Дӕ уарзондзинад ма ӕруазал уӕд
«Фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (МАТФ. 24:12).
1, 2. а) Матфейы 24:12 стихы фыст ныхӕстӕ фыццаг кӕмӕ хаудысты? б) Хъуыддӕгты чиныгӕй куыд зыны, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕ уарзондзинад ӕруазал кӕнын кӕй нӕ бауагътой, уый? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
ЙЕСО зӕххыл куы уыд, уӕд бамбарын кодта, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый» цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн. Цытӕ ранымадта, уыдонӕй иу уыд, «адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад [кӕй] ӕруазал уыдзӕн» (Матф. 24:3, 12). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ сӕхи хуыдтой Хуыцауы адӕм, фӕлӕ сӕ уарзондзинад ӕруазал, Хуыцауы нал уарзтой.
2 Уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕрӕн уыд ӕндӕр зондахаст. Уыдон «хъусын кодтой... Йесойы тыххӕй хорз хабар», уарзтой Хуыцауы, се ’фсымӕрты ӕмӕ ма суанг, рӕстдзинад чи нӕма базыдта, уыцы адӕмы дӕр (Хъуыд. 2:44–47; 5:42). Фӕлӕ, хъыгагӕн, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ уарзондзинад ӕруазал. Кӕцӕй йӕ зонӕм?
3. Иуӕй-иу чырыстӕттӕн сӕ уарзондзинад цӕмӕн ӕруазал уыдаид?
3 Фыццаг ӕнусы Ефесы чи цард, уыцы чырыстӕттӕн Йесо загъта: «Райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис» (Рарг. 2:4). Цымӕ афтӕ цӕмӕн рауадаид? Гӕнӕн ис, ӕмӕ Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕ фӕхъӕстӕ сты, сӕ алыварс цы хиуарзон адӕм цард, уыдоны зондахастӕй (Еф. 2:2, 3). Ефес уыди хъӕздыг горӕт, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ бухъцард кодтой. Ефесӕгтӕй бирӕтӕ уыдысты тынг ӕнӕгъдау ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дардтой. Фылдӕр сӕхиуыл хъуыды кодтой, сӕ уды дзӕбӕхӕн цардысты. Хуыцауы ӕмӕ иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзтаиккой, уый кой та сӕм ӕппындӕр нӕ уыд.
4. а) Нӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ уарзондзинад куыд ӕруазал вӕййы? б) Ацы статьяйы цавӕр ӕртӕ хъуыддагыл аныхас кӕндзыстӕм?
4 Йесойы ныхӕстӕ, адӕмӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн, зӕгъгӕ, хауынц нӕ рӕстӕгмӕ дӕр. Абон адӕм Хуыцауы къаддӕрӕй-къаддӕр уарзынц. Дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдон аскъуыддзаг кӕнынӕн милуангай адӕм ӕххуыс Хуыцауӕй нӕ агурынц, фӕлӕ алыхуызон организацитӕй. Йӕ уарзондзинад кӕмӕн ӕруазал вӕййы, уыцы адӕм кӕнынц фылдӕр. Суанг ма Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ уарзондзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕруазал уа, рагон Ефесы ӕмбырды куыд уыд, афтӕ. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр уарзӕм 1) Йегъовӕйы, 2) Библийы цы рӕстдзинад ис, уый ӕмӕ 3) не ’фсымӕрты.
УАРЗӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ
5. Хуыцауы цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
5 Йесо куы загъта, адӕмӕн сӕ уарзондзинад кӕй ӕруазал уыдзӕн, уӕд ма уыцы бон раздӕр загъта, ӕппӕты фылдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый дӕр: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» (Матф. 22:37, 38). Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусын, фидар лӕууын ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын. (Бакӕс Псалом 97:10.) Фӕлӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне ӕппӕт тыхтӕй архайынц афтӕ бакӕныныл, цӕмӕй Хуыцауыл сыстырзӕрдӕ уӕм ӕмӕ йӕ мауал уарзӕм.
6. Адӕм Хуыцауы куы нал фӕуарзынц, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны?
6 Ацы дунейы адӕм, уарзондзинад цы у, уый раст не ’мбарынц. Уыдон се Сфӕлдисӕджы нӕ уарзынц, фӕлӕ «сты хиуарзон» (2 Тим. 3:2). Сӕйрагдӕр сын сты сӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын» (1 Иоан. 2:16). Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл ма цыдаиккой: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймаг свӕййы Хуыцауы знаг (Ром. 8:6, 7). Адӕймаг мулк ӕмбырд кӕныныл куы свӕййы кӕнӕ йе ’нӕгъдау фӕндты фӕдыл куы фӕцӕуы, уӕд ӕппынфӕстаг тынг фӕфыдӕнхъӕл вӕййы (1 Кор. 6:18; 1 Тим. 6:9, 10).
7. Чырыстӕттӕн ма абон цавӕр зондахастӕй у тӕссаг?
7 Иуӕй-иу бӕстӕты атеисттӕ, агностиктӕ ӕмӕ, эволюцийы ахуырадыл хӕст чи у, уыдон цы хъуыдытӕ хъарынц, уыдоны тыххӕй адӕм Хуыцауы нал фӕуарзынц, ӕмӕ ма йыл суанг ӕууӕндгӕ дӕр нал фӕкӕнынц. Стӕй ма сӕ ныхӕстӕй афтӕ уайы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ӕнӕзонд ӕмӕ талынг адӕймаг ӕууӕнды, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма бирӕтӕ фылдӕр кад кӕнынц ахуыргӕндтӕн, Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ (Ром. 1:25). Ахӕм зонд, гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстоныл дӕр бандава. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзӕн ӕмӕ йӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн (Дзут. 3:12).
8. а) Йегъовӕйы адӕмӕн хатт сӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты? б) 136-ӕм псалом нӕ цавӕр ныфс уадзы?
8 Хӕйрӕджы фыддунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт нӕ ныфс асӕтты (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ нӕхимӕ бынтондӕр куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы дӕр нал уарздзыстӕм. Зӕгъӕм ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, не ’нӕниздзинад фӕцудыдта кӕнӕ ӕхцайӕ фӕтыхстыстӕм. Йе та нӕхимӕ ӕгуыдзӕг кӕсӕм, цыдӕр хъуыддаг нын кӕй нӕ рауад, уый тыххӕй. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, фӕфыдӕнхъӕл уӕм, нӕ царды цавӕрдӕр хъуыддаг, мах куыд фӕндыд, афтӕ кӕй нӕ рауад, уый аххосӕй. Цавӕрфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ныууагъта. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бӕрӕг у, 136-ӕм псаломы 23-ӕм стихы цы фыст ис, уымӕй: «Ӕгады бынаты куы уыдыстӕм, уӕд нӕ... нӕ ферох кодта. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй алкӕддӕр фӕуарзы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын «[нӕ] лӕгъстӕтӕ» кӕй хъусы ӕмӕ нын дзуапп дӕр кӕй ратдзӕн (Пс. 116:1; 136:24–26).
9. Павелӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы алкӕддӕр уарзтаид?
9 Псаломзарӕггӕнӕгау апостол Павел дӕр арф хъуыды кодта, Йегъовӕ йын ӕдзухдӕр куыд ӕххуыс кодта, ууыл, ӕмӕ уый фӕрцы уыд фидар. Уый ныффыста: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:6). Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йыл кӕй батыхсдзӕн, ӕмӕ йын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыд йӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Павел зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл йӕ ныфс дардта. Суанг ахӕстоны куы уыд, уӕд дӕр йе ’фсымӕрты фидар кодта, ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдоны фӕрцы (Еф. 4:1; Фил. 1:7; Филим. 1). Павел цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлдаид, уӕддӕр Йегъовӕйы тынг уарзта. Уый йӕ ныфс дардта «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауыл», не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр нын удӕнцой чи дӕтты, ууыл (2 Кор. 1:3, 4). Махӕн та нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?
Уарзӕм Йегъовӕйы (кӕс 10 абзац)
10. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы алкӕддӕр уарзӕм?
10 Цӕмӕй Йегъовӕйы алкӕддӕр уарзӕм, уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын? Павел загъта, нӕ бон кӕй у «ӕппынӕдзух кувын» (1 Фес. 5:17; Ром. 12:12). Адӕймаг Хуыцаумӕ куы фӕкувы, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йемӕ ныхас фӕкӕны, ӕмӕ афтӕмӕй свӕййы Хуыцауы хорз хӕлар (Пс. 86:3). Нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ куы раргом кӕнӕм, уӕд ӕм афтӕмӕй баввахсдӕр вӕййӕм (Пс. 65:2). Стӕй нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый куы фенӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Мах ӕй фидарӕй зонӕм: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Пс. 145:18). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фидарӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны фидар фӕлӕууын.
УАРЗӔМ БИБЛИЙЫ РӔСТДЗИНАД
11, 12. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад тынгдӕр бауарзӕм?
11 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ рӕстдзинад тынг уарзӕм. Ӕмӕ рӕстдзинад та ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасы. Йесо йӕ Фыдӕн загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоан. 17:17). Ӕмӕ цӕмӕй рӕстдзинад бауарзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, Библийы цы фыст ис, уый (Кол. 1:10). Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Ӕркӕсӕм-ма, 119-ӕм псалом чи ныффыста, уый нын куыд ӕмбарын кӕны, цы нӕ хъӕуы аразын. (Бакӕс Псалом 119:97–100.) Библийӕ цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн алы бон дӕр рӕстӕг ссарӕм? Цы базонӕм, уыдӕттӕ нын царды цы пайда ӕрхӕсдзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Библийы рӕстдзинад тынгӕй-тынгдӕр уарздзыстӕм.
12 Псаломзарӕггӕнӕг ма загъта: «Дӕ ныхӕстӕ мӕ дзыхы куыд адджын сты, мыдӕй дӕр адджындӕр!» (Пс. 119:103). Нӕ организаци цы публикацитӕ бацӕттӕ кӕны, уыдон вӕййынц адджын хӕринаджы хуызӕн. Хӕринаг нӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуы, уӕд дзы нӕ фефсӕдӕм, фынгӕй сыстынмӕ тагъд нӕ фӕкӕнӕм. Ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ дӕр хъуамӕ афтӕ ӕхсызгонӕй иртасӕм. Афтӕмӕй нӕхи ӕфсаддзыстӕм рӕстдзинады ныхӕстӕй, «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у», ахӕм ныхӕстӕй. Стӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй-иу сӕ бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ фӕрцы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнӕм (Еккл. 12:10).
13. Йереми афтӕ тынг цӕмӕн уарзта, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ йыл куыд фӕзындысты?
13 Пехуымпар Йереми тынг уарзта, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Уый загъта: «Дӕ ныхӕстӕ мӕм ӕрбахӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ бахордтон. Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном, о ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» (Йер. 15:16). Йереми Хуыцауы диссаджы ныхӕстыл арф хъуыды кодта ӕмӕ сӕ тынг уарзта. Уый фӕрцы тынг аргъ кодта, Йегъовӕйы ном кӕй хаста ӕмӕ йын йӕ ныхас кӕй хъусын кодта, уымӕн. Библийы рӕстдзинад куы уарзӕм, уӕд ӕй ӕмбардзыстӕм, цӕй стыр кад нын у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм ӕмӕ ацы фӕстаг бонты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый.
Уарзӕм Библийы рӕстдзинад (кӕс 14 абзац)
14. Нӕ бон ма цы у аразын, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад тынгдӕр бауарзӕм?
14 Нӕ бон ма ноджыдӕр цы у аразын, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад тынгдӕр бауарзӕм? Хъуамӕ ӕмбырдтӕм цӕуӕм, ма сӕ цух кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр цы мадзӕлтты фӕрцы ахуыр кӕны, уыдон цалдӕр сты. Зӕгъӕм, алы къуыри дӕр Библи фӕахуыр кӕнӕм ахуыргӕнӕн брошюрӕйы фӕрцы. Ӕмӕ нын цӕмӕй уыцы ахуыр пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу хъуамӕ алы фембӕлдмӕ дӕр нӕхи хорз бацӕттӕ кӕнӕм. Нӕ бон у, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй алкӕцы дӕр бакӕсын. Ныртӕккӕ ахуыргӕнӕн брошюрӕ ис интернеты дӕр кӕсӕн кӕнӕ йӕ уырдыгӕй рафыссӕн. Ацы брошюрӕ нӕ сайты ис бирӕ ӕвзӕгтыл. Иуӕй-иу форматты статьяйы мидӕг стихтӕ вӕййы уайтагъд фенӕн. Фӕлӕ цӕттӕ кӕнынӕн цыфӕнды мадзал ма равзарӕм, уӕддӕр уыцы стихтӕ лӕмбынӕг куы кӕсӕм ӕмӕ сыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Библийы рӕстдзинад тынгдӕр бауарздзыстӕм. (Бакӕс Псалом 1:2.)
УАРЗӔМ НЕ ’ФСЫМӔРТЫ
15, 16. а) Иоанны 13:34, 35 стихты цавӕр фӕдзӕхст ис? б) Хуыцауы ӕмӕ Библи кӕй уарзӕм, уый куыд баст у, не ’фсымӕрты уарзӕм ӕви нӕ, уыимӕ?
15 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ фӕстаг ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35).
16 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕви нӕ, уый баст у, Хуыцауы уарзӕм ӕви нӕ, уыимӕ. Хуыцауы куы нӕ уарзӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн не ’фсымӕрты дӕр уарзын. Ӕмӕ не ’фсымӕрты куы нӕ уарзӕм, уӕд та нӕ бон нӕ уыдзӕн Хуыцауы уарзын. Апостол Иоанн ныффыста: «Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?» (1 Иоан. 4:20). Йегъовӕйы ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕви нӕ, уый ма баст у, Библийы рӕстдзинад уарзӕм ӕви нӕ, уыимӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Кӕд рӕстдзинад уарзӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, Библийы цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын, ома Хуыцауы ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзын (1 Пет. 1:22; 1 Иоан. 4:21).
Уарзӕм нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты (кӕс 17 абзац)
17. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
17 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:9, 10. Нӕ бон куыд у ӕмбырды нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисын? Ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕры, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъӕуа ӕмбырдмӕ ӕрбаласын кӕнӕ йӕ ӕмбырдӕй хӕдзармӕ аласын. Чи зоны, идӕдз хойӕн йӕ хӕдзары хъӕуы исты бацалцӕг кӕнын (Иак. 1:27). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй йӕ ныфс кӕмӕн асаст, йӕхимӕ чи ныхъхъуыста кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн фӕхъӕуы сӕ фарсмӕ балӕууын, бафидар сӕ кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауын (Ӕмб. 12:25; Кол. 4:11). «Уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдоны» ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй (Гал. 6:10).
18. Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нын хъуыддаг банывыл кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
18 Библийы раджы фыст ӕрцыд, ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» бирӕтӕ кӕй уыдзысты хиуарзон ӕмӕ зыдгӕнаг (2 Тим. 3:1, 2). Мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы, йӕ Ныхас ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзӕм. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй хатт нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Фӕлӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ бацархайӕм, цӕмӕй хъуыддаг уайтагъд банывыл кӕнӕм (Еф. 4:32; Кол. 3:14). Уӕдӕ нӕ уарзондзинад макуы ӕруазал уӕд, фӕлӕ Йегъовӕйы, йӕ Ныхас, стӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты алкӕддӕр тынг уарзӕм!