ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 7–9
Банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны
Йегъовӕ тынг бирӕ адӕмӕн цӕмӕн арфӕ кӕны?
Уыдон лӕууынц Йегъовӕйы «паддзахбадӕны... раз», ома ӕппӕт зӕрдӕйӕ сты Йегъовӕйы хицаудзинады фарс.
Сӕ уӕлӕ ис «урс дарӕстӕ», ома Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл нымайы ӕмӕ йӕ цӕсты сты сыгъдӕг.
«Ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц», ома Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕдзухдӕр ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй.
Цы хъуамӕ аразон, цӕмӕй тынг бирӕ адӕмы ’хсӕн уон?