Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 12 сӕр, 118–127 фф.
  • «Хуыцау раст нӕ кӕны?»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хуыцау раст нӕ кӕны?»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны
  • Ахсджиаг фарста
  • Адӕм Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕнынц?
  • Хуыцауы рӕстдзинадӕн ӕмбал нӕй
  • Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн
  • Куыд ис бабыхсӕн ӕнӕрастдзинадӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕн цӕй фӕрцы ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 12 сӕр, 118–127 фф.
Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы Сигормӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл сондон ӕмӕ зынг ныккалд.

12 СӔР

«Хуыцау раст нӕ кӕны?»

1. Хӕрам хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм?

АЦӔРГӔ идӕдз ус цӕрӕнбонты цы ’хцайы муртӕ фембырд кодта, уыдон ын асайдтой. Ӕнахъом сывӕллоны йӕ дурзӕрдӕ ныййарӕг мад ныууагъта. Нӕлгоймаджы ӕнаххосӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусыс, уӕд куыннӕ смӕсты вӕййыс! Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый хорз ӕмбарӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу хӕрам хъуыддӕгтӕм ӕнцад кӕсын. Фӕфӕнды нӕ, цӕмӕй, ӕнаххосӕй кӕй бафхӕрдтой, уымӕн баххуыс кӕной ӕмӕ йӕ чи бафхӕрдта, уымӕн та аккаг тӕрхон рахӕссой. Ӕмӕ афтӕ куы нӕ рауайы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕнӕм: «Хуыцау кӕдӕм кӕсы? Цӕуылнӕ исты саразы?»

2. Аввакум хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй уыдта, уый тыххӕй цы загъта ӕмӕ йӕм Йегъовӕ уый тыххӕй цӕуылнӕ смӕсты?

2 Библийы фыст ис, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр-иу ахӕм фарстатӕ кӕй фӕзынд. Зӕгъӕм, пехуымпар Аввакум Хуыцаумӕ куывта: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз? Мӕ цӕстыты раз стигъынц ӕмӕ тыхми кӕнынц, алы ран загъд кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи хӕрынц» (Аввакум 1:3). Йегъовӕ Аввакуммӕ не смӕсты. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уына. Ӕмӕ нӕ кӕд уыцы диссаджы миниуӕгӕй схайджын кодта, уӕддӕр нӕ бон нӕу, цӕмӕй уый хуызӕн рӕстаг уӕм.

Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны

3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ махимӕ абаргӕйӕ Йегъовӕ фылдӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ уыны?

3 Йегъовӕ алы хӕрам хъуыддаг дӕр уыны. Нойы бонты тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл» (Райдиан 6:5). Ахъуыды-ма кӕн, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты. Хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй арӕх фехъусӕм кӕнӕ нӕхиуыл ӕрцӕуынц. Фӕлӕ махӕй уӕлдай Йегъовӕ уыны, ӕнӕхъӕн зӕххыл цы хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон иууылдӕр! Уымӕй уӕлдай ма зоны, уыцы хъуыддӕгтӕ саразынмӕ адӕмы цы ’взӕр хъуыдытӕ ӕркӕнынц, уыдон дӕр (Йереми 17:10).

4, 5. а) Библийӕ куыд зыны, Йегъовӕ кӕй тыхсы, ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уыдоныл? б) Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куыд ӕййафы?

4 Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст уынгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма тыхсы, кӕуыл ӕрцӕуынц, уыдоныл дӕр. Йегъовӕйӕн йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ рыст, уымӕн ӕмӕ хъуыста, «чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ алырдыгӕй чи ссӕста, уыдоны ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уый» (Тӕрхонгӕнджыты 2:18). Чи зоны, бафиппайдтай, адӕм бирӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы фӕуынынц, уӕд сыл кӕй сахуыр вӕййынц ӕмӕ, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи феййафы, уыдонӕн кӕй нал фӕтӕригъӕд кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй. 6 000 азӕй фылдӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ уыны, фӕлӕ сӕ уӕддӕр йе сӕфт уыны. Библи зӕгъы, Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг кӕй сты «мӕнг ӕвзаг», «ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕ» ӕмӕ, «мӕнг чи дзуры, ахӕм ӕвдисӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19).

5 Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт куыд тынг уыны, уый бӕрӕг у, Израилы разамонджытӕн цы карз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй. Пехуымпар Михейы уылты сӕ бафарста: «Рӕстдзинад цы у, уый сымах хъуамӕ ма зонат?» Стӕй радзырдта, цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уый тыххӕй ӕмӕ загъта, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы: «Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн. Уыцы рӕстӕг сӕ уый йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй» (Михей 3:1–4). Йегъовӕйӕн хӕрам митӕ тынг ӕнад сты. Йӕхӕдӕг дӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы! Мин азты дӕргъы йын Сайтан фидистӕ кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уымӕй уӕлдай Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, зӕххыл ӕппӕты хӕрамдӕр хъуыддаг куы ’рцыд, уӕд – йӕ Фырты йын, «ницы тӕригъӕд ракодта», афтӕмӕй фыдгӕнӕджы мард акодтой! (1 Петры 2:22; Исай 53:9). Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй уыны, адӕм хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый ӕмӕ сыл кӕй тыхсы.

6. Хӕрам хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ нӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?

6 Искӕй кӕнӕ нын нӕхи ӕнаххосӕй куы бафхӕрынц, уӕд нын тынг зын вӕййы. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ скодта, ӕмӕ уымӕн та хӕрамдзинадимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис (Райдиан 1:27). Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд хӕрам хъуыддӕгтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Ахсджиаг фарста

7. Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы тыххӕй цы загъта?

7 Хуыцау хӕрам хъуыддӕгтӕн цӕмӕн быхсы, уый базондзыстӕм, Едемы цӕхӕрадоны цы ахсджиаг фарста сӕвзӕрд, уый куы базонӕм, уӕд. Куыд федтам, афтӕмӕй Сфӕлдисӕгӕн ис бар, цӕмӕй Хицау уа зӕххӕн ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн (Псалом 24:1; Раргомад 4:11). Фӕлӕ, Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын чидӕр йӕ хорз номыл цъыф бакалдта ӕмӕ, хорз Хицау кӕй у, уый сдзырддаг кодта. Афтӕ куыд рауад? Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы, Адамы, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Едемы цӕхӕрадоны иу бӕласы дыргътӕй ма бахордтаид. Ӕмӕ куы нӕ байхъуыстаид, уӕд цы ’рцыдаид? Хуыцау ын загъта: «Амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:17). Хуыцауы фӕдзӕхст Адамӕн ӕмӕ йӕ ус Евӕйӕн зынӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕг Евӕйы баууӕндын кодта, Хуыцау раст кӕй нӕ кӕны, уыцы бӕласы дыргътӕй сын хӕрын кӕй нӕ уадзы, уымӕй. Куы дзы бахордтаид, уӕд, Хӕйрӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы уыдаид? Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 3:1–5).

8. а) Хӕйрӕджы цы фӕндыд? б) Йегъовӕ цавӕр Хицау у, уый тыххӕй Хӕйрӕг цы загъта?

8 Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Евӕйы бауырныдтаид, Йегъовӕ дзы ахсджиаг цыдӕр кӕй басусӕг кодта ӕмӕ йӕ кӕй фӕсайдта. Йӕ ныхӕсты фӕстӕ Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр хорз Хуыцау кӕй у, ууыл. Хӕйрӕг афтӕ кӕй бакодта, уымӕй Йегъовӕйы ном фегад кодта. Стӕй ма сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад, ома, цавӕр Хицау у, уый. Хӕйрӕг афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Хуыцау Дун-дунейы Хицау нӕу. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Хицау уа; уый аккаг нӕу, цӕмӕй адӕм йӕ коммӕ кӕсой; хорз Хицау нӕу ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл нӕ тыхсы.

9. а) Адам ӕмӕ Евӕйыл се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй цы ’рцыд ӕмӕ цавӕр ахсджиаг фарстатӕ сӕвзӕрд? б) Йегъовӕ уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны?

9 Адам ӕмӕ Евӕ бахордтой, Йегъовӕ сӕ кӕмӕй бафӕдзӕхста, уыцы бӕласы дыргътӕй. Афтӕмӕй йӕ фӕдзӕхсты сӕрты ахызтысты. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй амардысты, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ. Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ сӕвзӕрын кодтой ахсджиаг фарстатӕ: Йегъовӕйӕн ӕцӕгдӕр уый бар ис, цӕмӕй адӕмӕн разамынд дӕтта ӕви хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕттой сӕхицӕн разамынд? Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ӕппӕты хуыздӕр Хицау у? Йегъовӕйӕн, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн, йӕ бон уыд Адамы, Евӕйы ӕмӕ Хӕйрӕджы уыцы тӕккӕ фесафын. Фӕлӕ Хӕйрӕг Хуыцауӕн йӕ тыхы кой нӕ кодта. Уый сдзырддаг кодта, Хуыцау хорз Хицау кӕй у, уый. Йегъовӕ сӕ уайтагъд куы фесӕфтаид, уӕд уымӕй не сбӕлвырд уыдаид, рӕстаг Хицау кӕй у, уый. Афтӕ куы бакодтаид, уӕд ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ Хӕйрӕг рӕстытӕ дзырдта. Адӕмӕн хъуыди рӕстӕг раттын, цӕмӕй афӕлвӕрдтаиккой ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, сӕ бон у ӕнӕ Хуыцауӕй амондджынӕй цӕрын ӕви нӕ.

10. Адӕм алыхуызон хицаудзинӕдтӕ кӕй бафӕлвӕрдтой, уымӕй цы рабӕрӕг?

10 Рӕстӕг цы равдыста? Мин азты дӕргъы адӕм цынӕхуызон хицаудзинад бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад. Ӕмӕ сын исты бантыст? «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан»,– фыст ис Библийы (Екклесиаст 8:9). Пехуымпар Йереми дӕр хуымӕтӕджы нӕ загъта: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

11. Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарой?

11 Йегъовӕ зыдта, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд куы дӕттой, уӕд уый стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕндзӕн. Уӕдӕ сӕ сӕхи бар кӕй ауагъта, уымӕй раст нӕ уыд? Нӕ! Зӕгъӕм, дӕ сывӕллон уӕззау рынчын у ӕмӕ, цӕмӕй фервӕза, уый тыххӕй йын хъӕуы операци скӕнын. Ӕмбарыс ӕй, кӕй йын рисдзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй маст кӕныс. Фӕлӕ зоныс, уый фӕрцы дӕ сывӕллон кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Хуыцау дӕр зыдта ӕмӕ рагацау зӕгъгӕ дӕр кодта, адӕмы сӕхи бар куы ауадза, уӕд стыр маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзардзысты (Райдиан 3:16–19). Фӕлӕ ма зыдта, ӕрмӕстдӕр иу мадзал кӕй ис, цӕмӕй ӕнустӕм сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзой. Хъуамӕ сын бар радтаид, цӕмӕй сӕхицӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ уӕд федтаиккой, ӕнӕ Хуыцауӕй куы цӕрой, уӕд сӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Афтӕмӕй уыцы дзырддаг фарстайӕн дзуапп дӕттын никуыуал бахъуыдаид.

Адӕм Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕнынц?

12. Иовы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй ма Хӕйрӕг цы сдзырддаг кодта?

12 Хӕйрӕг ӕрмӕст уый не сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй хицау уа ӕмӕ цавӕр Хицау у, уый. Фӕлӕ ма сдзырддаг кодта, Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый дӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы тыххӕй загъта: «Алырдыгӕй дӕр ӕй ды нӕ хъахъхъӕныс, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон? Ды йын йӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кодтай, ӕмӕ йӕ фос зӕххыл нал цӕуынц. Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 1:10, 11).

13. Хӕйрӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иов Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кодта ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕты тыххӕй дӕр цы загъта?

13 Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ Иовы уымӕн хъахъхъӕны, цӕмӕй йӕ уарза ӕмӕ йын лӕггад кӕна. Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Иов Хуыцауӕн лӕггад кодта, кӕй йын арфӕ кодта, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, Иов Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай куы фӕуа, уӕд уый дӕр йе Сфӕлдисӕгыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн, кӕд хорз адӕймаг у, уӕддӕр. Уый зыдта, Иов кӕй у «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй»a. Фидарӕй зыдта, Иовы Хуыцауы ныхмӕ куы скӕна, уӕд йӕ бон кӕй бауыдзӕн иннӕ адӕмы дӕр Хуыцауы ныхмӕ скӕнын. Уӕдӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, хорздзинӕдтӕй сӕ кӕй хайджын кӕны, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Уый бӕрӕг у, Хӕйрӕг ма Йегъовӕйӕн ноджыдӕр цы загъта, уымӕй: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 1:8; 2:4).

14. Хӕйрӕг адӕмы тыххӕй цы загъта, уый раст разынд?

14 Бирӕтӕ Иовау тынг зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уымӕй сбӕлвырд, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты. Сӕ иузӕрдиондзинадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтой, ӕмӕ йӕ бон уыд дзуапп раттын Хӕйрӕджы ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, дам, адӕм зын уавӕрты куы бахауой, уӕд Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзысты (Дзуттӕгтӕм 11:4–38). Хуыцауы чи уарзы, уыдон ыл сӕ зӕрдӕ никуы сивынц. Тынг уӕззау уавӕрты дӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл фӕдарынц, уымӕн ӕмӕ фӕзонынц, фидар фӕлӕууынӕн сын тыхтӕ кӕй ратдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:7–10).

15. Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй иуӕй-иутӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарста фӕзына?

15 Йегъовӕ йӕ хицаудзинады ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинады тыххӕй дзырддаг фарстатӕ куыд аскъуыддзаг кодта, ӕрмӕст уымӕй нӕу бӕрӕг, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый. Библийы ма бакӕсӕн ис, Йегъовӕ-иу хицӕн адӕймӕгтӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмтӕн дӕр куыд тӕрхон кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы фыст ис, фидӕны адӕмӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр. Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц, уый фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис?

Хуыцауы рӕстдзинадӕн ӕмбал нӕй

Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы Сигормӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл сондон ӕмӕ зынг ныккалд. Нывыл фӕстейӕ: Лоты ус цӕхдур фестад.

Йегъовӕ «рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ» никуы фесафдзӕн

16, 17. Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, адӕймаг алкӕд кӕй нӕ фембары, цавӕрдӕр уавӕры растдӕр куыд уаид бакӕнӕн, уый?

16 Йегъовӕйы тыххӕй фидарӕй ис зӕгъӕн: «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» (Дыккаг закъон 32:4). Афтӕ нӕ иу дӕр йӕхи тыххӕй нӕ зӕгъдзӕн, уымӕн ӕмӕ алкӕд алцы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ фембарӕм, растдӕр куыд уаид бакӕнӕн, уый. Уый бӕрӕг у Авраамы цӕвиттонӕй. Кӕд Содомы цӕрджытӕ сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сафинаг уыдысты, уӕддӕр Авраам Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй горӕт ма фесӕфтаид. Бафарста йӕ: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ?» (Райдиан 18:23–33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ афтӕ нӕ бакодтаид. Содомыл «сондон ӕмӕ зынг» ныккалдта, Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ горӕт Сигормӕ куы бахӕццӕ сты, ӕрмӕстдӕр уӕд (Райдиан 19:22–24). Иннӕ цӕвиттон та у Ионӕ. Фӕлӕ уымӕн бынтон ӕндӕр зондахаст уыд. Ионӕ Ниневийы адӕмӕн фехъусын кодта, сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сӕ Хуыцау кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ адӕм куы ’рфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ куы фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын куы ныххатыр кодта, уӕд Ионӕ «мӕстӕй рафыхт» (Ионӕ 3:10–4:1).

17 Йегъовӕ Авраамӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уымӕ гӕсгӕ рӕстгӕнджыты фыдгӕнджытимӕ кӕй никуы фесафы. Ионӕйы та хъуыди бамбарын, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый. Фыдгӕнджытӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц, уӕд сын ныххатыр кӕны (Псалом 86:5). Чидӕртӕ иннӕты фефхӕрынц, тыхджын кӕй сты, ӕрмӕстдӕр уый равдисыны тыххӕй. Кӕнӕ та уый тыххӕй, ӕмӕ фӕтӕрсынц, хӕларзӕрдӕ куы уой, уӕд сӕ иннӕтӕ лӕмӕгъ кӕй хондзысты. Йегъовӕ уыдоны хуызӕн нӕу. Ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд алы хатт дӕр хӕларзӕрдӕдзинад равдисы (Исай 55:7; Йезекил 18:23).

18. Кӕд Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕддӕр фыддзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уымӕн Библийӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

18 Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕддӕр фыддзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Йӕ адӕм, Израил, мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл куы бафтыдысты, уӕд Йегъовӕ карзӕй загъта: «Ӕз... дын тӕрхон кӕндзынӕн дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ дын де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ иууылдӕр дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн. Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн, фӕлӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн» (Йезекил 7:3, 4). Уӕдӕ адӕм сӕ ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сын Йегъовӕ тӕрхон рахӕсдзӕн. Йегъовӕ цалынмӕ алцыдӕр бӕстон не сбӕлвырд кӕны, уӕдмӕ тӕрхон никуы рахӕссы. Зӕгъӕм, Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ куыд «тынг хъаст кӕнынц», уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ» (Райдиан 18:20, 21). Адӕм арӕх хабӕрттӕ кӕронмӕ нӕма базонынц, афтӕмӕй хатдзӕгтӕ скӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ никуы бакӕны. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у «ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис» (Дыккаг закъон 32:4).

Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн

19. Йегъовӕ цавӕрдӕр тӕрхон цӕмӕн рахаста, уый кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд хуыздӕр куыд уаид бакӕнӕн?

19 Библи алы хатт нӕ фембарын кӕны, Йегъовӕ-иу адӕмӕн цавӕрдӕр тӕрхон цӕмӕн рахаста, уый. Стӕй дзы бӕлвырдӕй фыст нӕй, фидӕны хицӕн адӕймӕгтӕн кӕнӕ адӕмы къордтӕн куыд тӕрхон кӕндзӕн, уый дӕр. Уӕдӕ Библийы цавӕрдӕр хабар кӕнӕ, алцы бӕстон фыст кӕм нӕу, ахӕм пехуымпарӕдтӕ кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд хорз уаид, мах дӕр-иу пехуымпар Михейы куы бафӕзмиккам. Уый загъта: «Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Михей 7:7).

20, 21. Цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй араздзӕн, раст цы у, уый?

20 Йегъовӕ алкӕддӕр, раст цы у, уый кӕй араздзӕн, ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ адӕм хӕрам хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн» (Ромӕгтӕм 12:19). Йегъовӕмӕ фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, мах дӕр ыл Павелау нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм. Павел загъта: «Хуыцау раст нӕ кӕны? Уымӕн гӕнӕн нӕй!» (Ромӕгтӕм 9:14).

21 Фӕлӕ нырма «уӕззау рӕстӕг» цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). Бирӕтӕ хъизӕмар кӕнынц хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй (Екклесиаст 4:1). Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр йе сӕфт уыны мӕнгард ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй ӕмӕ, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдоныл йӕ зӕрдӕ риссы. Ӕмӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд йӕ Паддзахады фӕрцы ӕппӕт хӕрам хъуыддӕгтӕ дӕр сраст кӕндзӕн. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд нын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фӕразӕм, цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцӕуа, уӕдмӕ (1 Петры 5:6, 7).

a Йегъовӕ Иовы тыххӕй загъта: «Зӕххыл уый хуызӕн нӕй» (Иов 1:8). Ӕвӕццӕгӕн, Иов цард, Иосиф куы амард, уый фӕстӕ ӕмӕ, цалынмӕ Моисей Израилы разамонӕгӕй ӕвӕрд не ’рцыд, уӕдмӕ. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцауыл Иовы хуызӕн иузӕрдион ничи уыд.

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Дыккаг закъон 10:17–19. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны?

  • Иов 34:1–12. Исчи дӕ ӕнаххосӕй куы ӕфхӕра, уӕд дын Елиуйы ныхӕстӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл?

  • Псалом 1:1–6. Йегъовӕ рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр сӕ хъуыддӕгтӕ кӕй уыны, уый нын ныфсы хос цӕмӕн у?

  • Малахи 2:13–16. Лӕгтӕ-иу сӕ устытӕй гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр кӕй ахицӕн сты, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй каст?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын