Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 46 ур., 244 ф.–245 ф., 4 абз.
  • Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы цардӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы цардӕй
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Адӕмӕн кад кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • «Ӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй сын ницы дзырдта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Цӕвиттонты руаджы ахуыр кӕн
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 46 ур., 244 ф.–245 ф., 4 абз.

46 УРОК

Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы цардӕй

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Цӕвиттонтӕ хӕсс, адӕм сӕхӕдӕг цы аразынц кӕнӕ та хорз кӕй зонынц, ахӕм хъуыддӕгтӕй.

Цӕмӕн хъӕуы?

Адӕмӕн сӕ цардӕй цы цӕвиттонтӕ ӕрхӕссай, уыдон сын сӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайдзысты.

ЦӔСТУЫНГӔ цӕвиттон хъуамӕ хорз ӕмбарын кӕна, дӕ ныхас цӕуыл у, уый. Фӕлӕ йӕ кӕмӕн дзурыс, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр уӕд бацагайдзӕн, ӕнцонӕмбарӕн сын куы уа.

Цавӕр цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕ, уый, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уымӕй куыд аразгӕ у? Куыд-иу бакодта Йесо Чырысти? Бирӕ адӕмимӕ ныхас кодта ӕви йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ, Йесо цӕвиттонӕн ахӕм цыдӕр никуы ӕрхаста, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм ма зыдтаиккой кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕты цардӕй уыдаид. Ахӕм цӕвиттонтӕ йӕ ныхасмӕхъусӕг адӕмӕн ницӕуыл дзурӕг уыдаиккой. Зӕгъӕм, Египеты паддзӕхтӕ куыд цӕрынц кӕнӕ Индийы цавӕр дины кӕнонтӕ ис, уыдӕтты кой сын никуы кодта. Уыйхыгъд цӕвиттонӕн хаста, зӕххыл алы ран дӕр адӕмӕн зонгӕ цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдон. Дарӕс ӕмпъузын, адӕймагӕн йӕ бӕрны цы хъуыддаг ис, уый ӕххӕст кӕнын куыд хъӕуы, зынаргъ дзаума фесафын, чындзӕхсӕв — уыдӕттыл уыди йӕ ныхас. Йесо хорз зыдта, адӕм алыхуызон уавӕрты сӕхи куыд дарынц, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хаста цӕвиттонтӕ дӕр (Маркы 2:21; Лук. 14:7—11; 15:8, 9; 19:15—23). Сӕйраджыдӕр ӕй Израилы адӕмӕн кӕй хъуыди хъусын кӕнын, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕвиттонтӕ дӕр фылдӕр иста уыцы адӕмы цардӕй — цы куыстой ӕмӕ цӕмӕй архайдтой, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, уый кодта зӕххы куысты кой, фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕс куыд базонынц, уый кой, сӕнӕн цы цӕрмын лалымтӕ кодтой, уыдоны кой (Маркы 2:22; 4:2—9; Иоан. 10:1—5). Дзырдта ма, адӕм хорз кӕй зыдтой, ахӕм рагон хабӕрттыл дӕр — Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куыд сфӕлдыста, Нойы рӕстӕджы бӕстӕ Доны хъаймӕты куыд фесӕфт, Содом ӕмӕ Гоморры сахартӕ зынджы хай куыд баисты, Лоты ус йӕхи куыд бабын кодта ӕмӕ афтӕ дарддӕр (Матф. 10:15; 19:4—6; 24:37—39; Лук. 17:32). Цӕвиттон агургӕйӕ ды дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕныс, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз цы хъуыддӕгтӕ зонынц ӕмӕ цы адӕмы ’хсӕн, цы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ схъомыл сты, уыдӕттыл?

Дӕ разы бирӕ адӕм куы нӕ уа, фӕлӕ иу-дыууӕ адӕймагимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд та? Архай, уыцы адӕймӕгты зӕрдӕтӕ чи бацагайа, ахӕм цӕвиттонтӕ ссарыныл. Ӕрхъуыды кӕн, цӕй кой кодта Йесо, Сихары сахармӕ хӕстӕг цъайы цур самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд: «царды дон» (НФ), «мыккагмӕ дӕр не сдойны уыдзӕни» (НФ), «мыккагмӕйы цардмӕ кӕлӕг суадон»,— ацы ныхӕстӕ иууылдӕр ӕмбарын хъуыди фӕсномыгӕй, уыдон ӕнгом баст уыдысты, сылгоймаг уыцы тӕккӕ цы куыста, уыимӕ (Иоан. 4:7—15). Кӕсагахсӕн хызтӕ чи ӕхсадта, уыцы лӕгтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ та спайда кодта кӕсагахсыны цӕвиттонӕй (Лук. 5:2—11). Сылгоймагимӕ дӕр ӕмӕ кӕсагахсджытимӕ дӕр Йесойӕн йӕ бон уыди зӕххы куысты хабӕрттыл дзурын — уыцы бӕстӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕр зӕххы куыст кодтой. Фӕлӕ цас хуыздӕр уыди, сӕхӕдӕг цы куыст кодтой, цӕвиттонӕн уый ӕрхӕссын ӕмӕ сын сӕ цӕстыты раз цардӕгас нывтӕ сыстын кӕнын! Ды дӕр ахӕм цӕвиттонтӕ хӕссыныл архайыс?

Кӕд Йесойӕн йӕ мӕт сӕйраджыдӕр «Израилы хӕдзары сӕфт фыстӕ» уыдысты, уӕд апостол Павел та ӕрвыст уыди израилӕгтӕм дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕм дӕр (Матф. 15:24; Ап. к. 9:15). Цымӕ Павелы ныхасыл уый исты хуызы фӕбӕрӕг? Ай-гъай дӕр. Коринфы чырыстӕттӕм (уыцы адӕмтӕй чи уыди, уыдонмӕ) цы фыстӕджытӕ ныффыста, уым Павел дзуры, зонгӕ сын чи уыд, уыцы хабӕрттыл: адӕм кувӕндӕтты мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй кӕй хордтой, уый тыххӕй, дугъы ерыстӕ ӕмӕ уӕлахиздзауты цыды тыххӕй (1 Кор. 8:1—10; 9:24, 25; 2 Кор. 2:14—16, НД).

Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ды дӕр Йесо ӕмӕ Павелау биноныг февзарыс? Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты ӕмӕ ӕрвылбон цытӕ фӕкусынц, ууыл фӕхъуыды кӕныс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаг ӕнусӕй нырмӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Телеуынынады фӕрцы бирӕтӕ зонынц ӕгас дунейы хабӕрттӕ дӕр. Адӕймаг, ӕппындӕр кӕм никуы уыди, ахӕм бӕстӕты цардӕй дӕр цыдӕртӕ зоны. Кӕд, ды кӕм цӕрыс, уым дӕр афтӕ у, уӕд цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис ӕндӕр бӕстӕты цардӕй исты ног хабар, уымӕй нӕ фӕрӕдидзынӕ. Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы зӕрдӕ тынгдӕр агайы, сӕхи царды цы уынынц, уый: сӕ хӕдзар, сӕ бинонтӕ, цы куыст кӕнынц, цы хӕрынц, боныхъӕд цыхуызӕн у ӕмӕ а. д.

Цӕстуынгӕ цӕвиттон бирӕ куы хъӕуа ӕмбарын кӕнын, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы цӕуыл дзырдӕуы, уый ныхасмӕхъусджытӕн зонгӕ нӕу. Ахӕм цӕвиттон сын зонды хос зынтӕй фӕуыдзӕн. Кӕд адӕм цӕвиттонӕн йӕхи бахъуыды кӕной, ӕндӕр, цӕмӕн ӕрцыд хаст, Библийӕ дзы цавӕр хъуыды ӕвдыст цӕуы, уый аууоны аззайдзӕн.

Йесо зынӕмбарӕн абарстытӕ никуы кодта, цӕвиттонӕн кӕддӕриддӕр хаста хуымӕтӕг, хорз зонгӕ хъуыддӕгтӕ. Гыццыл цӕмӕйдӕр ӕмбарын кодта стыр цыдӕр, хуымӕтӕгӕй — вазыгджын. Ӕрвылбоны цаутӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй ахсджиаг фарстатӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕвӕргӕйӕ Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта Хуыцауы хъуыдытӕ ӕнцонӕй ӕмбарынӕн ӕмӕ бахъуыды кӕнынӕн. Цӕй ӕмӕ йӕ мах дӕр бафӕзмӕм!

ЦЫ ХЪӔУЫ УЫЙ ТЫХХӔЙ

  • Хъуыды кӕн, цы зӕгъинаг дӕ, айдагъ ууыл нӕ, фӕлӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, ууыл дӕр.

  • Дӕ алыварс царды цытӕ цӕуы, цы уыныс, уымӕ дӕ хъус лӕмбынӕг дар.

  • Дӕ разы сӕвӕр нысан, алы къуыри дӕр кӕй пайда кӕндзынӕ, уӕдмӕ кӕй никуы ӕрхастай, ӕппынкъаддӕр иу ахӕм цӕвиттонӕй.

ФӔЛТӔРӔН Бӕстон ахъуыды кӕн, Матфейы 12:10—12 цы цӕвиттон ис, ууыл. Йӕ ахадындзинад цӕй мидӕг ис?

Ацы цӕвиттонтӕ мӕ ӕрхӕссын фӕнды, ӕрыгон адӕймагимӕ ӕгъдауыл ныхасгӕнгӕйӕ

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

Ацы цӕвиттонтӕ мӕ бахъӕудзысты ас адӕймагимӕ Библийы сӕйраг фарстатыл ныхас кӕнгӕйӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын