Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 31 сӕр, 310–319 фф.
  • «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы нысан кӕны Хуыцауы уарзын?
  • Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын
  • Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
  • Йегъовӕйы фӕзмын
  • «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»
  • Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар у!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Уарз, чи дӕ уарзы, уыцы Хуыцауы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 31 сӕр, 310–319 фф.
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбырды зарынц.

31 СӔР

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»

1–3. а) Ныййарджытӕм ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕм кӕсгӕйӕ цы ис базонӕн, адӕймаг куыд конд у, уый тыххӕй? б) Исчи нӕ куы фӕуарзы, уӕд ӕм цы зӕрдӕ фӕдарӕм ӕмӕ нӕ цавӕр ахсджиаг фарстайӕн хъӕуы дзуапп раттын?

НЫЙЙАРДЖЫТӔМ сӕ ноггуырд хъӕбул куы бахуды, уӕд сын уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы. Сывӕллонмӕ ныггуыбыр кӕнынц, рӕвдауӕн ныхӕстӕ йын фӕкӕнынц ӕмӕ йӕм фӕхудынц. Куыд тынг сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕм уый дӕр бахуда! Ӕмӕ сӕм уый дӕр йӕ мидбылты бахуды, цыма йӕ афтӕ зӕгъын фӕфӕнды: «Ӕз дӕр уӕ бирӕ уарзын!»

2 Сывӕллоны мидбылхудт нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, куыд конд стӕм, уый, ома нӕ исчи куы фӕуарзы, уӕд ӕй мах дӕр фӕуарзӕм (Псалом 22:9). Куы фестырдӕр вӕййӕм, уӕд нӕ уарзондзинад ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр райдайӕм ӕвдисын. Ӕвӕццӕгӕн хъуыды кӕныс, гыццылӕй дӕ дӕ ныййарджытӕ, дӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ де ’мбӕлттӕ куыд уарзтой, уый. Уый дын ӕхсызгон уыди, ӕмӕ сӕ ды дӕр уарзын райдыдтай. Цымӕ Йегъовӕ Хуыцауы дӕр афтӕ райдайӕм уарзын?

3 Библийы фыст ис: «Мах та уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 Иоанны 4:19). Ацы чиныджы фыццаг ӕртӕ хайы дзырд цыди, Йегъовӕ йӕ тых, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ зондӕй куыд архайы, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна. Цыппӕрӕм хайы та дзырд цыди, Йегъовӕ йӕ уарзт ӕппӕт адӕммӕ дӕр, уыимӕ дӕумӕ дӕр, цы диссаджы хуызы ӕвдисы, ууыл. Ныр та ахъуыды кӕн иу фарстайыл. Уымӕй ахсджиагдӕр фарстайӕн дӕ дзуапп дӕттын никуыма хъуыди: «Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый мӕ бон куыд у равдисын?»

Цы нысан кӕны Хуыцауы уарзын?

4. Хуыцауы уарзын цы нысан кӕны, уый бирӕтӕ куыд ӕмбарынц?

4 Уарзондзинад цӕуы Йегъовӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, уарзондзинады фӕрцы адӕймагӕн йӕ хуыздӕр миниуджытӕ кӕй раргом вӕййынц, уый. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйӕн йӕ коммӕ нӕ кӕсынц. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы алкӕддӕр фидарӕй уырныдта, се ’хсӕн кӕй уыдзӕн, чи йӕ бауарздзӕн, ахӕмтӕ. Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ милуантӕ сты. Хъыгагӕн, ацы фыддунейы динтӕ адӕмӕн раст не ’мбарын кӕнынц, Хуыцауы уарзын цы нысан кӕны, уый. Бирӕтӕ зӕгъынц, ӕз Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ аразын ницы хъӕуы. Адӕймаг Хуыцауы кӕй уарзы, уый фыццаг, чи зоны, ацы ныхӕстӕй вӕййы бӕрӕг, сывӕллон йӕ ныййарджыты кӕй уарзы, уый фыццаг йӕ мидбылхудтӕй куыд вӕййы бӕрӕг, афтӕ. Фӕлӕ стыр адӕймаг искӕй куы фӕуарзы, уӕд уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййы бӕрӕг.

5. Хуыцауы уарзын цы нысан кӕны ӕмӕ нын уый цы пайда у?

5 Йегъовӕйы уарзын цы нысан кӕны, уый нын Йегъовӕ йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм». Уӕдӕ кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕд хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Бирӕтӕ искӕй коммӕ кӕсын нӕ уарзынц. Фӕлӕ ацы стихы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «[Хуыцауы] фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3). Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ нын нӕ цард зындӕр нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ пайдайӕн сты (Исай 48:17, 18). Хуыцауӕн йӕ Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Куыд? Мах аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уӕм. Цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын, лӕггад ын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕзмын.

Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын

6–8. а) Нӕ бон куыд у Йегъовӕмӕ хъусын? б) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын Библи кӕсын циндзинад хӕсса?

6 Ацы чиныджы 1-аг сӕр райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма Хуыцауимӕ ныхас кӕныс». Куыд базыдтам, афтӕмӕй адӕмӕй чидӕртӕ йемӕ ныхас кодтой. Моисей Хуыцауимӕ ныхас кодта зӕды уылты. Махӕн дӕр уый нӕ бон у? Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ зӕдты нӕ рарвиты, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кӕна. Фӕлӕ йӕм абон дӕр диссаджы мадзӕлттӕ ис, цӕмӕй немӕ ныхас кӕна. Йегъовӕ немӕ куыд ныхас кӕны ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у хъусын?

7 «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ фӕхъусӕм, Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:16). Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Хуыцауы Ныхас кӕсут «ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Псалом 1:1, 2). Цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсӕм, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ уый стыр пайда хӕссы. 18-ӕм сӕрӕй базыдтам, Библи кӕй у писмо нӕ уӕларвон Фыдӕй. Уымӕ гӕсгӕ нын Библи кӕсын хъуамӕ уӕззау уаргъы хуызӕн ма уа. Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нын Библи кӕсын циндзинад хӕсса. Уый куыд ис аразӕн?

8 Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, кӕй тыххӕй кӕсыс, уыдоны царды цытӕ ӕрцыд, уыдӕттӕ. Архай, цӕмӕй-иу бамбарай, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, куыд цардысты ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый. Стӕй-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй мӕ бон цы у базонын? Йегъовӕ цавӕр миниуджытӕ равдыста? Йегъовӕ мӕ ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕны ӕмӕ дзы мӕ бон куыд у царды спайда кӕнын?» Библи кӕс. Цы бакӕсыс, ууыл-иу ахъуыды кӕн ӕмӕ, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ-иу архай. Уӕд дӕхӕдӕг фендзынӕ, Хуыцауы Ныхасы стыр тых кӕй ис (Псалом 77:12; Иаковы 1:23–25).

9. Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ уыцы «цагъармӕ» лӕмбынӕг хъусын ахсджиаг цӕмӕн у?

9 Йегъовӕ ма немӕ ныхас кӕны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕр. Уыцы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд ӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй нын ацы уӕззау фӕстаг бонты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл дӕтта (Матфейы 24:45–47). Библи ӕмбарынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм литературӕ куы фӕкӕсӕм, стӕй ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты куы вӕййӕм, уӕд нӕхи фефсадӕм, уыцы цагъар нын Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут» (Лукайы 8:18). Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй хъусӕм, Йесо кӕй сӕвӕрдта, уыцы ӕууӕнкджын цагъармӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ немӕ уый уылты ныхас кӕны.

10–12. а) Куывд Йегъовӕйы диссаджы лӕвар цӕмӕн у? б) Йегъовӕмӕ куыд хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй йын нӕ куывдтытӕм хъусын ӕхсызгон уа?

10 Мах базыдтам, Йегъовӕ немӕ куыд ныхас кӕны, уый. Фӕлӕ цымӕ махӕн дӕр нӕ бон у йемӕ ныхас кӕнын? Ууыл ӕрмӕст хъуыды куы акӕнӕм, уӕд дӕр нӕ, чи зоны, тас бацӕуы. Цы дӕ тыхсын кӕны, ууыл аныхас кӕныны тыххӕй дӕ уӕ бӕстӕйы хицаумӕ бацӕуын куы фӕндид, уӕд дӕм цымӕ байхъусид? Хицаумӕ бацӕуын хатт тӕссаг вӕййы. Зӕгъӕм, Есфир ӕмӕ Мардохейы заман Персы паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ чи бацыдаид, уый удӕгасӕй нӕ баззадаид (Есфир 4:10, 11). Ныр та-ма ахъуыды кӕн: ды лӕууыс Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы раз. Уыимӕ абаргӕйӕ адӕмӕн се ’ппӕты хъомысджындӕртӕ сты «цъырцъырӕгты» хуызӕн (Исай 40:22). Цымӕ йемӕ ныхас кӕнынӕй хъуамӕ тӕрсӕм? Нӕ!

11 Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм ӕмӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй нын уый ӕнцон уа – нӕ бон у йемӕ куывды уылты ныхас кӕнын. Кӕд гыццыл сывӕллон Йегъовӕйыл ӕууӕнды, уӕд ӕм суанг уымӕн дӕр йӕ бон у Йесойы номӕй кувын (Иоанны 14:6; Дзуттӕгтӕм 11:6). Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын нӕ бон вӕййы радзурын, цӕуыл хъуыды кӕнӕм, цы нӕ тыхсын кӕны, нӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ нын дзурын зын цӕй тыххӕй у, суанг уыдӕттӕ дӕр (Ромӕгтӕм 8:26). Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, адӕймаг ӕм куы фӕкувы, уӕд рӕсугъд ӕмӕ зондджын ныхӕстӕ куы фӕкӕны, цӕмӕй йӕ дисы бафтауа (Матфейы 6:7, 8). Иннӕмӕй та нын Йегъовӕ нӕ дзуры, цас ӕмӕ йӕм куыд арӕх хъуамӕ кувӕм, уый. Йӕ Ныхасы ма нын афтӕ дӕр дзуры, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).

12 Рох нӕ ма уӕд, Йегъовӕ кӕй у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» ӕмӕ нын нӕ гыццыл маст дӕр йӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй исы (Псалом 65:2). Цымӕ йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм хъусын зын у? Нӕ, уый йын тынг ӕхсызгон у. Йӕ Ныхасы сын сӕ куывдтытӕ бары будимӕ. Буд куы фӕсудзы, уӕд йӕ адджын тӕфӕй уӕлдӕф байдзаг вӕййы (Псалом 141:2; Раргомад 5:8; 8:4). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ будимӕ кӕй бары, уымӕй бӕрӕг у, нӕ куывдтытӕм хъусын ын ӕхсызгон кӕй у. Уӕдӕ дӕ кӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын фӕнды, уӕд ӕм алы бон дӕр сӕрныллӕгӕй кув. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ йын дзур (Псалом 62:8). Дӕ уӕларвон Фыдӕн-иу радзур, цӕуыл тыхсыс, цӕуыл цин кӕныс, бузныг дзы цӕй тыххӕй дӕ ӕмӕ йӕ цӕй тыххӕй уарзыс, уыдӕттӕ. Уӕд кӕрӕдзимӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕндзыстут.

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

13, 14. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы нысан кӕны ӕмӕ уый аккаг цӕмӕн у, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм?

13 Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд йемӕ афтӕ нӕ фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕ нӕ фӕхъусӕм, не ’мбалимӕ кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй кӕимӕдӕр куыд фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм куыд фӕхъусӕм, афтӕ. Уымӕй февдисӕм, тынг ын кӕй аргъ кӕнӕм, ӕппӕт удӕй йӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕм цы кад ӕмбӕлы, уыцы кад ын кӕй кӕнӕм. Уый нӕ цардыл ӕндавы ӕмӕ нӕ иу кӕны, Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр. Цӕстылуайӕны апостол Иоанн фехъуыста, зӕд цы дзырдта, уый: «Бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!» (Раргомад 14:7).

14 Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? Ахъуыды-ма кӕн, ацы чиныджы кӕуыл ныхас кодтам, уыцы миниуджытыл: сыгъдӕгдзинад, тых, хиуыл хӕцын, рӕстдзинад, хъӕбатырдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, зонд, сӕрныллӕгдзинад, уарзондзинад, тӕригъӕд кӕнын, иузӕрдиондзинад ӕмӕ хорздзинад. Мах базыдтам, уыцы рӕсугъд миниуджытӕ Йегъовӕйы хуызӕн кӕй ничи ӕвдисы. Куыд сӕ ӕвдисы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ӕрмӕст дисы нӕ бафтауы, фӕлӕ ма бамбарӕм, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ кадджын кӕй у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр махӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у (Исай 55:9). Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй нӕ Хицау уа ӕмӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

15. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» лӕггад кӕнын ӕмӕ нын ӕмбырдты цавӕр фадат вӕййы?

15 Йесо загъта: «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ йын чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоанны 4:24). Цӕмӕй Йегъовӕйӕн «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ» лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ йӕ сыгъдӕг тых уа ӕмӕ йӕ разамындмӕ хъусӕм. Стӕй йын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ», ома, Библийӕ кӕй базыдтам, уыцы бӕлвырд зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ. Нӕ хотимӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы ӕрӕмбырд вӕййӕм, уӕд нын диссаджы фадат вӕййы Йегъовӕйӕн «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» лӕггад кӕнынӕн (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Иумӕ Йегъовӕйы кадӕн куы фӕзарӕм, иумӕ йӕм куы скувӕм, йӕ Ныхас нын куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм ӕмӕ дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд ын фӕлӕггад кӕнӕм, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ.

Ӕмбырдты фӕрцы нын диссаджы фадат ис, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисынӕн

16. Ӕцӕг чырыстӕтты ахсджиагдӕр хӕстӕй сӕ иу цавӕр у ӕмӕ нӕ уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын цӕмӕн фӕнды?

16 Йегъовӕйӕн ма фӕлӕггад кӕнӕм, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд дӕр (Дзуттӕгтӕм 13:15). Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ ахсджиагдӕр хӕстӕй иу у Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матфейы 24:14). Ӕмӕ ацы хӕс зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм. «Ацы цардӕвӕрды хуыцау» Сайтан Хӕйрӕг Йегъовӕйы тыххӕй алы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕуырнджытӕн сӕ сӕрызонд бакуырм кодта (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ Хуыцауӕн Ӕвдисӕнтӕ уӕм ӕмӕ адӕмӕн дзурӕм, Хӕйрӕг дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны (Исай 43:10–12). Стӕй Йегъовӕйы диссаджы миниуджытыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной. Ӕцӕгдӕр, цӕй стыр кад у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр нӕ уӕларвон Фыды базоной ӕмӕ йӕ бауарзой!

17. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

17 Фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы. Кӕй йын лӕггад кӕнӕм, уый фӕзыны нӕ царды алы хъуыддагыл дӕр (Колоссӕгтӕм 3:23). Кӕд Йегъовӕйы Иунӕг Стыр Хуыцауыл нымайӕм, уӕд алкӕддӕр архайдзыстӕм йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ – нӕ бинонтимӕ уӕм, куысты ӕви иунӕгӕй, уӕд дӕр. Нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ саразӕм (1 Азфыстыты 28:9). Нӕхи афтӕ не ’вдисдзыстӕм, цыма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, сусӕгӕй та, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ араздзыстӕм. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд афтӕ никуы кӕндзыстӕм. Мах Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ йӕ асайӕм, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр нын ӕнад у. Стыр ӕххуыс ма нын уыдзӕн, Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый дӕр. Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, ома йын стыр аргъ чи кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдоны бон кӕй у, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уой (Псалом 25:14).

Йегъовӕйы фӕзмын

18, 19. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон у Йегъовӕ Хуыцауы фӕзмын?

18 Ацы чиныджы алы хайы кӕрон дӕр иу сӕры дзырд цӕуы, нӕ бон куыд у уарзон хъӕбултау «Хуыцауы фӕзмын» (Ефесӕгтӕм 5:1). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон кӕй у Йегъовӕйы фӕзмын, йӕ тыхӕй ӕмӕ йӕ зондӕй куыд архайы ӕмӕ рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, уымӕй. Кӕцӕй йӕ зонӕм, нӕ бон Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фӕзмын кӕй у? Йегъовӕйы ном цы нысан кӕны, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, кӕй свӕййы, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй чи хъуамӕ суа, уый. Уый нӕ дисы ӕфтауы. Фӕлӕ йӕ цымӕ нӕ бон ӕппындӕр фӕзмын нӕу? Нӕ, уый афтӕ нӕу.

19 Мах Хуыцау йӕхимӕ гӕсгӕ скодта (Райдиан 1:26). Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнӕм, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй. Нӕ цардыл ӕрмӕст нӕ гентӕ, инстинкттӕ кӕнӕ, нӕ алыварс чи ис, уыцы адӕм не ’ндавынц. Йегъовӕ нын скодта диссаджы лӕвар – нӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ кӕд нӕ бон алцы нӕу ӕмӕ нӕм бирӕ хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр нӕхицӕй кӕнгӕ у, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдзыстӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн йӕ ном нысан кӕны, йӕ бон кӕй у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ суой, чи йӕ фӕнды, уый. Фӕнды дӕ, цӕмӕй уарзӕгой, зондджын ӕмӕ рӕстаг адӕймаг уай ӕмӕ дӕ тыхӕй раст архайай? Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы дын уый ӕнӕмӕнг рауайдзӕн! Ахъуыды-ма кӕн, дӕ бон цас хорз цыдӕртӕ уыдзӕн саразын!

20. Йегъовӕйы куы фӕзмӕм, уӕд нын цавӕр фадат уыдзӕн?

20 Дӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ дӕ райгонд уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Дӕ бон ын уыдзӕн «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын», уымӕн ӕмӕ зоны, дӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый (Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Дӕ уарзон Фыды хорз миниуджытӕ фӕзмын хуыздӕр куы сахуыр уай, уӕд дын уыдзӕн диссаджы фадат: дӕ бон уыдзӕн адӕммӕ рӕстдзинады рухс хӕссын, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ талынджы сты, Хуыцауы кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй (Матфейы 5:1, 2, 14). Дӕумӕ кӕсгӕйӕ адӕм уындзысты Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ, ӕмӕ сын дӕ бон уыдзӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр базоной, Йегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, уый. Уый ӕцӕгдӕр стыр кад у!

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»

Ӕфсымӕр кӕсы, арв изӕры куыд рӕсугъд хъулӕттӕ у, уымӕ.

Алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн

21, 22. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон цӕрӕнбонты цы араздзысты?

21 Иаковы 4:8 стихы фыст ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ не сты, ӕмӕ, Хуыцаумӕ куы баввахс уӕм, уӕд нӕ уый фӕстӕ ницыуал хъӕудзӕн аразын. Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын абарӕн ис, даргъ фӕндагыл куыд цӕуай, уыимӕ. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд ӕм цӕрӕнбонты ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн, ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн, Йегъовӕйы тыххӕй ногӕй цы базонӕм, уый. Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ ацы чиныгӕй Йегъовӕйы тыххӕй алцыдӕр базыдтам. Суанг ма Библийы дӕр Йегъовӕйы тыххӕй алцы фыст нӕй. Йесо зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй апостол Иоанн ныффыста: «Се ’ ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой» (Иоанны 21:25). Ӕмӕ кӕд Хуыцауы Фырты хъуыддӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъӕн ис, уӕд Хуыцауӕн йӕхи хъуыддӕгты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?!

22 Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд дӕр Йегъовӕйы тыххӕй алцы никуы базондзыстӕм (Екклесиаст 3:11). Ӕмӕ-ма уӕд ахъуыды кӕн, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Абонимӕ абаргӕйӕ цас хуыздӕр зондзыстӕм Йегъовӕ Хуыцауы, ӕнустӕ, миназтӕ, милуан азтӕ ӕмӕ суанг миллиард азтӕ куы цӕрӕм, уӕд! Фӕлӕ ма уӕддӕр цас уыдзысты, кӕй нӕма зондзыстӕм, уыцы диссӕгтӕ! Ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн ноджы фылдӕр базонын. Мах дӕр псаломзарӕггӕнӕгау дзурдзыстӕм: «Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (Псалом 73:28). Дзӕнӕты цард куыд диссаг уыдзӕн, уый нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу. Ӕмӕ ӕппӕты диссагдӕр та уыдзӕн, Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕй кӕндзыстӕм, уый!

23. Цы аразын дӕ фӕнды?

23 Йегъовӕ дӕ уарзы, ӕмӕ йӕ ды дӕр уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ (Марчы 12:29, 30). Уарз ӕй ӕнувыд уарзтӕй. Дӕ фӕндон алкӕддӕр уӕд, цӕмӕй дӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕнай. Ӕмӕ уый бӕрӕг уӕд, алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ фӕхӕссыс, уыдонӕй – ахсджиаг уой ӕви нӕ, уӕддӕр. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ дӕм уый дӕр ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕд – ныр дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕргъы дӕр!

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Псалом 25:1–22. Йегъовӕмӕ цӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ фидар ныфс цӕмӕй уыдзӕн?

  • Оси 6:3. Ацы стихӕй куыд зыны, Йегъовӕйы базоныныл архайын кӕй хъӕуы ӕмӕ уый стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы?

  • Матфейы 16:21–27. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн уӕм, уӕд кӕй хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ нын цавӕр зондахаст хъуамӕ уа?

  • Раргомад 21:3, 4. Йегъовӕ адӕмы тыххӕй фидӕны цы сараздзӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ цы фӕнды аразын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын