Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 30 сӕр, 300–309 фф.
  • «Цӕрут уарзгӕйӕ»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Цӕрут уарзгӕйӕ»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иннӕты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
  • Уарзондзинад цы у?
  • Уарзондзинад цы нӕ аразы?
  • «Ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг»
  • Ахуыр кӕн уарзондзинадыл
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Уарзондзинад – арфӕйаг миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Уарз, чи дӕ уарзы, уыцы Хуыцауы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Дӕ уарзондзинад ма ӕруазал уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 30 сӕр, 300–309 фф.
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Паддзахады залы хъӕлдзӕгӕй ныхӕстӕ кӕнынц.

30 СӔР

«Цӕрут уарзгӕйӕ»

1–3. Йегъовӕ куыд уарзы, иннӕты афтӕ уарзыныл куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

«РАЙСЫНӔЙ раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ацы ныхӕсты фӕрцы нӕ Йесо ахуыр кӕны иу ахсджиаг хъуыддагыл: иннӕты куы уарзӕм, уӕд уый нӕхицӕн уыдзӕн пайда. Иннӕтӕ нӕ куы фӕуарзынц, уӕд амондджын вӕййӕм, фӕлӕ ноджы амондджындӕр вӕййӕм, нӕхӕдӕг иннӕты куы фӕуарзӕм, уӕд.

2 Уый нӕ уӕларвон Фыдӕй хуыздӕр ничи зоны. Ацы хайы раздӕры сӕртӕй базыдтам, Йегъовӕ куыд уарзы, афтӕ ничи. Ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕй ничи цӕры, уымӕ гӕсгӕ уымӕй фылдӕр рӕстӕг уарзондзинад ничи ӕвдисы. Уӕдӕ Библи Йегъовӕйы «амондджын Хуыцау» кӕй хоны, уым диссагӕй ницы ис (1 Тимофеймӕ 1:11).

3 Нӕ уарзӕгой Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй архайӕм, алцӕмӕй дӕр уый хуызӕн куыд уӕм, ууыл, уӕлдайдӕр та, иннӕты куыд уарзӕм, уымӕй. Ефесӕгтӕм 5:1, 2 стихты фыст ис: «Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут, ӕмӕ... цӕрут уарзгӕйӕ». Йегъовӕ куыд уарзы, иннӕты афтӕ уарзыныл куы архайӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у. Йегъовӕ ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «кӕрӕдзи уарзӕм» (Ромӕгтӕм 13:8). Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр нӕ циныл цин ӕфтаудзӕн, уымӕн ӕмӕ зондзыстӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, уый. Фӕлӕ иннӕты ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма уарзӕм.

Иннӕты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

Ӕфсымӕр йӕ къух ӕрыгон ӕфсымӕры уӕхскыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ мидбылты худы.

Нӕ хотыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм

4, 5. Нӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Нӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕм ацы миниуӕг ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа. Не ’мчырыстӕтты куы нӕ уарзӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн семӕ хӕларӕй цӕрын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Йегъовӕйы цӕсты ницы уыдзыстӕм. Библийы фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, иннӕты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый.

5 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:34, 35). Йесойы ныхӕстӕ, «ӕз уӕ куыд бауарзтон», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕты Йесойау уарзӕм. 29-ӕм сӕрӕй базыдтам, Йесо нын фӕзминаг кӕй у, иннӕты куыд уарзта, уымӕй. Уый, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Мах дӕр иннӕты хъуамӕ афтӕ уарзӕм. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон дӕр уындзысты, кӕрӕдзийы ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм. Йесо мах куыд уарзы, кӕрӕдзи афтӕ куы уарзӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм.

6, 7. а) Иннӕты уарзын тынг ахсджиаг кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм? б) 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 стихты Павел сӕйраджыдӕр цӕй кой кӕны?

6 Ӕмӕ иннӕты куы нӕ уарзӕм, уӕд та? Апостол Павел загъта: «Уарзондзинад [мӕм] куы нӕ уа, уӕд ӕз зӕлланггӕнаг ӕрхуыйӕ кӕнӕ дзыгъал-мыгъулгӕнаг ӕрхуы тӕбӕгътӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:1). Зӕлланггӕнаг ӕрхуы ӕмӕ дзыгъал-мыгъулгӕнаг ӕрхуы тӕбӕгъы зӕллангӕй хъустӕ къуырма кӕнынц. Уый хорз абарст у. Иннӕты чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймаг у, йӕ цагъдмӕ хъусын кӕмӕн нӕ фӕцӕуы, ахӕм музыкалон инструменты хуызӕн. Ахӕм адӕймагӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын тынг зын вӕййы. Павел ма загъта: «Ахӕм уырнындзинад мӕм куы уа, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн хӕхтӕ дӕр иу ранӕй сисын ӕмӕ сӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:2). Иннӕты чи нӕ уарзы, уый цыфӕнды хорз хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕддӕр Йегъовӕйы цӕсты ницы уыдзӕн. Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕты уарзӕм.

7 Фӕлӕ нӕ бон куыд у ацы миниуӕг ӕвдисын? Уый базондзыстӕм апостол Павелы ныхӕстӕй, фыст сты 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 стихты. Ацы стихты сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы, кӕрӕдзи куыд хъуамӕ уарзӕм, ууыл, Хуыцау нӕ куыд уарзы кӕнӕ йӕ мах куыд уарзӕм, ууыл нӕ, фӕлӕ. Павел дзуры, иннӕты куы уарзӕм, уӕд цы араздзыстӕм ӕмӕ цы нӕ араздзыстӕм, уый тыххӕй.

Уарзондзинад цы у?

8. Фӕразондзинад нын куыд ӕххуыс кӕны?

8 «Уарзондзинад бирӕ фӕразы». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд семӕ фӕразон уыдзыстӕм (Колоссӕгтӕм 3:13). Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, алкӕй дӕр нӕ фӕразондзинад кӕй хъӕуы, ууыл. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу хатт нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕхъыг кӕндзыстӕм кӕнӕ та-иу нӕ уыдон фӕхъыг кӕндзысты. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм, уӕд кӕрӕдзийы рӕдыдтытӕ ницӕмӕ дардзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды фарн хъахъхъӕндзыстӕм.

9. Иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дарӕм, уый ӕвдисынӕн нын цавӕр фадӕттӕ ис?

9 «Уарзондзинад... у хӕларзӕрдӕ». Хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу семӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд сӕм хӕларзӕрдӕ дардзыстӕм ӕмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм сӕ фарсмӕ балӕууынмӕ, уӕлдайдӕр та, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ. Зӕгъӕм, ӕмбырды ацӕргӕтӕй чидӕр иунӕг у, ӕмӕ йӕ хъӕуы абӕрӕг кӕнын ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын. Йе та, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны кӕнӕ, йӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн кӕмӕн нӕ лӕггад кӕнынц, ахӕм хойы хъӕуы цавӕрдӕр ӕххуыс кӕнӕ та йын хъӕуы йӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Рынчын чи у кӕнӕ стыр зындзинӕдтыл чи сӕмбӕлд, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн фӕлмӕн ныхас фехъусын ӕхсызгон куыннӕ уыдзӕн! (Ӕмбисӕндтӕ 12:25; 17:17). Иннӕтӕн афтӕ ӕххуыс кӕныныл куы архайӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм (2 Коринфӕгтӕм 8:8).

10. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй рӕстдзинады фарс лӕууӕм ӕмӕ, раст цы у, уый дзурӕм, уый нын зын куы уа, уӕд дӕр?

10 «Уарзондзинад... цин кӕны рӕстдзинадыл». Ӕндӕр тӕлмацы ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Уарзондзинад... цингӕнгӕ слӕууы рӕстдзинады фарс». Иннӕты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды рӕстдзинады фарс лӕууын ӕмӕ «кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурын» (Захари 8:16). Зӕгъӕм, бирӕ кӕй уарзӕм, ахӕм адӕймаг стыр тӕригъӕд ракодта. Йегъовӕйы ӕмӕ уыцы адӕймаджы куы уарзӕм, уӕд, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ бакӕндзыстӕм. Цы сарӕзта, уый басусӕг кӕныныл нӕ архайдзыстӕм ӕмӕ афтӕ нӕ дзурдзыстӕм, стыр тӕригъӕд нӕ ракодта, зӕгъгӕ, ӕмӕ сайгӕ дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ кӕй уарзӕм, уыцы адӕймаг ӕвзӕр хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый нӕ уырнгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕ хорзмӕ кӕй бӕллӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндзӕн, цӕмӕй йын Хуыцау зонд бацамона ӕмӕ йӕ рӕдыд бамбара (Ӕмбисӕндтӕ 3:11, 12). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм ӕмӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ ма нӕ фӕнды, «алы хъуыддаджы дӕр... ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).

11. Уарзондзинад алцӕмӕн дӕр кӕй быхсы, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ ма аразӕм, иннӕтӕ куы фӕрӕдийынц, уӕд?

11 «Уарзондзинад... алцӕмӕн дӕр быхсы». Ацы ныхӕстӕн, «алцӕмӕн дӕр быхсы», зӕгъгӕ, комкоммӕ сӕ хъуыды у «алцыдӕр ӕмбӕрзы». 1 Петры 4:8 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны». Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм, уӕд сӕ хъӕндзинӕдты ӕмӕ сӕ рӕдыдтыты кой нӕ кӕндзыстӕм. Сӕ рӕдыдтытӕн сӕ фылдӕр сӕ койы аккаг дӕр нӕ вӕййынц. Ӕмӕ-иу сӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (Ӕмбисӕндтӕ 10:12; 17:9).

12. Апостол Павел куыд равдыста, Филимон раст кӕй бакӕндзӕн, уый йӕ фидарӕй кӕй уырныдта ӕмӕ Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 «Уарзондзинад... алцӕуыл дӕр ӕууӕнды». Ӕндӕр тӕлмац та зӕгъы, зӕгъгӕ, уарзондзинады «алкӕддӕр фӕнды хуыздӕрыл ӕууӕндын». Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хотыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕнӕууӕнк кӕнӕм ӕмӕ, алцыдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразынц, ууыл дызӕрдыг кӕнӕм. Не ’фсымӕрты куы уарзӕм, уӕд сыл ӕууӕнддзыстӕмa. Уымӕн хорз цӕвиттон у, Павел Филимонмӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕг. Филимонӕй йӕ цагъар Онисим алыгъд, фӕлӕ фӕстӕдӕр чырыстон сси. Павел Филимонмӕ ныффыста, цӕмӕй Онисимыл бацин кӕна, фӕстӕмӕ йӕм куы ӕрбаздӕха, уӕд. Павел ын уый тыххӕй нӕ аразын кодта, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй загъта, цӕмӕй йӕм хорз цӕстӕй ракӕса. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фидарӕй йӕ кӕй уырныдта, Филимон раст кӕй бакӕндзӕн: «Фыссын дӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонын, „нӕ“ мын кӕй нӕ зӕгъдзынӕ, стӕй зонын, цы дӕ курын, уымӕй дӕр фылдӕр кӕй сараздзынӕ» (21 стих). Мах дӕр не ’фсымӕрты куы уарзӕм ӕмӕ сыл куы ӕууӕндӕм, уӕд сын ӕххуыс кӕндзыстӕм сӕ хорз миниуджытӕ ӕвдисынӕн.

13. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, ныфс нӕ кӕй ис, не ’фсымӕртӕ-иу, растдӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕндзысты?

13 «Уарзондзинад... алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары». Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй сыл ӕрмӕст ӕууӕндгӕ нӕ кӕнӕм. Фӕлӕ ма нӕ ныфс ис, алкӕддӕр-иу, растдӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕндзысты, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’фсымӕр «ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза». Уӕд нӕ ныфс дардзыстӕм, баххуыс кӕнынмӕ йын чи хъава, уыдонмӕ кӕй байхъусдзӕн (Галатӕгтӕм 6:1). Кӕнӕ, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн сӕ уырнындзинад ногӕй кӕй сфидар уыдзӕн. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы фӕразонӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй (Ромӕгтӕм 15:1; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Бирӕ кӕй уарзӕм, суанг уыдонӕй дӕр исчи Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕна, уӕддӕр нӕ ныфс уыдзӕн, иубон йӕ рӕдыд кӕй бамбардзӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой ракодта, уыцы сӕфт фыртау (Лукайы 15:17, 18).

14. Ӕмбырды нӕ фидар фӕлӕууын цӕмӕн фӕхъӕуы ӕмӕ нын ахӕм уавӕрты уарзондзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?

14 «Уарзондзинад... алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы». Фидар куы лӕууӕм, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм, искӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм кӕнӕ зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, суанг уӕд дӕр. Арӕх зындзинӕдтӕ февзарӕм, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны аххосӕй, хатт та, нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй чидӕр цыдӕр кӕй загъта кӕнӕ кӕй сарӕзта, уый тыххӕй. Иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ иуӕй-иу хатт фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын сӕ ныхӕстӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цыдӕр раст нӕ аразынц. Йе та, ӕмбырды тынг кӕмӕн аргъ кӕнынц, ахӕм ӕфсымӕр йӕхи афтӕ дары, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, чырыстон афтӕ куыд хъуамӕ кӕна, зӕгъгӕ? Уыдӕтты тыххӕй ӕмбырд ныууадздзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм? Кӕд сӕ уарзӕм, уӕд нӕ! Куы сӕ уарзӕм, уӕд ӕфсымӕры рӕдыдтыты тыххӕй афтӕ не смӕсты уыдзыстӕм, цӕмӕй ӕрмӕст уымӕ нӕ, фӕлӕ ма суанг иннӕ хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр хорзӕй мацыуал уынӕм. Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнӕм, сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ-иу нӕ сӕ хъуыддӕгтӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕддӕр (Псалом 119:165).

Уарзондзинад цы нӕ аразы?

15. Иннӕтӕм цӕуылнӕ хъуамӕ хӕлӕг кӕнӕм ӕмӕ нын уарзондзинад куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

15 «Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны». Иннӕтӕм хъуамӕ ма хӕлӕг кӕнӕм, зӕгъӕм, сӕ исбоны, сӕ арфӕдзинӕдты кӕнӕ сӕ курдиӕтты тыххӕй. Кӕд хӕлӕггӕнаг стӕм, уӕд стӕм хиуарзон, ӕмӕ уый зиан хӕссы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Уыцы миниуӕгӕн йӕ рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмбырды фарн фехӕла. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм ма хӕлӕг кӕнӕм? (Иаковы 4:5). Уарзондзинад! Ацы рӕсугъд миниуӕг нӕм куы уа, уӕд цин кӕндзыстӕм, махӕй фылдӕр кӕмӕн ӕнтысы, уыдонимӕ (Ромӕгтӕм 12:15). Стӕй нӕ хӕлӕг кӕндзыстӕм, йӕ курдиӕтты тыххӕй кӕнӕ цыдӕр хорз кӕй сарӕзта, уый тыххӕй кӕмӕй ӕппӕлой, уыдонмӕ.

16. Кӕд нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм, уӕд нын нӕ лӕггады цы ӕнтысы, уымӕй цӕуылнӕ ӕппӕлдзыстӕм?

16 «Уарзондзинад... йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы». Уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд нӕ курдиӕттӕй кӕнӕ нын цы ӕнтысы, уыдӕттӕй не ’ппӕлдзыстӕм. Уацамынды нын цы ӕнтысы кӕнӕ ныл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, ӕдзух уыдӕттӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд, гӕнӕн ис, иннӕтӕн сӕ ныфс асӕтта. Чи зоны сӕм афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ уыдонӕн Йегъовӕ къаддӕр аргъ кӕны. Кӕй сӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕй не ’ппӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын цы ӕнтысы – уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы (1 Коринфӕгтӕм 3:5–9). Павел куыд загъта, афтӕмӕй уарзондзинад «йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы» кӕнӕ, ӕндӕр тӕлмацы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «йӕхицӕй, цы у, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕу». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ уыдонӕй хуыздӕр стӕм (Ромӕгтӕм 12:3).

17. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хиздзыстӕм?

17 «Уарзондзинад... чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны». Чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ чи кӕны, уымӕн йӕ митӕ вӕййынц ӕнӕфсарм ӕмӕ бӕрӕг вӕййы, иннӕтӕн кӕй нӕ аргъ кӕны. Йӕхи афтӕ кӕй фӕдары, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ никӕй уарзы, иннӕты мӕт ӕй нӕй ӕмӕ сыл йӕ митӕ куыд фӕзындзысты, уый йӕм нымады дӕр нӕу. Фӕлӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд хӕларзӕрдӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сыл тыхсӕм. Уыдзыстӕм уӕздан, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, нӕхи афтӕ дардзыстӕм ӕмӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн аргъ кӕндзыстӕм. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм, уӕд ахӕмӕй ницы араздзыстӕм, цӕмӕй-иу смӕсты уой кӕнӕ-иу нӕм фӕхъыг уой (Ефесӕгтӕм 5:3, 4).

18. Иннӕты чи уарзы, ахӕм адӕймаг цӕуылнӕ фӕдомы, цӕмӕй алцыдӕр, уый куыд фӕнды, афтӕ уа?

18 «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны». Ӕндӕр тӕлмацы та ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Уарзондзинад йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууы». Иннӕты чи уарзы, ахӕм адӕймаг афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ уымӕй растдӕр ничи у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алцыдӕр уа, уый куыд фӕнды, афтӕ. Иннӕтӕ ӕндӕрхуызон куы хъуыды кӕной, уӕд-иу нӕ ныттыххӕй уыдзӕн, цӕмӕй йӕ хъуыдыйыл сразы уой. Адӕймаг йӕхи афтӕ куы фӕдары, уӕд уый йӕ сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг вӕййы. Библийы фыст ис: «Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Кӕд не ’мчырыстӕтты ӕцӕгдӕр уарзӕм, уӕд сын сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм, ӕмӕ-иу гӕнӕн куы уа, уӕд-иу сын сӕ ныхасыл сразы уыдзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

19. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм, исчи-иу нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд?

19 «Уарзондзинад... уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы». Уарзондзинад иннӕты ныхӕстӕм кӕнӕ митӕм уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зын вӕййы. Фӕлӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд сӕм нӕ зӕрдӕйы маст нӕ хӕсдзыстӕм, куы-иу нӕ смӕсты кӕной, уӕд дӕр (Ефесӕгтӕм 4:26, 27). Ӕвзӕрӕй нын чи цы загъта кӕнӕ ракодта, уыдӕттӕ нӕ зӕрдыл нӕ дардзыстӕм, цыма сӕ искуы нӕхицӕн фысгӕ ныккодтам, уыйау. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн нӕ уарзӕгой Хуыцауы фӕзмын. 26-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ ныххатыр кӕны, уымӕн гӕнӕн куы вӕййы, уӕд. Цы нын ныххатыр кӕны, уый та ферох кӕны, ома нын нӕ рӕдыд нӕ цӕстмӕ никуыуал бадары ӕмӕ нӕ уый тыххӕй нал бафхӕры. Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй нӕ нымайы, уый тыххӕй дзы бузныг не стӕм?

20. Нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ уый тыххӕй зындзинӕдтӕ куы ӕвзара, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм?

20 «Уарзондзинад... раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны». Библийы ӕндӕр тӕлмацты ацы хъуыды у афтӕ: «Уарзондзинад нӕ фӕцин кӕны, исчи куы фӕрӕдийы, уӕд». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд, ӕвзӕр цы у, ууыл нӕ цин кӕндзыстӕм, ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм. Фӕлӕ нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ уый тыххӕй зындзинӕдтӕ куы ӕвзара, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм? Куы сӕ уарзӕм, уӕд нӕ цин кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 17:5). Цин кӕндзыстӕм, чи фӕрӕдыд, уый куы архайа, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уа.

«Ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг»

21–23. а) Павел афтӕ куы загъта, «уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? б) Ацы чиныджы фӕстаг сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

21 «Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн». Ацы ныхӕстӕй Павелы цы зӕгъын фӕндыд? Ацы стихы контекстӕй бӕрӕг у, Павел кӕй кодта, фыццаг чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы диссаджы курдиӕттӕй схайджын сты, уыдоны кой. Уыцы курдиӕттӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Хуыцау райгонд уыд, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдӕй. Фӕлӕ чырыстӕттӕй алкӕй бон нӕ уыд иннӕты дзӕбӕх кӕнын, пехуымпариуӕг кӕнын кӕнӕ ӕвзӕгтыл дзурын. Уӕвгӕ, уый афтӕ ахсджиаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы диссаджы курдиӕттӕ ӕппынфӕстаг хъуамӕ мауал уыдаиккой. Фӕлӕ хъуамӕ баззадаид иу цыдӕр, ӕмӕ уый алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон уыд йӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Уый уыцы курдиӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд ӕмӕ хъуамӕ «алкӕддӕр уыдаид». Павел ӕй схуыдта «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг» (1 Коринфӕгтӕм 12:31). Цымӕ цы уыд уыцы «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг»? Уарзондзинады фӕндаг.

22 Ӕцӕгдӕр, Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ, уыцы чырыстон уарзондзинадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ абон дӕр Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты базонӕн ис, кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц, уымӕй. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийы ахӕм уарзтӕй уарзынц. Уыцы уарзт уыдзӕн ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (Псалом 37:9–11, 29). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй «цӕрӕм уарзгӕйӕ». Уӕд нӕхиуыл бавзардзыстӕм, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у, уый. Уымӕй диссагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд мах дӕр нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйау ӕнустӕм цӕрдзыстӕм ӕмӕ алкӕй дӕр ӕнустӕм уарздзыстӕм.

Йегъовӕйы адӕмы базонӕн ис, сӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уымӕй

23 Ацы чиныджы мах бирӕ цыдӕртӕ базыдтам Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй. Базыдтам, йӕ тых, йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый. Мах аныхас кодтам, кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын, ууыл. Ныр та ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕйӕн куыд равдисон, кӕй йӕ уарзын, уый?» Ууыл дзырд цӕудзӕн фӕстаг сӕры.

a «Уарзондзинад... алцӕуыл дӕр [кӕй] ӕууӕнды», уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи иннӕтӕн сайын уадзӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕ хъус дарут, иуты иннӕты ныхмӕ чи кӕны ӕмӕ уӕ чи рӕдийын кӕны, уыдонмӕ ӕмӕ сӕм хӕстӕг ма цӕут» (Ромӕгтӕм 16:17).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • 2 Коринфӕгтӕм 6:11–13. Павӕлы ныхӕстӕ, «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

  • 1 Петры 1:22. Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕнӕхин ӕмӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм?

  • 1 Иоанны 3:16–18. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

  • 1 Иоанны 4:7–11. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын нӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн фӕнды?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын