ныййарджытӕ дӕр архайдзысты, цӕмӕй Йегъовӕйау уарзӕгой, ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕззаузонд уой (Ефесӕгтӕм 5:1; Иаковы 3:17). Ӕмӕ ныййарджытӕ афтӕ куы кӕной, уӕд та сывӕллӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ ахӕм цӕстӕй никуы кӕсдзысты, зӕгъгӕ, уый ма сараз, афтӕ ма бакӕн, ӕндӕр дзы ницы ис. Стӕй афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕндзысты, ахӕм царды хъӕлдзӕгдзинад, циндзинадӕн бынат нӕй ӕмӕ ма адӕттӕй искуы куы фервӕзин, зӕгъгӕ. Нӕ, уыдон ӕй ӕмбардзысты, царды уымӕй арфӕйагдӕр, уымӕй рӕсугъддӕр фӕндаг кӕй нӕй.

27. Бинонтӕн сӕ бон куыд у ацы дунейыл уӕлахиз кӕнын?

27 Хуыцауӕн иумӕ хъӕлдзӕгӕй чи лӕггад кӕны, уӕззау зондӕй чи архайы ӕмӕ ацы хӕлд дунейы «ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй» чи цӕры, ахӕм бинонтӕм кӕсгӕйӕ Йегъовӕ цин фӕкӕны (2 Петры 3:14; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ахӕм бинонтӕ цӕуынц Йесо Чырыстийы къахвӕдтыл – уый Хӕйрӕджы дунейӕн йӕхи фӕчъизи кӕнын нӕ бауагъта. Ӕмӕ йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр уымӕн уыди: «Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоанны 16:33). Уӕдӕ сымах дӕр ӕгас бинонтӕй уӕлахиз кӕнут ацы дунейыл ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрут!

a Астӕуккаг скъолайы фӕстӕ ма сывӕллон ахуырмӕ искуыдӕм бацӕуа ӕви нӕ, уый фӕдыл дзырд цӕуы брошюрӕйы, «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ ахуырад», зӕгъгӕ, 4–7 фӕрстыл. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

b Ацы стихы «худын»-ӕй цы дзуттаг дзырд у тӕлмац, уый ма ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: «хъазын», «искӕй хи аирхӕфсынмӕ хонын», «бӕрӕгбон скӕнын» кӕнӕ ма «хъӕлдзӕгдзинад» дӕр.

c Мыхуыры сӕ уадзынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

БИБЛИ КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН... УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ БАХЪАХЪХЪӔНЫНӔН?

Зонындзинӕдты фӕрцы адӕймаг зондджын кӕны, зонд та йӕ мӕлӕтӕй хизы (Екклесиаст 7:12).

Ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад» (1 Коринфӕгтӕм 3:19).

Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй хъӕуы хи хизын (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

Хи аирхӕфсын хорз у, фӕлӕ дзы хъуамӕ бӕрц зонай (Екклесиаст 3:4).

ЙӔХИ НИЦЫ ЦУХ ХАТЫД

Пол ӕмӕ йӕ бинойнаг Лу-Энн сты чырыстӕттӕ. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕхимӕ искӕйты фӕхонынц. Бадты рӕстӕджы сӕ хъус фӕдарынц, цӕмӕй алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, стӕй ӕгӕр бирӕ адӕм дӕр нӕ фӕхонынц. Пол ӕмӕ Лу-Энн зонынц, сӕ сывӕллӕттӕн уый стыр пайда кӕй у.

Мӕнӕ цы радзырдта Лу-Энн: «Ме ’хсӕзаздзыд лӕппу Эрикы къласаджы мад мын иу хатт афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, къласы искӕмӕн йӕ гуырӕнбон куы вӕййы, уӕд Эрик иннӕтимӕ нӕ фӕбады ӕмӕ нӕ фӕцин кӕны, ӕмӕ, дам, ын тынг фӕтӕригъӕд кӕнын. Ӕз ын загътон: „Мӕ лӕппуйыл мын афтӕ кӕй тыхсыс, уый тыххӕй дӕ тынг бузныг дӕн. Бӕрӕг у, хорз адӕймаг дӕ. Фӕлӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, ӕз цыфӕнды ма зӕгъон, уӕддӕр дӕ нӕ бауырндзӕни, Эрик афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ исты цух у“. Уый сразы. Ӕмӕ йын уӕд загътон, зӕгъын, цӕмӕй ма мӕт кӕнай, уый тыххӕй Эрикӕн йӕхи бафӕрс, куыд хъуыды кӕны, уымӕй. Ӕмӕ ӕз сӕ цуры куы нӕ уыдтӕн, уӕд ӕй ӕцӕгдӕр бафарста, ахӕм дзӕбӕх гуырӕнбонты иннӕтимӕ куы нӕ фӕцин кӕныс, уӕд дӕм афтӕ нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕхи цӕмӕйдӕр цух кӕныс, зӕгъгӕ. Уый йӕм скаст ӕмӕ йын дисгӕнгӕ загъта: „Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ уыцы дӕс минуты, цалдӕр гуылы ӕмӕ цыдӕр зарӕгӕй у бӕрӕгбон? Махмӕ-ма ӕрбацу ӕмӕ, ӕцӕг бӕрӕгбон цы у, уый фенай!“» Сывӕллон куыд ӕнӕхин ӕмӕ куыд зӕрдиагӕй дзырдта, уымӕй бӕрӕг уыди – йӕхи ницы цух хатыд!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын