Уацамынды фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм
1 Йесо ӕнӕбафиппайгӕ нӕ уыд, чи йӕм хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ «ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты» (Матф. 9:36, НТ). Адӕмы Иегъовӕйы уагӕвӕрдтыл ахуыр кӕнгӕйӕ, Йесо уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой, удӕнцой сын хаста ӕмӕ сын ӕххуыс кодта Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Йӕ лӕггадыл ын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд йӕ зондахастыл ахуыр кӕндзыстӕм ӕмӕ уӕд уацамынды бӕрӕг уыдзӕн, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый.
2 Ахъуыды ма кӕнӕм, Йесо йӕхи куыд дардта, ныфссаст адӕм-иу ӕм ӕххуысмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд (Лук. 5:12, 13; 8:43–48). Семӕ уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сӕ алкӕй уавӕр дӕр ӕмбӕрста (Марк. 7:31–35). Адӕмӕн цы зӕрдӕйы уаг уыд, уый уыдта ӕмӕ сын аргъ кодта. Стӕй адӕймагӕн йӕ фыццаг бакастмӕ гӕсгӕ дӕр нӕ тӕрхон кодта (Лук. 7:36–40). Ӕцӕгӕйдӕр, Йесо ӕххӕстӕй ӕвдыста Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад.
3 «Тӕригъӕд кодта». Уацамынды Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ уымӕн нӕ уыд, ӕмӕ уый йӕ хӕс уыд, фӕлӕ адӕмӕн «тӕригъӕд кодта» (Марк. 6:34). Афтӕ мах дӕр абон адӕмӕн ӕрмӕст хъусын нӕ кӕнӕм, фӕлӕ ма нӕ фӕнды, цӕмӕй аирвӕзой. Уацамынды архайӕм бамбарын, адӕм ахӕм дзуапп цӕмӕн дӕттынц, уый. Цы сӕ тыхсын кӕны кӕнӕ цӕуыл мӕт кӕнынц? Мыййаг мӕнг дины разамонджытӕй фӕфыдӕнхъӕл сты кӕнӕ сын раст ахуырӕдтӕ нӕ амонынц? Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сыл кӕй тыхсӕм, уый сӕ, чи зоны баразӕнгард кӕна хорз хабармӕ байхъусынмӕ (2 Кор. 6:4, 6).
4 Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад зӕрдӕтӕ агайы. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Иу сылгоймаг тынг маст кодта, ӕвирхъау бӕллӕхы йӕ ӕртӕмӕйдзыд чызг кӕй фӕмард, ууыл. Дыууӕ Ӕвдисӕны йӕм дуар куы бахостой, уӕд сӕ мидӕмӕ бакодта, ӕрмӕстдӕр иу хъуыдыимӕ, цӕмӕй сын сбӕлвырд кӕна, Хуыцау бӕллӕхтӕ цӕмӕн уадзы, уый раст кӕй не ’мбарынц. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг загъта: «Афтӕ зӕрдиагӕй мӕм фӕхъуыстой ӕмӕ мын бирӕ фенцондӕр, ӕмӕ сразы дӕн, цӕмӕй та мӕм ӕрбацӕуой». Ды дӕр уацамынды кӕуылдӕриддӕр ӕмбӕлыс, уыдоныл фӕлмӕнзӕрдӕйӕ узӕлыс?
5 Фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ӕцӕг удӕнцой хӕсдзыстӕм. Афтӕмӕй кад кӕндзыстӕм нӕ «тӕригъӕдгӕнаг Фыд» Иегъовӕйӕн (2 Кор. 1:3, НД).