12 ХАЙ
Амондджын бинонтӕ. Цӕй фӕрцы?
Амондджын бинонты цард ӕнцайы уарзондзинадыл (Ефесӕгтӕм 5:33).
Хуыцау домы, цӕмӕй лӕгӕн уа иу ус, усӕн та – иу лӕг.
Хорз лӕг вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ.
Ус хъуамӕ йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕна.
Сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой.
У фӕлмӕн ӕмӕ иузӕрдион, ӕгъатыр ӕмӕ ӕнӕууӕнк ма у (Колоссӕгтӕм 3:5, 8–10).
Хуыцауы Ныхас зӕгъы, цӕмӕй лӕг йӕ усы уарза, йӕ буар куыд уарзы, афтӕ. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа.
Хуыцау йе сӕфт уыны хӕтындзинадӕй. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл хъуамӕ уой иузӕрдион.
Йегъовӕйы Ныхасы фӕрцы бинонтӕ вӕййынц амондджын.