Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 11 сӕр, 108–117 фф.
  • «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы у рӕстдзинад?
  • Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстӕй ӕвзары
  • Йегъовӕйы уарзӕм, рӕстаг кӕй у, уый тыххӕй
  • Йегъовӕ фыдгӕнджыты ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн
  • Баввахс у рӕстдзинады Хуыцаумӕ
  • Йесо «зӕххыл рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзӕн
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ «рӕстӕй архай»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 11 сӕр, 108–117 фф.
Иосиф ахӕстоны иннӕ ахст адӕмимӕ, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ баст, афтӕмӕй.

11 СӔР

«Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст»

1, 2. а) Иосиф цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ бавзӕрста? б) Йегъовӕ уыцы хъуыддӕгтӕ куыд сраст кодта?

ИОСИФЫЛ ӕрцыд ӕвирхъау хабар! 17 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй йе ’фсымӕртӕ марынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ йӕ стӕй цагъарӕй ауӕй кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ афтыд. Уым ын йӕ хицауы ус дзырдта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Иосиф куы не сразы, уӕд ӕм тынг смӕсты ӕмӕ загъта, тыхми бакӕнынмӕ мын хъавыд, зӕгъгӕ. Кӕд Йосиф ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта, уӕддӕр ӕй ахӕстоны бакодтой. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ахъуыды кӕнӕн уыди, ӕмӕ йын чи баххуыс кӕна, уый нӕй.

2 Фӕлӕ, «рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» чи уарзы, уыцы Хуыцау алцыдӕр уыдта (Псалом 33:5). Йегъовӕ хъуыддаг сраст кодта: Иосифы ссӕрибар кодтой, суанг ма йын стыр бартӕ дӕр радтой, ӕмӕ тынг скадджын ис (Райдиан 40:15; 41:41–43; Псалом 105:17, 18). Уӕд иууылдӕр базыдтой, Иосиф ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракодта. Ӕмӕ Иосиф йе стыр барты фӕрцы Хуыцауы адӕмы аирвӕзын кодта (Райдиан 45:5–8).

Иосифы ӕнаххосӕй ахӕстоны дзыхъхъы ныппӕрстой

3. Цӕуылнӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрой?

3 Иосифы хабар афтӕ кӕй ахицӕн, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у! Хӕрам хъуыддӕгтӕ не ’ппӕт дӕр федтам кӕнӕ нӕхиуыл бавзӕрстам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрой кӕнӕ йӕ сайой. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыцы миниуджытӕй. Йӕ сӕйраг миниуджытӕй та иу у рӕстдзинад (Райдиан 1:27). Цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бамбарӕм, рӕстдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, цы аразы, уыдӕттӕн ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

Цы у рӕстдзинад?

4. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ рӕстдзинад цы у?

4 Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ рӕстдзинад у, алчидӕр закъӕттӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «рӕстдзинад баст у закъӕттимӕ, адӕймагӕн йӕ бартимӕ ӕмӕ йӕ хӕстимӕ, стӕй йӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ схорзӕхджын кӕнын хъӕуы ӕви йӕ бафхӕрын хъӕуы, уыимӕ» (Right and Reason – Ethics in Theory and Practice). Фӕлӕ Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ, раст цы у, уый аразы, уый йӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй.

5, 6. а) Дзырд «рӕстдзинад»-ӕй цы дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдонӕн сӕ хъуыды цы у? б) Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг у?

5 Йегъовӕйы рӕстдзинад цы у, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Библи фыццаг цы ’взӕгтыл ӕрцыд фыст, уыцы ӕвзӕгтыл дзырд «рӕстдзинад»-ӕн йӕ хъуыды радӕттынӕн цы дзырдтӕй спайда кодтой, уыдоны фӕрцы. Уыцы дзырдтӕн сӕ хъуыды у «раст цы у, уый» ӕмӕ «рӕстаг» (Райдиан 18:25; Амос 5:24).

6 Уӕдӕ Библи Йегъовӕйы рӕстаг Хуыцау кӕй хоны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстӕй архайы, у ӕнӕхӕрам ӕмӕ никӕй хъулон кӕны (Ромӕгтӕм 2:11). Елиуй Йегъовӕйы хорз зыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕу «хӕрам хъуыддаг бакӕнын». Цӕуылнӕ? Дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй.

7, 8. а) Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕуылнӕ у хӕрам хъуыддаг саразын? б) Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй цӕмӕн фӕархайы?

7 Фыццаг, Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау. 3-аг сӕры куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй алцӕмӕй дӕр у сыгъдӕг ӕмӕ у рӕстаг. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕу хӕрам хъуыддаг саразын. Ахъуыды-ма кӕн, уый цы нысан кӕны, ууыл. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ фидарӕй зонӕм, ӕвзӕрӕй нын кӕй никуы ницы ракӕндзӕн. Уый Йесо дӕр зыдта. Йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй Йегъовӕмӕ куывта: «Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй» (Иоанны 17:11). Библийы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы тыххӕй ис фыст, «сыгъдӕг Фыд», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцау куыд сыгъдӕг у, афтӕ сыгъдӕг иу зӕххон фыд дӕр нӕу. Нӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн тӕригъӕдимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Йесо фидарӕй зыдта, йӕ Фыд ын йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн (Матфейы 23:9).

8 Дыккаг уый, ӕмӕ Йегъовӕ удуӕлдай уарзтӕй уарзы, кӕй сфӕлдыста, уыдоны. Ӕмӕ уый тыххӕй алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ иннӕтӕн ӕвзӕр чи у, уыдон та арӕх афтӕ уый тыххӕй фӕкӕнынц, ӕмӕ зыд ӕмӕ хиуарзон вӕййынц. Уыцы миниуджытӕн уарзондзинадимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Хуыцауы тыххӕй та Библийы фыст ис: «Йегъовӕ у рӕстаг Хуыцау, уый уарзы раст хъуыддӕгтӕ» (Псалом 11:7). Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕхи тыххӕй дзуры: «Ӕз, Йегъовӕ, уарзын рӕстдзинад» (Исай 61:8). Нӕ уарзӕгой Хуыцау алкӕддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайы, уый нын тынг ӕхсызгон у! (Йереми 9:24).

Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстӕй ӕвзары

9–11. а) Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадимӕ куыд баст у? б) Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй куыд зыны, рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый?

9 Йегъовӕйӕн йӕ рӕстдзинадмӕ дӕр йӕ иннӕ диссаджы миниуджытау фау ӕрхӕссӕн нӕй. Моисей Йегъовӕйы скадджын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:3, 4). Йегъовӕ алы хъуыддаг дӕр ӕвзары рӕстӕй ӕмӕ нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн вӕййы, нӕдӕр – ӕгӕр карз.

10 Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый ӕнгом баст у, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уыимӕ. Псалом 116:5 стихы фыст ис: «Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау, нӕ Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Ацы дыууӕ миниуӕджы кӕрӕдзи нӕ хъыгдарынц. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕ уыцы миниуӕгӕй йӕ рӕстдзинад ӕгӕр карз уаид. Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уыцы иу рӕстӕг фӕлмӕнзӕрдӕ дӕр кӕй у ӕмӕ рӕстӕй дӕр кӕй фӕархайы. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

11 Адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ туджы тӕригъӕд рахастой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты аккаг сты (Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн тӕригъӕдджын адӕймаджы мӕлӕт ӕхсызгон нӕу. Йегъовӕ у «хатыргӕнаг, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау» (Нееми 9:17). Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдмӕ йӕ бон куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын нӕу. Уӕдӕ, йӕ туджы тӕригъӕд чи рахаста, уыдонмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара? Уый базонӕн ис Библийӕ – Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста. Уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 14-ӕм сӕрӕй. Йегъовӕ афтӕ кӕй бакодта, уымӕй равдыста, рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у. Ахӕм стыр аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы ныххатыр кӕны, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахизы, афтӕмӕй (Ромӕгтӕм 3:21–26).

Йегъовӕйы уарзӕм, рӕстаг кӕй у, уый тыххӕй

12, 13. а) Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый тыххӕй нӕ цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм? б) Давид цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у?

12 Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй дзы тӕрсгӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Библийӕ базонӕн ис, кӕд Йегъовӕ рӕстӕй фӕархайы, уӕддӕр уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

13 Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл у ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион. Уый хорз зыдта псаломзарӕггӕнӕг Давид. Йӕ цардыл ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд? Давид загъта: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн. Ӕнустӕм сӕ хъахъхъӕндзӕн» (Псалом 37:28). Ацы ныхӕстӕ нӕ стыр ныфс уадзынц. Хуыцау никуы ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны. Рӕстаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ ныл кӕй тыхсдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:7, 8).

14. Йегъовӕ израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй куыд зыны, ӕххуысхъуаг адӕмыл кӕй тыхсы, уый?

14 Хуыцау рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ тынг тыхсы, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы адӕмыл. Уый бӕрӕг у, израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй. Зӕгъӕм, бӕлвырд амындтӕ радта, цӕмӕй сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн уыдаид, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уый (Дыккаг закъон 24:17–21). Йегъовӕ хорз зыдта, куыд зын цӕрӕн уыди, ӕнӕ фыдӕй кӕнӕ ӕнӕ сӕрыхицауӕй чи баззад, уыдонӕн. Уымӕ гӕсгӕ-иу йӕхӕдӕг сси сӕ Фыд ӕмӕ сӕ Хъахъхъӕнӕг ӕмӕ-иу «рӕстӕй тӕрхон кодта сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн»a (Дыккаг закъон 10:18; Псалом 68:5). Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, фӕкӕсынхъуаг сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты куы ’фхӕрат, «уӕд сын ӕз сӕ дзыназын ӕнӕмӕнг фехъусдзынӕн, ӕмӕ уӕд мӕ маст ссудздзӕн» (Рацыд 22:22–24). Йегъовӕ уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Фӕлӕ, иннӕты ӕнаххосӕй чи фефхӕры, уыцы адӕммӕ йӕ маст рафыцы, уӕлдайдӕр та лӕмӕгъ ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны куы фефхӕрынц, уӕд (Псалом 103:6).

15, 16. Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

15 Йегъовӕйы тыххӕй Дыккаг закъоны 10:17 стихы фыст ис: «Уый хъулон никӕй кӕны ӕмӕ гӕртам нӕ исы». Йегъовӕ зӕххон хицӕутты хуызӕн нӕу. Уыдонӕй бирӕтӕ хъулон митӕ фӕкӕнынц хъӕздгуытӕн ӕмӕ зындгонд адӕмӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕппындӕр никӕй хъулон кӕны. Зӕгъӕм, ӕрмӕст кӕмӕндӕрты нӕ дӕтты уый бар, цӕмӕй йын лӕггад кӕной ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны фадат уа. Библийы фыст ис: «Алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уыцы диссаджы фадат ис алы адӕймагӕн дӕр, ӕмӕ уӕлдай нӕу, иннӕтӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсынц, йӕ буары хуыз цавӕр у кӕнӕ цы бӕстӕйы цӕры, уый. Уӕдӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау куыннӕ у?!

16 Йегъовӕ рӕстаг кӕй у, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг у? Йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты чи ахизы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй. Ууыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

Йегъовӕ фыдгӕнджыты ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн

17. Хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау нӕу?

17 Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕной: «Кӕд Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ нӕ бары, уӕд адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ уыйбӕрц хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы?» Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау нӕу. Хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры Йегъовӕйы коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй. Фӕлӕ тагъд хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн (Дыккаг закъон 32:5).

18, 19. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ фыдгӕнджытӕн ӕнустӕм кӕй нӕ быхсдзӕн?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисы, хорз зӕрдӕ кӕмӕн ис ӕмӕ, йӕ хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, уыдонмӕ. Фӕлӕ йын адӕм йӕ сыгъдӕг ном кӕй ӕгад кӕнынц, уымӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн (Псалом 74:10, 22, 23). Рӕстдзинады Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Йӕ коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн – цы сын ӕмбӕлы, уый сын бакӕндзӕн. Йегъовӕ у «тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст... фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (Рацыд 34:6, 7). Раджы заманты дӕр Йегъовӕ фыдгӕнджыты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафхӕрдта.

19 Зӕгъӕм, Йегъовӕ израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бакодта, уӕддӕр йӕ ныхасы сӕрты бирӕ хӕттыты ахызтысты. Кӕд-иу сӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой, уӕддӕр сыл йӕ къух уайтагъд нӕ систа (Псалом 78:38–41). Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй-иу сын фадат радта, цӕмӕй аивтаиккой. Лӕгъстӕ сын кодта: «Мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ, фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза ӕмӕ цӕра, уый. Ныууадзут, ныууадзут уе ’взӕр фӕндӕгтӕ. Цӕмӕн хъуамӕ фесӕфат, о Израилы адӕм?» (Йезекил 33:11). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕм йӕ пехуымпарты арвыста, цӕмӕй сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ сӕ фылдӕрмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ нымады дӕр нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтыл не ’рфӕсмон кодтой. Ӕппынфӕстаг сӕ Йегъовӕ се знӕгты къухмӕ радта, цӕмӕй равдыстаид, сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уый (Нееми 9:26–30).

20. а) Израилӕгты хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? б) Библийы домбай Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ кӕй амоны, уый раст цӕмӕн у?

20 Израилӕгты хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Мах базыдтам, Йегъовӕ алы хӕрам хъуыддаг дӕр кӕй уыны ӕмӕ, адӕм ахӕм митӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ кӕй риссы (Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Стӕй ма базыдтам, Йегъовӕйы кӕй фӕнды фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонмӕ. Уый нӕ стыр ныфс уадзы. Уымӕй уӕлдай ма базыдтам, тӕрхон рахӕссыныл тагъд кӕй нӕ фӕкӕны ӕмӕ адӕмӕн фадат кӕй ратты, цӕмӕй аивой. Йегъовӕ фӕразон кӕй у, уый тыххӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ фыдгӕнджыты никуы фесафдзӕн. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Израилӕгты хабарӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй йӕ фӕразондзинадӕн кӕрон ис. Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Адӕмӕй уӕлдай Йегъовӕ нӕ тӕрсы фыдгӕнджытӕн бауайдзӕф кӕнын. Уый алкӕддӕр рӕстдзинады фарс вӕййы. Библийы домбай амоны Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕb. Ӕмӕ цӕмӕн, уый ныр хуыздӕр ӕмбарӕм (Йезекил 1:10; Раргомад 4:7). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ зӕххыл хӕрамдзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Йегъовӕ куыд тӕрхон кӕны, уый цыбыртӕй зӕгъӕн ис афтӕ: кӕм хъӕуы, уым вӕййы фидар, гӕнӕн кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым та вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕ (2 Петры 3:9).

Баввахс у рӕстдзинады Хуыцаумӕ

21. Йегъовӕйы тӕрхӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?

21 Йегъовӕйы тӕрхӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ дурзӕрдӕ тӕрхонгӕнӕг у ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджыты бафхӕрын фӕфӕнды. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, фӕлӕ уыимӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй нӕ халы ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн, хуыздӕр цы у, уый кӕй аразы. Йегъовӕ у рӕстаг Фыд ӕмӕ рӕстдзинады фарс фидар лӕууы, фӕлӕ, йе ’ххуыс кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы (Псалом 103:10, 13).

22. Йегъовӕйы фӕрцы нӕм цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

22 Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ рӕстдзинад ӕрмӕст уымӕй кӕй нӕу бӕрӕг, ӕмӕ ӕвзӕргӕнджыты бафхӕры. Алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн – ӕнӕкӕрон цард, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы дунейы (2 Петры 3:13). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы фесафыныл нӕ архайы, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕна, ууыл. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ рӕстдзинад цы у, уый хуыздӕр куы ӕмбарӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Иннӕ сӕрты лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ацы рӕсугъд миниуӕг куыд ӕвдисы, ууыл.

a Йегъовӕ сидзӕр лӕппутыл дӕр ӕмӕ сидзӕр чызджытыл дӕр тынг кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у Салпаады чызджыты хабарӕй. Уыдонӕн сӕ фыд амард, ӕфсымӕр та сын нӕ уыд. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, цӕмӕй Салпаады бынтӕ йӕ чызджытӕн радтаиккой. Уыцы уынаффӕ израилӕгтӕн закъон сси ӕмӕ сидзӕр чызджыты бартӕ хъахъхъӕдта (Нымӕцтӕ 27:1–8).

b Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи абарста домбаимӕ, мӕнгард израилӕгтӕн цы тӕрхон рахаста, уый куы ӕххӕст кодта, уӕд (Йереми 25:38; Оси 5:14).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Йереми 18:1–11. Йегъовӕ Йеремийӕн куыд бамбарын кодта, тӕрхон рахӕссыныл тагъд кӕй никуы фӕкӕны, уый?

  • Аввакум 1:1–4, 13; 2:2–4. Йегъовӕ Аввакумӕн куыд бамбарын кодта, хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уымӕ ӕнустӕм ӕнцад кӕй нӕ кӕсдзӕн?

  • Захари 7:8–14. Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

  • Ромӕгтӕм 2:3–11. Йегъовӕ хицӕн адӕймӕгтӕн ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн тӕрхон цӕмӕ гӕсгӕ фӕкӕны?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын