8-ӕм урок
Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм бинонты цард
Бинонты ’хсӕн лӕгӕн цавӕр бынат ис? (1)
Лӕг йӕ усӕн куыд хъуамӕ уа? (2)
Цавӕр хӕстӕ ис фыдыл? (3)
Бинонты ’хсӕн усыл цавӕр хӕстӕ ис? (4)
Хуыцау ныййарджытӕй ӕмӕ сывӕллӕттӕй цы домы? (5)
Цы дзуры Библи хицӕнтӕй цӕрын ӕмӕ хицӕн кӕныны тыххӕй? (6, 7)
1. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, лӕг у бинонты хистӕр (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Лӕгӕн хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр иу ус. Лӕг ӕмӕ ус закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссой (1 Тимофеймӕ 3:2; Титмӕ 3:1).
2. Лӕг хъуамӕ йӕ усы уарза, йӕхи куыд уарзы, афтӕ. Хъуамӕ йыл тыхса, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд тыхсти, афтӕ (Ефесӕгтӕм 5:25, 28, 29). Йӕ къух ӕм хъуамӕ ма иса кӕнӕ йӕ ӕндӕр исты хуызы ма ӕфхӕра, фӕлӕ йын хъуамӕ кад кӕна, нымайа йӕ (Колоссӕгтӕм 3:19; 1 Петры 3:7).
3. Фыд цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара, уый тыххӕй хъуамӕ фыдӕбон кӕна. Стӕй ма хъуамӕ йӕ бинонты уырнындзинад дӕр фидар кӕна (1 Тимофеймӕ 5:8). Уый йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕны Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базонынӕн (Дыккаг закъон 6:4–9; Ефесӕгтӕм 6:4).
4. Ус йӕ лӕгӕн хъуамӕ уа хорз ӕххуысгӕнӕг (Райдиан 2:18). Хъуамӕ йын ӕххуыс кӕна сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ус уарза йӕ бинонты ӕмӕ сыл тыхса (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 15, 26, 27; Титмӕ 2:4, 5). Йӕ лӕджы хъуамӕ нымайа (Ефесӕгтӕм 5:22, 23, 33).
5. Хуыцау сывӕллӕттӕй домы, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой (Ефесӕгтӕм 6:1–3). Ныййарджыты фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл аразой. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ хъуамӕ фаг рӕстӕг ӕрвитой ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕной, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕной, сӕ фарстытӕн сын дзуапп дӕттой ӕмӕ сӕ рӕвдауой (Дыккаг закъон 11:18, 19; Ӕмбисӕндтӕ 22:6, 15). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм хъуамӕ тызмӕг ма уой ӕмӕ сӕ ӕгӕр карзӕй ма ’фхӕрой (Колоссӕгтӕм 3:21).
6. Лӕг ӕмӕ ус исты хъуыддаджы кӕрӕдзи куы нӕ фембарынц, уӕд хъуамӕ, Библи куыд амоны, афтӕ архайой. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ хатыргӕнаг уӕм (Колоссӕгтӕм 3:12–14). Хуыцауы Ныхас афтӕ нӕ дзуры, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн гыццыл исты куы рауайа, уӕд ус йӕ цӕгатмӕ кӕй хъуамӕ алидза йе та хицӕнтӕй кӕй хъуамӕ цӕрой. Фӕлӕ усӕн йӕ бон у йӕ лӕджы ныууадзын, 1) кӕд уый йӕ бинонты дарын нӕ фӕнды, 2) кӕд ын ахӕм фыдмитӕ кӕны, ӕмӕ йе ’нӕниздзинад ӕмӕ цардӕн тӕссаг у, йе та 3) кӕд йӕ ныхмӕ тынг цӕуы ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ уадзы (1 Коринфӕгтӕм 7:12, 13).
7. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл хъуамӕ ӕнувыд уой. Хӕтындзинад стыр тӕригъӕд у Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ цардӕмбалы раз дӕр (Дзуттӕгтӕм 13:4). Библимӕ гӕсгӕ, хицӕн кӕнӕн ӕмӕ ногӕй бинонтӕ скӕнӕн ис, лӕг кӕнӕ ус куы хӕта, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матфейы 19:6–9; Ромӕгтӕм 7:2, 3). Адӕймаг, Фыстадмӕ гӕсгӕ йын бындур куы нӕ уа, афтӕмӕй йӕ цардӕмбалӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕр искӕимӕ куы бацӕра, уӕд уыцы хъуыддагӕй Йегъовӕ йе сӕфт уыны (Малахи 2:14—16).
[Нывтӕ 16, 17 фӕрстыл]
Хуыцау ныййарджытӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл аразой
[Ныв 17 фарсыл]
Уарзӕгой фыд йӕ бинонты хӕрд ӕмӕ дарӕсӕй цух нӕ уадзы ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад дӕр фидар кӕны