Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 36 ур., 209 ф.–211 ф., 1 абз.
  • Дӕ ныхасы сӕр райхал

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ ныхасы сӕр райхал
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Пълан аразын куыд хъӕуы
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Хъахъхъӕн дӕ зонд
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 36 ур., 209 ф.–211 ф., 1 абз.

36 УРОК

Дӕ ныхасы сӕр райхал

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Дӕ ныхасы сӕр цы у, уый адӕмӕн алы ӕмӕ алы хуызӕтты сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын ӕмӕ йӕ цадӕггай бӕстон райхалын.

Цӕмӕн хъӕуы?

Уый фӕрцы бӕрӕг уыдзӕн, дӕ ныхас иу цӕуылдӕр кӕй у, ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдон бамбардзысты ӕмӕ бахъуыды кӕндзысты, цы дзурыс, уый.

ДӔСНЫ ныхасгӕнджытӕ зонынц, ныхасӕн сӕр ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Сӕ раныхасӕн сӕр кӕй ис, уый фӕрцы цӕттӕ кӕнгӕйӕ бӕлвырдӕй фӕзонынц, цы агурын сӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ йыл сӕ бон вӕййы арфдӕр ныхъхъуыды кӕнын. Уыйадыл уӕлӕнгӕйтты, амыты-умыты алцӕуыл нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ сӕ ныхас афтӕ саразынц, ныхасмӕхъусджытӕн стырдӕр ахъаз куыд фӕуа. Сӕйраг хъуыдытӕй алкӕцыдӕр раныхасы сӕримӕ комкоммӕ баст куы уа ӕмӕ йӕ райхалынӕн ахъаз куы уа, уӕд уыцы хъуыдытӕ сӕ зӕрдыл дӕр хуыздӕр бадардзысты, ӕмӕ сын сӕ ахадындзинад дӕр арфдӕр бамбардзысты.

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ ныхасы сӕр, цӕуыл дзурдзынӕ, уый у. Фӕлӕ йӕ дӕхӕдӕг фӕхатдзынӕ, дӕ раныхӕстӕ бирӕ хуыздӕр кӕй уайдзысты, дӕ ныхас цӕуыл уа, уымӕ-иу иумӕйагӕй нӕ, фӕлӕ иу кӕцырдыгӕй дӕр куы ӕркӕсай ӕмӕ-иу ӕй афтӕмӕй куы райхалай. Паддзахад, Библи кӕнӕ мӕрдты райгасы хабар — уыдон сты иумӕйаг фарстатӕ. Ацы фарстатӕй алкӕцымӕдӕр алырдыгӕйты ис ӕркӕсӕн. Зӕгъӕм: «Хуыцауы Паддзахад — ӕцӕг хицауад», «Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт», «Библи у Хуыцауы Ныхас», «Библи — раст фӕндагамонӕг нӕ рӕстӕджы», «Мӕрдты райгасы хабар — стыр ныфс, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн», «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый ныфс нӕ фидар кӕны фыдӕвзарӕнты». Ацы фарстатӕй дыууӕ ӕмхуызон райхалӕн нӕй.

Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Йесо Чырыстийы ныхасы сӕр ирдӕй зыны мӕнӕ ацы ныхӕсты: «Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕги», ӕмӕ Библийы сӕйраг ныхасаг дӕр уый у (Матф. 4:17, НФ). Куыд райхӕлдта Йесо, йӕ ныхасы сӕр цы уыди, уый? Цыппар Евангелийы уыцы Паддзахады кой ӕмбӕлы 110 хаттӕй фылдӕр. Фӕлӕ Йесо дзырд «паддзахад» ӕнӕуи нӕ фӕлхат кодта. Адӕмӕн цы амыдта ӕмӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уымӕй бӕлвырд-бӕрӕгӕй равдыста, уый (сӕхи цӕстӕй кӕй уыдтой, уыцы адӕймаг) кӕй уыд Хуыцауы Фырт, Мессиа — Иегъовӕ Паддзахад кӕй къухмӕ ратдзӕн, уый. Ноджыдӕр ма бамбарын кодта, йӕ фӕрцы ӕндӕртӕн дӕр кӕй гом кӕны фӕндаг уыцы Паддзахадмӕ бацӕуынӕн. Йесо равдыста, уыцы кадджын бар кӕмӕн цӕуы лӕвӕрд, уыдонмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый. Адӕмы цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны руаджы ирдӕй равдыста, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы стыр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый. Хуыцауы хъаруйӕ хӕйрӕджыты кӕй сырдта, уый та ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдонмӕ кӕй «ӕрбаввахси Хуыцауы Паддзахад» (Лук. 11:20, НФ). Раст уыцы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ныффӕдзӕхста Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр (Матф. 10:7; 24:14).

Дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуӕй уый ничи домы, ӕмӕ Библийы куыд у, ныхасы сӕр ды дӕр афтӕ бӕстон халай. Фӕлӕ уӕддӕр, дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, уый раст сбӕлвырд кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы.

Дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, уый кӕд дӕхи хъӕуы сбӕлвырд кӕнын, уӕд уал фыццаджыдӕр ахъуыды кӕн: цавӕр нысан ӕвӕрыс дӕ разы. Уый фӕстӕ сбӕрӕг кӕн сӕйраг хъуыдытӕ, ома пълан цӕуыл лӕудзӕн, уыцы «цӕджындзтӕ» ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныхасы сӕримӕ кӕрӕдзийыл бадынц ӕви нӕ.

Кӕд дӕ ныхасы сӕр амынд у, уӕд та лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, ӕрмӕг куыд райхалын хъӕуы, уый ууыл куыд баст у. Цы арф хъуыды дзы ис ӕвӕрд ӕмӕ дзы цы ис зӕгъӕн, уый хорз бамбарынӕн хъӕуы рӕстӕг. Цы ныхасы сӕр райхалын дын бахӕс кодтой, уымӕн ӕрмӕг ссарын кӕд дӕхи хъӕуы, уӕд ахӕм ӕрмӕг бацагур, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый дзы бӕрӕг куыд уа. Кӕд дын ӕрмӕг дӕр лӕвӕрд у, уӕд та йыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый дзы куыд хуыздӕр райхалай. Ахъуыды кӕнын хъӕуы, уыцы ӕрмӕг, кӕмӕн ӕй дзурдзынӕ, уыдоны цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ дын уый дӕ разы цавӕр хӕс ӕвӕры, ууыл дӕр. Уӕд хорз зондзынӕ, дӕ раныхасы тынгдӕр цӕмӕ хъӕуы хъус ӕрдарын.

Дӕ ныхасы сӕр цы у, уый хъуамӕ раныхасы бӕрӕг уа. Цӕмӕй ныхасы сӕр бӕрӕг уа, уый тыххӕй хъуыды кӕн рагацау: ӕрмӕг куы агурай ӕмӕ йӕ фӕд-фӕдыл куы ӕвӕрай, уӕд. Дӕ ныхасы сӕр цы у, уыимӕ комкоммӕ баст чи у, ӕрмӕстдӕр дзы ахӕм хъуыдытӕ куы ӕрхӕссай ӕмӕ дӕ ныхасӕн дзӕбӕх пълан куы скӕнай, уӕд ӕргом йӕхигъӕдӕй здӕхт цӕудзӕн, дӕ ныхасы сӕр цы у, уымӕ.

Дӕ ныхасы сӕр фӕбӕлвырддӕр кӕнӕн ис фӕлхаты руаджы дӕр. Цӕвиттонӕн райсӕм уарзондзинады зарӕг. Зарӕгӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ зарӕггӕнӕг ӕвдисы, йӕ зарды сӕр цы у, уый: йӕ зӕрдӕйы чи ныххауд, уыцы адӕймагмӕ йе стыр уарзт. Алыхуызӕтты фӕлхат кӕны, йӕ зард йӕ уарзтыл кӕй у, уый. Пайда кӕны дзырд «уарзты» алыхуызон хуызтӕй, стӕй йе ’мнысан ӕндӕр дзырдтӕй, абарстытӕй, поэзийы ӕвзагӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй. Фӕлӕ цавӕрфӕнды дзырдтӕй ма пайда кӕна, зарӕг у иу цӕуылдӕр. Афтӕ хъуамӕ бӕрӕг уа раныхасы сӕр дӕр. Зарӕджы кӕрӕй-кӕронмӕ уарзты кой куыд хъуысы, афтӕ дӕ раныхасы дӕр хъуысӕнт дӕ ныхасы сӕры сӕйраг дзырдтӕ. Цӕмӕй алы хатт уыцы иу дзырдтӕ ма фӕлхат кӕнай, уый тыххӕй сӕйраг дзырдтӕ кӕм се ’мнысан ӕндӕр дзырдтӕй баив, кӕм та ныхасы сӕр ӕндӕр хуызы зӕгъ. Ахӕм мадзӕлтты руаджы дӕ ныхасы сӕр суыдзӕн, дӕ ныхасы бӕрӕг чи дардзӕн ӕмӕ адӕм кӕй бахъуыды кӕндзысты, уыцы ахсджиаг хъуыды.

Ацы уынаффӕтӕй айдагъ раныхӕсты нӕй спайда кӕнӕн: хорз сты, уацамынды адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд дӕр. Цыбыр ныхас дӕр адӕймаг хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн, цӕуыл у, уый бӕрӕг куы уа, уӕд. Адӕймагимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд ӕй зондӕн райсын цы хъӕуы, уый хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн, ныхасы сӕр бӕрӕг куы уа. Ныхасы сӕр раст сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ райхалыныл цы бафыдӕбон кӕнай, уый фӕрцы дӕ раныхӕстӕ дӕр бирӕ хуыздӕр уайдзысты ӕмӕ Хуыцауы Ныхас амонынмӕ дӕр хуыздӕр арӕхсдзынӕ.

СТЫР УАЦМЫСЫ СӔЙРАГ ХЪУЫДЫ

Ныхасы сӕр куыд райхалӕн ис, уый бамбарынӕн нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕ Хуыцауы дӕнцӕг: зӕххон адӕймӕгты къухӕй фыст 66 чиныджы сӕрты зынгкалгӕ фӕдау ахаста Библийы сӕйраг хъуыды. Уыцы хъуыды та у ахӕм: адӕмӕн сӕ иунӕг ӕцӕг Хицау Иегъовӕ кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕм цы диссаджы фӕнд ис, уый йӕ Паддзахады руаджы сӕххӕст уыдзӕн.

Ацы хъуыдыйы ӕлхынцъ хӕлын райдыдта суанг Уӕвынады чиныджы фыццаг сӕртӕй, ӕмӕ дарддӕр Библийы кӕрӕй-кӕронмӕ бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр кӕнынц йӕ алы фӕзилӕнтӕ. Ногӕй ӕмӕ дзы ногӕй ӕргом здӕхт цӕуы Хуыцауы номмӕ — 7 000 хаттӕй фылдӕр. Дун-дунейы ӕцӕг Хицау Иегъовӕ кӕй у, уый ирдӕй зыны, дуне рафӕлдисыны хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ. Дарддӕр дзырд цӕуы, чидӕртӕ, Иегъовӕ Хицау у, уый ныхмӕ кӕй рацыдысты, ӕмӕ сӕ хивӕнд ми стыр бӕллӕхтӕ кӕй расайдта. Иегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ алыхуызон уавӕрты йӕхи цыхуызӕнӕй ӕвдыста, уымӕй бӕрӕг у йе стыр уарзондзинад, йӕ зонд, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йе стыр хъару. Хуыцауы коммӕ кӕсгӕйӕ адӕм сӕхицӕн хорз кӕй кӕнынц, ӕмӕ йӕм куы нӕ хъусой, уӕд та сӕхи кӕй сафынц, уымӕн Библийы ис тынг бирӕ дӕнцӕгтӕ. Ацы чиныг нын ӕмбарын кӕны ӕмӕ ӕвдисы, Иегъовӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт кӕй фесафдзӕн, уый. Бӕстон дзы дзырд цӕуы уӕларвон паддзахадыл: уый бындзагъд фӕкӕндзӕн сау тыхты ӕмӕ, Иегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн сӕ Хицау дӕр уый кӕй у, ууыл басӕттын кӕй нӕ фӕнды, уыцы адӕмы. Библи кӕсгӕйӕ бӕлвырдӕй уынӕм, уыцы Паддзахад Иегъовӕйы стыр фӕнд кӕронмӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн — зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ йыл цӕрдзысты, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы чи уарза ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн чи кува, стӕй кӕрӕдзийыл зӕрдӕйӕ чи уа, уыцы адӕм.

КУЫД ӔЙ ХЪӔУЫ РАЙХАЛЫН

  • Раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ сбӕлвырд кӕн, дӕ ныхасы сӕр райхалынӕн чи фӕахъаз уыдзӕн, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн лыстӕг хъуыдытӕ.

  • Дӕ раныхас куыд дзурдзынӕ, уый фӕлваргӕйӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныхасы сӕрмӕ ӕргом кӕм ӕмӕ куыд аздахдзынӕ. Ӕвзӕр нӕ уаид уыцы бынӕттӕ дӕ пъланы фӕнысан кӕнын.

  • Ныхасы рацӕугӕйӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕлхат кӕн дӕ ныхасы сӕры сӕйраг дзырдтӕ кӕнӕ хъуыдытӕ.

ФӔЛТӔРӔН Уацамындмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ райс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕнӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номыртӕй иу статья ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ равзар дӕхицӕн ныхасы сӕр. Адӕймагӕн райдианы ахӕм исты зӕгъ, цӕуыл дзурдзынӕ, уый йӕ куыд бацымыдис кӕна, стӕй иу-дыууӕ хъуыдыйӕ райхал дӕ ныхасы сӕр ӕмӕ йын кӕронбӕттӕны йӕ хъус ӕрдар, цы базыдта, уый йын кӕм фӕахъаз уыдзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын