Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wt 13 сӕр, 120–127 фф.
  • «Тынг бирӕ адӕм» Иегъовӕйы паддзахбадӕны раз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Тынг бирӕ адӕм» Иегъовӕйы паддзахбадӕны раз
  • Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Тынг бирӕ адӕм» куыд рабӕрӕг сты
  • Аккаг разындысты
  • Хайджын сты бирӕ хорздзинӕдтӕй
  • «Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Аккаг сты, цӕмӕй сӕ Чырысти кӕна царды суадӕттӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • «Тынг бирӕ адӕм» кадджын кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
wt 13 сӕр, 120–127 фф.

Ӕртындӕсӕм сӕр

«Тынг бирӕ адӕм» Иегъовӕйы паддзахбадӕны раз

1. а) Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытыл сӕ хорзӕх райсыны размӕ цы ’рцыд ӕмӕ уый 144 000-мӕ дӕр куыд хауы? ӕ) Абон цы «тынг бирӕ адӕм» цӕры, уыдонӕн цавӕр ныфс ис?

ХУЫЦАУЫ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн, Авелӕй райдай ӕмӕ Аргъауӕг Иоаннӕй фӕу, сӕ царды иууыл сӕйрагдӕр уыди Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ уыдон се ’ппӕт дӕр амардысты ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы ног дунейы куы райгас уой ӕмӕ та зӕххыл куы цӕрой, уымӕ. Чырыстиимӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы 144 000 дӕр сӕ хорзӕх райсыны размӕ хъуамӕ амӕлой. Фӕлӕ Раргомады 7:9 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ацы фӕстаг бонты хъуамӕ уа, мӕлӕт нӕ фенгӕйӕ ӕнусмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм «тынг бирӕ адӕм» алы адӕмыхӕттытӕй. Ды дӕр уыдонӕй дӕ?

«Тынг бирӕ адӕм» куыд рабӕрӕг сты

2. Раргомады 7:9 цы «тынг бирӕ адӕмы» кой цӕуы, уыдон чи сты, уый куыд рабӕрӕг?

2 1923 азы Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бамбӕрстой, Матфейы 25:31—46 Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы «фысты» кой кӕны ӕмӕ Иоанны 10:16 цы «ӕндӕр фысты» кой цӕуы, уыдон кӕй сты, ӕнусмӕ зӕххыл цӕрыны фадат кӕмӕн ис, уыцы адӕм. 1931 азы та рабӕрӕг, Иезекилы 9:1—11 сӕ ныхтыл нысан кӕмӕн ис, уыцы адӕм дӕр зӕххыл кӕй цӕрдзысты. Фӕстӕдӕр 1935 азы базыдтой, «тынг бирӕ адӕм», Йесо цы «ӕндӕр фысты» кой кодта, уыдонмӕ кӕй хауынц. Абон, Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» нымӕц милуантӕй ахызт.

3. Тынг бирӕ адӕм «паддзахбадӕны раз» лӕууынц, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ уӕларвон къордӕй сты?

3 Раргомады 7:9 цы «тынг бирӕ адӕмы» кой цӕуы, уыдон уӕлӕрвты не сты. Хуыцауы «паддзахбадӕны раз» кӕй лӕууынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уӕлӕрвты хъуамӕ уой. Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ уыдон сты Хуыцауы бӕрны (Псалом 10:4). «Тынг бирӕ адӕмы» кӕй «ничи фӕрӕзта банымайын», уымӕ гӕсгӕ дӕр зӕгъӕн ис, уӕларвон къордӕй кӕй не сты, уымӕн ӕмӕ сӕ нымӕц бӕрӕг нӕу. Раргомады 7:4—8 ӕмӕ Раргомады 14:1—4 куы ’ркӕсӕм, уӕд уым та дзырд цӕуы зӕххӕй уӕларвмӕ ист чи цӕуы, уыдоны тыххӕй ӕмӕ сӕ нымӕц у бӕрӕг — 144 000.

4. а) Цы у, «тынг бирӕ адӕм» кӕм фервӕздзысты, уыцы «стыр утӕхсӕн»? ӕ) Раргомады 7:11, 12 гӕсгӕ «тынг бирӕ адӕммӕ» йӕ хъус чи дары ӕмӕ семӕ Хуыцауӕн чи кувы?

4 Раргомады 7:14 «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй дзырдӕуы: «Адон, стыр утӕхсӕнӕй чи ӕрбацыд, ахӕмтӕ сты» (НФ). Уыдон фервӕздзысты, адӕмы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ чи никуы ма уыд, уыцы стыр бӕллӕхӕй (Матфейы 24:21). Кӕй фервӕздзысты, уый тыххӕй бузныг уыдзысты Хуыцау ӕмӕ Чырыстийӕ, ӕмӕ уӕд ӕппӕт иузӕрдион уӕларвон фӕлдисондтӕ семӕ арфӕ кӕндзысты: «Оммен! Стыр арфӕ, ӕмӕ намыс, ӕмӕ тарфзонд, ӕмӕ бузныг, ӕмӕ цыт, ӕмӕ тых, ӕмӕ стырад нӕ Хуыцауӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Оммен» (Раргомад 7:11, 12, НФ).

Аккаг разындысты

5. Цӕмӕй «тынг бирӕ адӕмӕй» уӕм, уый тыххӕй нӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый кӕцӕй ис базонӕн?

5 «Тынг бирӕ адӕм» стыр бӕллӕхы фервӕздзысты, Иегъовӕ раст Хуыцау кӕй у, уый руаджы. Фервӕзын кӕй фӕнды, уыцы адӕммӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый бӕлвырд базонӕн ис Библийӕ. Уӕдӕ рӕстдзинад чи уарзы, уыдонӕн ныридӕгӕн сӕ бон у ууыл архайын, цӕмӕй ирвӕзыны аккаг разыной. Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй цы аразын хъӕуы?

6. «Тынг бирӕ адӕмы» фыстимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

6 Фыстӕ сты сабыр ӕмӕ коммӕгӕс. Уымӕ гӕсгӕ Йесо афтӕ куы загъта, уӕларвон къордмӕ чи нӕ хауы, ахӕм «ӕндӕр фыстӕ» дӕр ма йын кӕй ис, уӕд, зӕххыл ӕнусмӕ цӕрын ӕрмӕст фӕндгӕ кӕй кӕны, уыдоны кой нӕ кодта, фӕлӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны. «Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ Ӕз зонын уыдоны, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕстӕ»,— загъта уый (Иоанны 10:16, 27). Ахӕм адӕм, ома Йесомӕ ӕцӕгдӕр чи хъусы ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон свӕййынц йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ.

7. Йесойы фӕдылдзӕуджыты цавӕр миниуджытыл кусын хъӕуы?

7 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй ма алкӕйдӕр ноджыдӕр цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын? Хуыцауы Ныхас нын дзуапп дӕтты: «Зӕронд адӕймаджы раздӕры царды сурӕт иуварс авӕрут... ӕмӕ сфӕлындут ног адӕймаджы, Хуыцаумӕ гӕсгӕ сконды, рӕстдзинады ӕмӕ ӕцӕг сыгъдӕгдзинады» (Ефесӕгтӕм 4:22—24). Уыдон кусынц, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр чи кӕны, ахӕм миниуджытыл: «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

8. «Тынг бирӕ адӕм», сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй цытӕ ӕвзарынц?

8 «Тынг бирӕ адӕм» ӕххуыс кӕнынц, хъусын кӕныны куыстӕн разамынд чи дӕтты, уыцы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къордӕн (Матфейы 24:14; 25:40). «Ӕндӕр фыстӕ» сын ӕххуыс кӕнынц, кӕд, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый зонынц, уӕддӕр. Фӕлӕ цӕмӕн цӕуынц сӕ ныхмӕ? Уымӕн ӕмӕ Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ зӕдтӕ ацы фӕстаг бонты тӕккӕ райдианы Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты уӕларвӕй ӕрӕппӕрстой. Уый зӕххӕн цы ’рхаста? «Додой, зӕххыл... чи цӕры, уыдонӕн. Цӕмӕйдӕриддӕр сымахмӕ ӕрхызт [хӕйрӕг], знӕтӕй судзгӕйӕ; зоны, ӕвӕдза, бирӕ бонтӕ йын кӕй нал баззад, уый» (Раргомад 12:7—12, НФ). Уӕдӕ, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ Сайтан знӕтӕй-знӕтдӕр кӕны Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм.

9. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы цас ӕнтыстджын сты ӕмӕ цӕмӕн?

9 Кӕд хъусын кӕныны хъуыддагӕн стыр цӕлхдуртӕ уыди, уӕддӕр нӕ бакъуылымпы. Фыццаг дунеон хӕсты кӕрон Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр цалдӕр мины, ныр та сты милуантӕ, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Исай 54:17). Суанг ма иудейты сӕйраг тӕрхондоны кусӕгӕн дӕр йӕ бон дыууӕ зӕгъын нӕ уыд, Хуыцауы хъуыддаг фехалӕн кӕй нӕй, ууыл. Уый фыццаг ӕнусы цӕрӕг фарисейтӕн Йесойы ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Ныууадзут сӕ: уымӕн ӕмӕ кӕд ацы куыстуат ӕмӕ хъуыддаг у адӕймӕгтӕй, уӕд фехӕлдзӕн, фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у, уӕд ӕй сымах бон нӕу фехалын; уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй ма разынат Хуыцауы ныхмӕ цӕуджытӕй» (Куыстытӕ 5:38, 39).

10. а) «Тынг бирӕ адӕмӕй» чи у, уыдоныл цы «нысан» ис, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, «арвӕй хъӕлӕсмӕ» кӕй байхъуыстой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

10 «Тынг бирӕ адӕмӕй» чи у, уыдоны тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, сыл ис «нысан» фервӕзынӕн (Иезекил 9:4—6). «Нысан» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыдон нывонддзырд радтой Иегъовӕйӕн, аргъуыд райстой, систы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ кусынц чырыстон миниуджытыл. Уыдон байхъуыстой, Сайтаны мӕнг дины дунеон империйы тыххӕй «арвӕй хъӕлӕс» цы дзуры, уымӕ: «Рацу уымӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй сымах йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын ма уат ӕмӕ ма бахауат йӕ хъӕдгӕмтты» (Раргомад 18:1—5).

11. «Тынг бирӕ адӕм» Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы ’вдисынц?

11 Афтӕ ма Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд» (Иоанны 13:35, НФ). Ацы дунейы цы динтӕ ис, уыдоны минӕвӕрттӕ та кӕрӕдзи цӕгъдынц, фылдӕр хатт, алы адӕмыхӕттытӕй кӕй сты, ӕрмӕст уый тыххӕй! Хуыцауы Ныхас дзуры: «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ хӕйрӕджы сывӕллӕтты базонынц афтӕ: алкӕцы, раст нӕ кӕнӕг, нӕу Хуыцауӕй, йе ’фсымӕры нӕ уарзӕг дӕр афтӕ... Мах кӕрӕдзийы уарзӕм, афтӕ нӕ, Каины хуызӕн, кӕцы уыд хинӕйдзагӕй ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры» (1 Иоанны 3:10—12).

12. Ӕвзӕр дыргътӕ чи дӕтты, уыцы «бӕлӕстӕн», ома динтӕн, Иегъовӕ стыр бӕллӕхы цы бакӕндзӕн?

12 Йесо афтӕ загъта: «Алы хорз бӕласыл зайы хорз дыргъ; ӕвзӕр бӕласыл та ӕвзӕр дыргътӕ зайынц. Хорз бӕласыл ӕвзӕр дыргътӕ нӕ зайынц, ӕмӕ ӕвзӕр бӕласыл хорз дыргътӕ. Алы бӕлас, хорз дыргъ кӕуыл нӕ зайы, уый акалынц, ӕмӕ йӕ арты баппарынц. Ӕмӕ афтӕ, сӕ дыргътӕй базондзыстут уыдон» (Матфейы 7:17—20, НФ). Ацы дунейы динтӕ сӕ дыргътӕм гӕсгӕ сты ӕвзӕр «бӕлӕстӕ» ӕмӕ сӕ тагъд Иегъовӕ стыр бӕллӕхы фесафдзӕн (Раргомад 17:16).

13. «Тынг бирӕ адӕм» Иегъовӕйы «паддзахбадӕны раз» ӕмвӕндӕй кӕй лӕууынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Раргомады 7:9—15 дзырдӕуы, «тынг бирӕ адӕм» цӕй фӕрцы фервӕздзысты, ууыл. Уыдон ӕмвӕндӕй лӕууынц Иегъовӕйы «паддзахбадӕны раз», ома сты йӕ хицаудзинады фарс. Уыцы адӕм «цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй», ома ӕмбарынц, Йесойы нывондӕн тӕригъӕдӕй фервӕзын кӕныны тых кӕй ис, уый (Иоанны 1:29). Уыдон сӕхи снывонд кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ равдыстой донаргъуыдӕй. Уымӕ гӕсгӕ уыдон Хуыцауы раз лӕууынц сыгъдӕг цӕсгомимӕ. Афтӕ кӕй у, ууыл дзурӕг сты сӕ урс дарӕстӕ дӕр ӕмӕ йын «ӕхсӕвӕй-бонӕй» кӕй лӕггад кӕнынц, уый дӕр. Куыд дӕм кӕсы, цы дӕ бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй ацы ныхӕстӕ дӕумӕ дӕр ахӕссӕн уа?

Хайджын сты бирӕ хорздзинӕдтӕй

14. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ныридӕгӕн цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты?

14 Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон ныридӕгӕн дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕй сты, уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр уыныс. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы хорз фӕндты тыххӕй куы базыдтай, уӕд бамбӕрстай, адӕммӕ рухс фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Уымӕ гӕсгӕ дӕ цардӕн фӕзынд нысан — ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, уыимӕ ма дын ис дзӕнӕты зӕххыл ӕнусмӕ цӕрыны ныфс дӕр. О, Паддзах Йесо Чырысти тынг бирӕ адӕмы «кӕндзӕн ӕгас дӕтты гуырӕнтӕм» (Раргомад 7:17).

15. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, политикӕ ӕмӕ ӕгъдаумӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый фӕрцы цӕмӕй сты арфӕгонд?

15 «Тынг бирӕ адӕм» арфӕгонд сты, ӕгас зӕххы къорийыл дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн уарзондзинад, иудзинад ӕмӕ фарн кӕй ис, уымӕй. Иу монон хӕринаг кӕй хӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы Ныхасӕй уыцы иу закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Уымӕн хызт стӕм, политикӕ ӕмӕ национализмы аххосӕй цы быцӕутӕ бацайдагъ вӕййы, уыдонӕй. Уыимӕ мах цӕрӕм, Хуыцау йӕ адӕмы цы ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11). Ацы дуне хъаугъаты, быцӕуты ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинады малы аныгъуылди, фӕлӕ Иегъовӕйы адӕм та, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзӕнӕты цӕрынц. Ӕркӕс ма, уый тыххӕй Исайы 65:13, 14 цы дзырдӕуы, уымӕ.

16. Кӕд «тынг бирӕ адӕм» зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр сӕ цы ныфс ис?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕнӕ фыдбылыз не сты. Иннӕ адӕм цӕмӕй тыхсынц, уыдӕттӕй тыхсынц уыдон дӕр. Зӕгъӕм, скӕны сыл уӕззау рӕстӕджытӕ кӕнӕ, адӕмтӕн кӕрӕдзиимӕ тох куы бацайдагъ вӕййы, уӕд ӕнаххосӕй бӕллӕхы дӕр бахауынц. Низтӕ, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр хызт не сты. Фӕлӕ уыдоны ныфс ис, ног дунейы Хуыцау кӕй ныссӕрфдзӕн «алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн» (Раргомад 21:4).

17. Абон ныл цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ӕцӕг Хуыцауӕн чи кувы, уыдонмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

17 Ацы дунейы цард тӕбӕгъы донӕй уӕлдай нӕу. Зӕронд дӕр кӕнӕм, низ дӕр нӕ ӕваст ныццӕвы, бӕллӕхы дӕр бахауӕм, нӕ ныхмӕ дӕр цӕуынц, ӕмӕ адӕттӕй истӕй аххосӕй, мыййаг, цардӕй куы ахицӕн уӕм, уӕддӕр нӕ Иегъовӕ Дзӕнӕты зӕххыл райгас кӕндзӕн (Куыстытӕ 24:15). Ӕмӕ уӕд, Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы монон куывды дарддӕр дӕр минас кӕндзыстӕм. Хуыцауы фӕндтӕ иууылдӕр куыд сӕххӕст уыдзысты, уый нӕхи цӕстӕй куы фенӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы цинӕн кӕрон нал уыдзӕн. Нӕ цин ӕмӕ нӕ уарзт ноджы тыхджындӕр та уӕд уыдзысты, Иегъовӕ нӕ ӕппӕт зӕххон хорздзинӕдтӕй куы бафсада (Исай 25:6—9). Ӕвӕдза, цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуыцауы адӕммӕ!

Цыбыр афӕлгӕст

• Библийы «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй кӕм дзырдӕуы, уым цавӕр стыр цауы кой цӕуы?

• Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыцы «тынг бирӕ адӕмӕй» уӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

• «Тынг бирӕ адӕм» ныридӕгӕн цы хорздзинӕдтӕй сты хайджын ӕмӕ сӕм Хуыцауы ног дунейы цы амондджын цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон дын зынаргъ сты?

[Ныв 123 фарсыл]

«Тынг бирӕ адӕм» ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынц ӕцӕг Хуыцауӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын