Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 47 ур., 247 ф.–250 ф., 2 абз.
  • Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы цардӕй
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
  • Адӕмӕн кад кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Ахадгӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй пайда кӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 47 ур., 247 ф.–250 ф., 2 абз.

47 УРОК

Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Адӕмӕн цы ахсджиаг хъуыдытӕ дзурыс, уыдон цӕмӕй сӕ цӕстыты раз цардӕгасау сыстой, уый тыххӕй пайда кӕн нывтӕ, картӕтӕ, схемӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕрмӕгӕй.

Цӕмӕн хъӕуы?

Ӕнӕуи ныхасӕй хъауджыдӕр, адӕймаг цӕстӕй цы фены, уый хуыздӕр бахъуыды кӕны, йӕ зонды йын арфдӕр фӕд ныууадзы.

АДӔМЫ ахуыр кӕнгӕйӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй пайда кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ сын цы амонӕм, уый афтӕ хуыздӕр бамбардзысты. Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй арӕх пайда кодтой Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын. Цы зӕгъын дӕ фӕнды, уый ма дзыхыныхасӕй дарддӕр ӕвдисгӕ дӕр куы ракӕнай, уӕд ӕй адӕм канд хъусгӕ нӕ фӕкӕндзысты, фӕлӕ ма йӕ цӕстӕй дӕр фендзысты. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы сӕ хъус тынгдӕр ӕрдардзысты, стӕй сын сӕ зӕрдӕ дӕр тынгдӕр бацагайдзӕн. Куыд ис хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй пайда кӕнӕн? Ӕмӕ сӕ пайда кӕнынмӕ арӕхсыс ӕви нӕ, уый куыд базонӕн ис?

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг не Стыр Ахуыргӕнджыты къухты. Иегъовӕ стыр хъуыддӕгтӕ амыдта, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цӕстуынгӕ ӕрмӕджы фӕрцы. Иу хатт ӕхсӕвыгон Авраамы йӕ цатырӕй ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, скӕс ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай, кӕд сӕ дӕ бон у банымайын, уӕд. ...Уыйбӕрц уыдзӕн дӕ мыггаг» (Уӕв. 15:5). Кӕд зӕххон адӕймаджы хъуыдымӕ гӕсгӕ уый ӕнӕрцӕугӕ диссаг уыди, уӕддӕр уыцы ныхӕстӕ Авраамы зӕрдӕ бацагайдтой, ӕмӕ баууӕндыди Иегъовӕйыл. Иегъовӕ йӕ пехуымпар Иеремийы та арвыста дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ, зӕгъгӕ, кӕм кусы, уырдӕм бацу ӕмӕ ӕлыгӕй мигӕнӕнтӕ куыд кӕны, уымӕ бакӕс. Сфӕлдисӕгӕн адӕмыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый ма уымӕй хуыздӕр куыд уыди равдисӕн! (Иер. 18:1—6). Уӕдӕ ма ахъуыды кӕн Ионӕйыл дӕр. Цард-цӕрӕнбонтӕм дӕр дзы, ай-гъай, нӕ ферох уыдаид, Иегъовӕ йын йӕ сӕрмӕ «насы тау» кӕй суагъта, уымӕй йын цы диссаджы зонд бацамыдта, уый — фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уыдаид (Ионӕ 4:6—11). Хатт-иу Иегъовӕ йӕ пехуымпартӕй театры хъазджытӕ дӕр сарӕзта: бӕлвырд дзауматӕ ӕмӕ архайдӕй-иу сын адӕмы раз равдисын кодта ӕрцӕуинаг хабӕрттӕ (3 Пад. 11:29—32; Иер. 27:1—8; Иез. 4:1—17). Хӕсгӕ цатыр ӕмӕ кувӕндон сӕхӕдӕг дӕр цӕстуынгӕ ӕрмӕг сты — ӕххуыс нын кӕнынц, уӕлӕрвты цытӕ цӕуы, уый ӕмбарынӕн (Дзут. 9:9, 23, 24). Тынг ахсджиаг хабӕрттӕ-иу Иегъовӕ арӕх равдыста цӕстылуайӕнты дӕр (Иез. 1:4—28; 8:2—18; Ап. к. 10:9—16; 16:9, 10; Рарг. 1:1).

Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй Йесо та куыд пайда кодта? Фарисейтӕ ӕмӕ йӕ Ироды хъузӕттӕ ныхасӕй ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сын динари ӕрбахӕссын кодта ӕмӕ сын ӕхцайыл кесӕры ныв равдыста. Уый фӕстӕ сын бамбарын кодта, кесӕрмӕ цы ӕмбӕлы, уый кесӕрӕн кӕй хъӕуы дӕттын, Хуыцаумӕ цы ӕмбӕлы, уый та — Хуыцауӕн (Матф. 22:19—21). Цыдӕриддӕр нӕм ис, уымӕй Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ бӕрзонд кӕнӕм, уый бамбарын кӕнынӕн Йесо бацамыдта мӕгуыр идӕдз усмӕ. Кувӕндоны мысайнагӕн цы ныппӕрста,— дыууӕ лыстӕг ӕхцайы,— уый уыди йӕ ис, йӕ бон, удыхосӕн дӕр йӕхимӕ ницыуал ныууагъта (Лук. 21:1—4). Иухатт та йӕ ахуыргӕнинӕгты астӕу слӕууын кодта сывӕллоны, ӕмӕ сын ахӕм хуызы бацамыдта, сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадуарзаг кӕй хъуамӕ ма уой (Матф. 18:2—6). Сӕрныллӕгдзинад цы у, уый сын равдыста йӕхӕдӕг дӕр — сӕ къӕхтӕ сын ныхсадта (Иоан. 13:14).

Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы. Цы зӕгъын нӕ фӕнды, уый Иегъовӕйӕ хъауджыдӕр махӕн нӕ бон цӕстылуайӕны равдисын нӕу. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕйы бирӕ ис хъуыдытыл ӕфтауӕг нывтӕ. Уыцы нывты руаджы адӕмӕн ӕххуыс кӕн, Хуыцауы Ныхасы цы зӕххон Дзӕнӕты кой цӕуы, уый сӕ цӕстытыл ауайын кӕнынӕн. Дӕ бон у, ӕмӕ искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд ын йӕ хъус ӕрдарай, ӕрмӕджы цы ныв ис, уымӕ, ӕмӕ йӕ бафӕрсай, цы дзы уыныс, зӕгъгӕ. Иегъовӕ пехуымпар Амосӕн цӕстылуайӕнтӕ куы равдыста, уӕд ӕй афтӕ бафарста: «Амос, цы дзы уыныс?» (Амос 7:7, 8; 8:1, 2). Нӕ литературӕйы цы нывтӕ ис, уыдон сты, дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕн цӕстуынгӕ ӕрмӕг, ӕмӕ сӕм цӕмӕй адӕймаг йӕ хъус ӕрдара, уый тыххӕй ды дӕр дӕтт ахӕм фарстытӕ.

Хорз уаид, нымӕцтӕ бахынцын кӕнӕ хахх акӕнын ӕмӕ, ахсджиаг цаутӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цыдысты, уый йыл сныв кӕнын — афтӕмӕй адӕймаг хуыздӕр бамбардзӕн, ахӕм пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, Данелы 4:13 «авд азы» ӕмӕ Данелы 9:24 «дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз авдазы» цы амонынц, уый. Ахӕм цӕстуынгӕ ӕрмӕг ис нӕ ахуыргӕнӕн чингуытӕй иуӕй-иуты.

Хӕдзары дӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ахӕм цӕуылдӕрты куы ныхас кӕнат, зӕгъӕм, хӕсгӕ цатыр, Иерусалимы кувӕндон, Иезекил цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы кувӕндон, уӕд сӕ нывтӕ ӕмӕ схемӕты руаджы хуыздӕр бамбардзыстут. Ссарӕн сӕ ис энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы (англ.) кӕнӕ «Сыгъдӕг Фыстады ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы (англ.) фӕстейӕ цы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ис, уым ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы кӕцыдӕр номырты.

Ӕгас бинонтӕй Библи куы фӕкӕсут, уӕд пайда кӕнут картӕтӕй. Авраамӕн фыццаг Урӕй Харранмӕ, уырдыгӕй та Вефилмӕ йӕ фӕндаг кӕуылты цыд, ууыл уӕ цӕст ахӕссут. Кӕнӕ ӕркӕсут, израилӕгтӕ Египетӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕуылты цыдысты, уымӕ. Сбӕрӕг кӕнут, Израилы алы мыггаг дӕр бынӕн цы зӕххытӕ райста, уыдон кӕмыты уыдысты. Уӕ цӕст ахӕссут, Соломоны паддзахады арӕнтӕ кӕуылты ӕххӕссыдысты, ууыл. Ссарут, Илиа Иезавелы ӕртхъирӕнтӕй куы фӕтарст, уӕд Изреелӕй, Вирсавийы чъылдыммӕ цы ӕдзӕрӕг быдыр уыди, уырдӕм кӕуылты лыгъди, уый — йӕ фӕд-фӕд ацӕут (3 Пад. 18:46—19:4). Ссарут, Йесо кӕм хъусын кодта, уыцы сахартӕ. Уӕ цӕст ахӕссут, Куыстыты чиныг куыд дзуры, афтӕмӕй Павел кӕцӕй кӕдӕм цыд ӕмӕ кӕуылты, ууыл.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕджы фӕрцы, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый базонгӕ кӕнӕн ис, чырыстон ӕмбырд куыд кусы, йӕ хӕстӕ цы сты, уыимӕ. Зӕгъӕм, равдис ын конгрессы программӕ ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кӕн, уыцы стыр фембӕлдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уый. Бирӕтӕн ма стыр ахъаз фӕвӕййы, Паддзахады залмӕ кӕнӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ кӕй ӕрбацӕуынц, уый дӕр. Цы куыст кӕнӕм ӕмӕ уыцы куыст цӕмӕн хъӕуы, уый сӕхи цӕстӕй куы фенынц, уӕд ӕй бамбарынц, адӕм нӕ цытӕ дзурынц, уый раст кӕй нӕу. Ахӕм адӕмӕн Паддзахады зал куы ӕвдисай, уӕд сын бамбарын кӕн, цӕмӕй хицӕн кӕны ӕндӕр кувӕн бынӕттӕй. Бацамон сын, зал хуымӕтӕг арӕзт кӕй у, уӕлдай дзы кӕй ницы ис, адӕмы дзы ахуыр кӕнын куыд ницы хъыгдара. Сӕ хъус сын ӕрдар, залы цы ис, уыдон иууылдӕр: литературӕ, участокты картӕтӕ, мысайнӕгты асыччытӕ (ӕхца ӕмбырд кӕнынӕн тӕбӕгътӕ нӕ, фӕлӕ) — нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕй сты.

Нӕ Ӕхсӕнад Разамонӕг советы фӕндӕй цы видеофильмтӕ сарӕзта, уыдонӕй уӕм кӕд ис, уӕд сӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн равдис. Уый фӕрцы тынгдӕр баууӕнддзӕн Библийыл, хуыздӕр базонгӕ уыдзӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хъуыддаджы лӕуд сты, уыимӕ, ӕмӕ, чи зоны, йӕ зӕрдӕйы зынг ссудза, йӕ цард ӕй Библимӕ гӕсгӕ саразын бафӕнда.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг, бирӕ адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ. Цӕстуынгӕ ӕрмӕг хорз арӕзт куы уа ӕмӕ дзы пайда кӕнын куы зонай, уӕд стыр ахъаз уыдзӕн бирӕ адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр. Алыхуызон цӕстуынгӕ ӕрмӕг нын цӕттӕйӕ дӕтты ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар.

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяты цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕн арӕх вӕййы нывтӕ ӕмӕ, ахуыр чи уадзы, уымӕн йӕ бон у уыцы нывты руаджы сӕйраг хъуыдытӕм хъус ӕрдарын. Афтӕ ма, чиныгахуыры цы чингуытӕ фӕиртасӕм, уыдоны дӕр.

Ӕргом раныхӕстӕй иуӕй-иуты пълантӕм куы ӕркӕсай, уӕд афтӕ фӕзыны, цыма дын сӕхӕдӕг дзурынц, цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй дзы ӕнӕспайдагӕнгӕ нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ адӕмӕн стырдӕр ахъаз вӕййы, Библийӕн йӕхимидӕг цы ис, сӕ хъус сын уымӕ куы ӕрдарай, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕрӕн Библи вӕййы сӕ къухы. Раныхасы иу кӕнӕ цалдӕр сӕйраг хъуыдыйы тыхджындӕрӕй зӕгъынӕн хатт бахъӕуы ныв кӕнӕ сӕйраг хъуыдыты цыбыр пълан равдисын. Ӕмӕ ахӕм уавӕры рагацау сбӕрӕг кӕн, цы равдисын дӕ фӕнды, уый залы фӕстаг рӕнхъытӕм дӕр хорз зындзӕн (кӕнӕ йӕ сӕ бон бакӕсын суыдзӕн) ӕви нӕ. Ахӕм ӕрмӕгӕй пайда кӕнын хъӕуы ӕрмӕстдӕр искуы иу хатт.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг адӕмы ирхӕфсынӕн нӕу. Цы феной, уый сын хъуамӕ баххуыс кӕна ахсджиагдӕр хъуыдытӕ сӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр айсынӕн. Уыимӕ уыцы цӕстуынгӕ ӕрмӕг хъуамӕ уа аив. Цӕстуынгӕ ӕрмӕг йӕ хӕс ӕрмӕстдӕр уӕд сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ дын дӕ ныхас куы фӕбӕлвырддӕр кӕна, йӕ бамбарынӕн куы фӕахъаз уа кӕнӕ, цы загътай, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый куы равдиса. Хорз цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй, кӕм хъӕуы, уым куы спайда кӕнай, уӕд адӕймаджы зӕрдӕйы ахӕм арф фӕд ныууадздзӕн, ӕмӕ дзы бирӕ азты нӕ ферох уыдзӕн цӕвиттон дӕр, ӕмӕ йӕ цӕмӕн ӕрхастай, уый дӕр.

Ахуыры хъуыддаджы стыр ахадындзинад ис, хъусӕй цы фехъусай, уымӕн, ӕмӕ цӕстӕй цы фенай, уымӕн дӕр. Уыцы дыууӕ «хотыхӕй» не Стыр Ахуыргӕнджытӕ куыд пайда кодтой, уый дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ ды дӕр афтӕ кӕн.

ХОРЗ ЦӔСТУЫНГӔ ӔРМӔГ ХЪУАМӔ...

  • Ахъаз уа ахсджиаг хъуыдытӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн ӕмӕ ӕвдиса, афтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты, уый.

  • Фыццаджыдӕр уа зонд бацамонынӕн.

  • Хорз зына ныхасмӕхъусджытӕй алкӕмӕдӕр (сценӕйӕ йӕ куы ӕвдисай, уӕд).

ФӔЛТӔРӔН Мӕнӕ ацы рӕнхъытыл ныффысс, цавӕр цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй дӕ фӕнды спайда кӕнын...

Цӕмӕй адӕймаг Иегъовӕйы организацийӕн тынгдӕр аргъ кӕна

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

Цӕмӕй Библийӕ бӕлвырд фарстытӕ бамбарын кӕнай сывӕллонӕн

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․․

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын