Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 25 сӕр, 250–259 фф.
  • «Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны?
  • Йегъовӕ Израилы адӕмӕн тӕригъӕд кодта
  • Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр тӕригъӕд кӕны
  • Йегъовӕ тӕригъӕд кӕд нал фӕкӕны
  • Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Уацамынды фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • «Хуыцау у уарзондзинад»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Тӕригъӕд кӕнут «алыхуызон адӕмӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 25 сӕр, 250–259 фф.
Сылгоймаг кӕмӕдӕр тӕригъӕдгӕнгӕйӕ кӕсы.

25 СӔР

«Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у»

1, 2. а) Мад йӕ хъӕбулы кӕуын куы айхъусы, уӕд куыд бакӕны? б) Мадӕй тӕригъӕдгӕнагдӕр чи у?

ӔМБИСӔХСӔВ сывӕллоны кӕуын ссыд. Мад уайтагъд фехъал. Йӕ хъӕбулы райгуырдӕй фӕстӕмӕ адджын фынӕй никуыуал бакодта. Фылдӕр хатт мад сывӕллонӕн йӕ куыдӕй базоны, ӕххормаг у, хъӕбысмӕ сисын ӕй хъӕуы ӕви йӕ ӕндӕр исты хъӕуы, уый. Фӕлӕ цӕйфӕнды тыххӕй ма кӕуа, уӕддӕр мадӕн йӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууы, ӕмӕ уайтагъд йӕ уӕлхъус алӕууы ӕмӕ йӕм базилы.

2 Мад, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уыцы хъӕбулӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уымӕй тыхджындӕр ӕнкъарӕн адӕймаг нӕ зоны. Фӕлӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ ноджы тӕригъӕдгӕнагдӕр у. Уыцы рӕсугъд миниуӕг цы у, уый хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны ӕмӕ Хуыцау уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы, ууыл.

Тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны?

3. «Тӕригъӕд кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый цӕмӕ амоны?

3 Библийы ӕмбӕлы, сӕ хъуыды «тӕригъӕд кӕнын» кӕмӕн у, цалдӕр ахӕм дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырды. Уыдонӕй иу у дзуттаг дзырд раха́м. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, уыцы дзырд ӕвдисы, кӕй уарзӕм, ахӕм адӕймаг куы фӕхъизӕмар кӕны кӕнӕ йӕ не ’ххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд нӕ зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕн сӕвзӕры, уый. Йегъовӕ ацы дзуттаг дзырдӕй спайда кодта, куыд тынг нын тӕригъӕд кӕны, уый равдисынӕн. Ацы дзырд ӕнгом баст у дзырд «хуылф»-имӕ ӕмӕ ма йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис, «мад куыд фӕтӕригъӕд кӕны, афтӕ»a (Рацыд 33:19; Йереми 33:26).

Мад, йӕ сывӕллон йӕ хъӕбысы, афтӕмӕй.

«Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад... ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста», уыцы сывӕллоны?

4, 5. Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый Библи цӕимӕ бары?

4 Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый Библи бары, мад йӕ сывӕллонӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уыимӕ. Исайы 49:15 стихы фыст ис: «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна [раха́м]? Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн тынг кӕй тӕригъӕд кӕны. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

5 Мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ӕххормагӕй ныууадза ӕмӕ йӕм ма базила, уый нӕ, ӕвӕццӕгӕн, уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Ноггуырдӕн йӕ бон ӕппындӕр ницы вӕййы, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ мад хъуамӕ йӕ фарсмӕ уа, рӕвдауа йӕ ӕмӕ йӕм зила. Фӕлӕ, хъыгагӕн, иуӕй-иу мадӕлтӕ сӕ сывӕллӕтты мӕт ӕппындӕр нӕ кӕнынц, уӕлдайдӕр та ацы «тынг уӕззау рӕстӕг», уымӕн ӕмӕ бинонтӕ ’хсӕн уарзондзинад нал ис (2 Тимофеймӕ 3:1, 3). Фӕлӕ Йегъовӕ зӕгъы: «Ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн». Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна. Йегъовӕ нын куыд тӕригъӕд кӕны, уый ницӕимӕ ис абарӕн, мад йӕ сывӕллонӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, суанг уыимӕ дӕр. Исайы 49:15 стихы фӕдыл иу библииртасӕг афтӕ уый тыххӕй загъта: «Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уый Дзуттаг Фыстыты ацы стих тынг хорз ӕвдисы, чи зоны йӕ ацы стихӕй хуыздӕр ӕндӕр никӕцы стих ӕвдисы».

6. Ӕнӕххӕст адӕмӕй бирӕтӕ тӕригъӕд кӕнын цавӕр миниуӕгыл нымайынц, фӕлӕ Йегъовӕ та цы дзуры?

6 Тӕригъӕдгӕнаг чи у, уый цымӕ лӕмӕгъ адӕймаг у? Ӕнӕххӕст адӕмӕй афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Зӕгъӕм, Йесойы заман чи цард, иу ахӕм зындгонд философ, Сенекӕ, загъта, иннӕтӕн ӕрмӕст лӕмӕгъ адӕм кӕй фӕтӕригъӕд кӕнынц. Сенекӕ дзырдта, зӕгъгӕ, ӕппӕты хуыздӕр у, цӕмӕй адӕймаг маст дӕр ма кӕна ӕмӕ цин дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зондджын адӕймагӕн йӕ бон у баххуыс кӕнын, зын уавӕры чи ис, уымӕн, фӕлӕ йын хъуамӕ тӕригъӕд ма кӕна, кӕннод йӕ зӕрдӕйы фарн нал уыдзӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ, ома ӕрмӕст йӕхиуыл чи хъуыды кӕны, уыдон, тӕригъӕд кӕнын нӕ зонынц. Фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нӕу! Йӕ Ныхасы нын дзуры, «фӕлмӕн уарзтӕй [нӕ] кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иаковы 5:11). Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй тӕригъӕд кӕнын лӕмӕгъ адӕймаджы миниуӕг нӕу, фӕлӕ у тыхджын адӕймаджы миниуӕг. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ уарзӕгой ныййарӕгау уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы, уымӕ.

Йегъовӕ Израилы адӕмӕн тӕригъӕд кодта

7, 8. Израилӕгтӕ Египеты куыд хъизӕмар кодтой ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ цы сарӕзта?

7 Йегъовӕ тынг тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый бӕрӕг у, Израилы адӕмӕн куыд уыди, уымӕй. Иосифы мӕлӕты фӕстӕ цалдӕр милуан израиладжы Египеты цагъартӕ систы, ӕмӕ сӕ египетӕгтӕ хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой. «Тыхкуыстӕй сын сӕ цард сӕнад кодтой – аразын сын кодтой ӕлыджы змӕст ӕмӕ самандуртӕ, кусын сын кодтой быдыры дӕр» (Рацыд 1:11, 14). Израилӕгтӕ сӕ фыртыхстӕй Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзынӕзтой. Цымӕ сӕ дзыназынмӕ хъусгӕйӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куыдтӕ кодта ӕмӕ цы сарӕзта?

8 Йӕ зӕрдӕ сыл фӕрыст. Уый загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстдарджытӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад кӕсын ӕмӕ сын сӕ дзыназынмӕ хъусын. Ацы чиныджы 24-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн зын куы вӕййы, уӕд зын вӕййы йӕхицӕн дӕр. Йегъовӕйӕн йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ ӕрмӕст рисгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма сын ӕххуыс дӕр бакодта. Исайы 63:9 стихы кӕсӕм: «Кӕй сӕ уарзта ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сӕ йӕхӕдӕг фӕстӕмӕ балхӕдта». Йӕ «фидар къухӕй» сӕ Египетӕй ракодта (Дыккаг закъон 4:34). Уый фӕстӕ сын ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодта.

9, 10. а) Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ӕрцардысты, уый фӕстӕ дӕр-иу сӕ Йегъовӕ цӕмӕн фервӕзын кодта? б) Йеффайы рӕстӕг Йегъовӕ израилӕгты кӕмӕй фервӕзын кодта ӕмӕ цӕмӕн?

9 Цымӕ Йегъовӕ Израилы адӕмӕн никуыуал фӕтӕригъӕд кодта? Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕд-иу арӕх Хуыцауы коммӕ нӕ кастысты ӕмӕ-иу уый тыххӕй бӕллӕхы бахаудысты. Фӕлӕ та-иу стӕй куы ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын куы райдыдтой, уӕд та-иу сӕ фервӕзын кодта. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл... йӕ зӕрдӕ рысти» (2 Азфыстыты 36:15; Тӕрхонгӕнджыты 2:11–16).

10 Ӕркӕсӕм, Йеффайы рӕстӕг цы ’рцыди, уымӕ. Израилӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сӕ аммонӕгтӕ ӕфхӕрдтаиккой. Ӕмӕ афтӕ уыд 18 азы дӕргъы. Ӕппынфӕстаг израилӕгтӕ ӕрфӕсмон кодтой. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ райдыдтой, цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ сӕм уыди, уыдон сафын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ йӕ уд нал фӕрӕзта Израилы тӕригъӕдмӕ кӕсын» (Тӕрхонгӕнджыты 10:6–16). Йӕ адӕм зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый хъуыддагӕй куы равдыстой, уӕд сӕ тӕригъӕдмӕ кӕсын йӕ бон нал уыди. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йеффайы къухӕй се знӕгтӕй фервӕзын кодта (Тӕрхонгӕнджыты 11:30–33).

11. Йегъовӕ Израилы адӕмӕн куыд уыди, уымӕй нӕ бон цы у базонын, тӕригъӕд кӕнын цы у, уый тыххӕй?

11 Тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны, уый тыххӕй нӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ Израилы адӕмӕн куыд уыди, уымӕй? Иу уый, ӕмӕ тӕригъӕд кӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдоныл мӕт кӕнай. Уӕлдӕр цы цӕвиттон ӕрхастам, уый хорз ӕвдисы, мадӕн йӕ бон кӕй нӕ вӕййы ӕнцад бадын, йӕ сывӕллон куы фӕкӕуы уӕд, уымӕн ӕмӕ йын тӕригъӕд фӕкӕны. Йегъовӕмӕ дӕр йӕ адӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзыназынц, уӕд сын фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ сын баххуыс кӕны. Иннӕ та уый, ӕмӕ иннӕтӕн чи тӕригъӕд кӕны, уый лӕмӕгъ схонӕн нӕй. Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй-иу сӕ се знӕгтӕй фервӕзын кодта. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕрмӕстдӕр иумӕ райсгӕйӕ тӕригъӕд кӕны?

Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр тӕригъӕд кӕны

12. Йегъовӕйы зӕрдӕ алкӕуыл дӕр кӕй риссы, уый Закъонӕй куыд у бӕрӕг?

12 Хуыцауы зӕрдӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй риссы, уый бӕрӕг у, Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, мӕгуыртыл куыд тынг тыхсти, ууыл. Йегъовӕ зыдта, ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ӕрцыдаид, уӕд гӕнӕн кӕй уыд, ӕмӕ израилӕгтӕй исчи смӕгуыр уыдаид. Ахӕм адӕймагмӕ израилӕгтӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой? Йегъовӕ сын бафӕдзӕхста: «Де ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ-иу дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разын. Цы йӕ хъӕуы, уый йын ӕнӕмӕнгӕй ратт, ӕмӕ йын ӕй куы дӕттай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕйы ӕвгъау ма кӕсӕд. Уый тыххӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн дӕ алы хъуыддаджы дӕр, цыфӕнды ма аразай, уымӕн» (Дыккаг закъон 15:7, 10). Йегъовӕ ма израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ хуымтӕ суанг сӕ кӕрӕтты онг ма ныккарстаиккой ӕмӕ-иу дзы цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон-иу ма ӕрӕмбырд кодтаиккой. Уыцы ӕфсиртӕ уыдысты мӕгуыртӕн (Левит 23:22; Руф 2:2–7). Израилӕгтӕ-иу ацы закъӕттӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд-иу мӕгуыргур цӕуын никӕй хъуыди. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ тынг кӕй тӕригъӕд кӕны, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн.

13, 14. а) Йегъовӕ нӕ алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы, уый Давиды ныхӕстӕй куыд у бӕрӕг? б) «Зӕрдӕсаст» ӕмӕ «ныфссаст» чи у, уыдонмӕ Йегъовӕ хӕстӕг кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?

13 Нӕ уарзӕгой Хуыцау махӕй алкӕуыл дӕр тынг тыхсы. Цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон иууылдӕр тынг хорз кӕй зоны, ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ. Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:15, 18). Иу библииртасӕг бамбарын кодта, «зӕрдӕсаст» ӕмӕ «ныфссаст» чи у, уыдон кӕй сты, йӕ рӕдыдтыты тыххӕй йӕ ныфс кӕмӕн асӕтты ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг чи фӕкӕсы, ахӕм адӕм. Уыдонмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ тынг дард у ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сыл тыхса. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕхи кӕй нӕ атигъ кӕны, йӕхимӕ ницӕйаг чи фӕкӕсы уыдоныл. Нӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау зоны, ахӕм рӕстӕг нӕ йе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр кӕй фӕхъӕуы, ӕмӕ нӕ фарсмӕ вӕййы.

14 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Америкӕйы Иугонд Штатты иу сылгоймагӕн йӕ дыууӕаздзыд лӕппуйӕн йӕ улӕфт ӕхгӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ рынчындонмӕ аскъӕфта. Дохтыртӕ сывӕллоны куы федтой, уӕд мадӕн загътой, лӕппу рынчындоны кӕй хъуамӕ баззайа. Цымӕ уыцы ӕхсӕв мад кӕм арвыста? Рынчындоны, йӕ фырты уӕлхъус! Йӕ гыццыл лӕппу рынчын уыд, ӕмӕ ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаид! Мад афтӕ кӕй бакодта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ скодта (Райдиан 1:26). Мах фидарӕй зонӕм, мадӕн йӕ сывӕллонӕн йӕ бон цас у саразын, Йегъовӕ нын уымӕй фылдӕр кӕй сараздзӕн. Псалом 34:18 стихы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц, «зӕрдӕсаст» кӕнӕ «ныфссаст» куы вӕййӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ уарзӕгой фыдау «хӕстӕг» кӕй вӕййы. Уый нын алкӕддӕр нӕ рыст фембары ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы.

15. Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны?

15 Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны? Цы нӕ тыхсын кӕны, уымӕй нӕ алы хатт нӕ фервӕзын кӕны. Фӕлӕ дзы ӕххуыс чи куры, уыдонӕн алыхуызӕтты баххуыс кӕны. Йӕ Ныхас Библийы ис, цыфӕнды уавӕры дӕр нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ. Ӕмбырды та ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕ – Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ. Уыдон нын куы феххуыс кӕнынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмой (Иаковы 5:14, 15). Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» ӕмӕ ратты «сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн» (Псалом 65:2; Лукайы 11:13). Уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы схайджын вӕййӕм, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй фидар лӕууӕм, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон не скӕна, уӕдмӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уыцы стыр лӕвӕртты тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм! Уӕдӕ ма рох кӕнӕм, Йегъовӕ нын ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы кӕй ӕмбарын кӕны, тынг нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уый.

16. Йегъовӕ нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн цы у ӕмӕ нӕ уый алкӕмӕн дӕр цӕуыл дзурӕг у?

16 Йегъовӕ нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн у, йӕ уарзон Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый. Йегъовӕ афтӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна. Рох дӕ макуы уӕд, Йегъовӕ Йесойы нывондӕн дӕу тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста, уый. Ӕмӕ, Аргъауӕг Иоанны фыд Захари куыд загъта, афтӕмӕй уыцы нывонд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг» у (Лукайы 1:78).

Йегъовӕ тӕригъӕд кӕд нал фӕкӕны

17–19. а) Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ адӕймаг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ын тӕригъӕд кӕндзӕн? б) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕуылнӕуал фӕтӕригъӕд кодта?

17 Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чифӕнды цыфӕнды куы араза, уӕддӕр ын алы хатт дӕр тӕригъӕд кӕндзӕн? Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй нӕ тӕригъӕд кӕны, йӕ цӕсты раст цы нӕу, ӕдзух уыдӕттӕ чи аразы, уыдонӕн (Дзуттӕгтӕм 10:28). Цӕмӕн, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм Израилы адӕмы хабармӕ.

18 Кӕд Йегъовӕ израилӕгты се знӕгтӕй бирӕ хӕттыты фервӕзын кодта, уӕддӕр сӕ ӕппынфӕстаг нал ирвӕзын кодта. Уыдон ӕлгъаг гуымирытӕн куывтой ӕмӕ ма сӕ суанг Йегъовӕйы кувӕндонмӕ дӕр бахастой! (Йезекил 5:11; 8:17, 18). Уымӕй уӕлдай ма Библийы кӕсӕм: «Уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой, йӕ пехуымпартыл ын худтысты ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди» (2 Азфыстыты 36:16). Израилӕгтӕ афтӕ хивӕнд систы, ӕмӕ уый гӕнӕн нал уыд, цӕмӕй сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодтаид. Сӕ митӕм кӕсгӕйӕ сӕм йӕ маст рафыхт. Ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд?

19 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн нал тӕригъӕд кодта. Загъта: «Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, нӕ сыл бацауӕрддзынӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн удӕгасӕй» (Йереми 13:14). Знӕгтӕ Иерусалим ӕмӕ кувӕндон ныппырх кодтой, израилӕгты та Вавилонмӕ уацары акодтой. Хъыгагӕн, адӕм хатт афтӕ хивӕнд свӕййынц, ӕмӕ уый гӕнӕн нал вӕййы, цӕмӕй сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кӕна (Йеремийы хъарӕг 2:21).

20, 21. а) Йегъовӕ куы аскъуыддзаг кӕна, фыдгӕнджытӕн тӕригъӕд кӕнын кӕй ницыуал пайда у, уӕд цы ’рцӕудзӕн? б) Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ иннӕ сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕ нӕ аивта. Адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕны, уый тыххӕй йе ’вдисӕнты ӕрвиты, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕной (Матфейы 24:14). Рӕстзӕрдӕ адӕймӕгты Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын куы бафӕнды, уӕд сын баххуыс кӕны йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар бамбарынӕн (Хъуыддӕгтӕ 16:14). Фӕлӕ уыцы хабар ӕнустӕм нӕ хъусын кӕндзысты. Йегъовӕйы тӕригъӕдгӕнаг схонӕн нӕ уаид, фыдгӕнджыты ӕнустӕм куы уадзид, цӕмӕй иннӕты цардӕй хынджылӕг кӕной ӕмӕ сӕ хъизӕмарӕй марой. Йегъовӕ куы аскъуыддзаг кӕна, ӕмӕ сын тӕригъӕд кӕнын ницыуал пайда у, уӕд ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзӕн. Фӕлӕ афтӕ бакӕндзӕн, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй. Афтӕмӕй йӕ «сыгъдӕг ном» скадджын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзӕн (Йезекил 36:20–23). Йегъовӕ зӕххӕй фыддзинад фесафдзӕн ӕмӕ ног дуне ралӕудзӕн. Фыдгӕнджыты тыххӕй Хуыцау загъта: «Ӕмӕ сын ӕз дӕр нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ сыл нӕ бацауӕрддзынӕн. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн» (Йезекил 9:10).

21 Фӕлӕ уал нырма Йегъовӕ тӕригъӕд кӕны, ацы фыддунеимӕ фесӕфынӕй тӕссаг кӕмӕн у, суанг уыдонӕн дӕр. Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый хорз зыны, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уымӕй. Ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ бон у уымӕй спайда кӕнын. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны, уый Библийы ӕвдыст цӕуы рӕсугъд абарстыты фӕрцы. Уыдонӕй цалдӕрыл иннӕ сӕры аныхас кӕндзыстӕм.

a Диссаг уый у, ӕмӕ Псалом 103:13 стихы дзуттаг дзырд раха́м амоны, фыд йӕ сывӕллӕттӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уымӕ.

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Йереми 31:20. Йегъовӕ йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ды цы зӕрдӕ дарыс?

  • Иоил 2:12–14, 17–19. Цӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кодтаид, уый тыххӕй сӕ цы хъуыди саразын ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Ионӕ 4:1–11. Йегъовӕ Ионӕйӕн куыд бамбарын кодта, тӕригъӕд кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый?

  • Дзуттӕгтӕм 10:26–31. Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, ӕмӕ, цыфӕнды ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕддӕр нын хатыр кӕндзӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын